ТУРНИР МИНИ-ФУТБОЛÆЙ

Æрвылаз дæр Физкультурничы боны цытæн Дзауы районы уагъд фæцæуынц ерыстæ спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæй. Сæйрагдæр вæййы турнир мини-футболæй. Уымæ гæсгæ йæм командæтæ сæхи фæцæттæ кæнынц сæрмагондæй. Ацы аз дзы хайад райстой 8 командæйы. Хъæзтытæ уагъд цыдысты къуырийы дæргъы. Карз спортивон тохтæ цыдысты алы фембæлды дæр. Цымыдисон рауад 3-аг бынат бацахсыны тыххæй хъазт, цыран фембæлдысты 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы командæтæ – «Фыццаг артиллерион дивизион» æмæ «Знаменск». Хуыздæр ахъазыдысты артиллеристтæ æмæ фæуæлахиз сты 4:3 хыгъдæй.

Спортуарзджытæм уæлдай цымыдисдзинад сывзæрын кодта турниры финалон хъазт, цыран фембæлдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ 4-æм æфсæддон базæйы сæйраг командæтæ. Уыдон ма финалы хъазыдысты ивгъуыд азы турниры дæр. Уæд фæуæлахиз сты уæрæсейаг æфсæддонтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды футболистты фæндыд реванш райсын. Хъазты райдианы хыгъд байгом кодтой уæрæсейаг æфсæддонтæ. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæйы уæнгтæ ноджы стырдæр тыхтæй абырстой размæ. Сæвзæрын кодтой цалдæр тæссаг уавæры пурти бакъуырынæн, фæлæ-иу сæ не спайда кодтой. Хъазты дыккаг æмбисы сын уæддæр бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Фæндыд сæ дыккаг пурти дæр бакъуырын, фæлæ æнæнхъæлæджы контратакæты бауагътой дыууæ пуртийы. Афтæмæй дыккаг аз фæд-фæдыл турниры уæлахиздзау ссис 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы командæ.

Ерысты хайадисджытæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты депутатты къорд Парламены Сæрдар Тадтаты Аланы сæргълæудæй. Уый сæйраг призæй схорзæхджын кодта фæуæлахизуæвæг командæйы.

«Иууылдæр тынг хорз хъазыдысты. Æппæт тыхтæй дæр тырнындтой уæлахизмæ. Уымæй цæвиттон равдыстой районы рæзгæ фæлтæрæн. Дзауы алы хатт дæр бирæ зындгонд спортсментæ уыдис. Æмæ уыцы æвзонг адæм хъуамæ дарддæр кæной районы спортивон традицитæ», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый фехъусын кодта ацы аз ма кæй хъавынц æндæр ерыстæ ауадзын дæр. «Æввхас рæстæджы цытджын æгъдауæй бакæндзыстæм Дзауы астæуккаг скъолайы спортивон зал. Уый цытæн ауадздзыстæм иу турнир. Нырма уынаффæ кæнæм цы спорты хуызæй йæ ауадзæм, уый фæдыл.  Стæй ма хъуамæ футболæй ауадзæм РХИ-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир, кæцы фыццаг хатт ауагътам фарон», – загъта Джиоты Андрей.

Турниры уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæтæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Бæрæг ма æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Уыдон та сты: хуыздæр бомбардир Гæджиты Алан, хуыздæр размæбырсæг Александр Чичко, хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг Хуриты Азæмæт, хуыздæр кулдуаргæс Максим Чистых, хуыздæр хъахъхъæнæг Уанеты Алан æмæ турниры иууыл хуыздæр хъазæгл та нымад æрцыд  Коцты Азæмæт.

ФУТБОЛ

     Национ футболон къорды 4-æм туры Дзæуджыхъæуы командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд Красноярскы «Енисей»-имæ. Хъыгагæн, ныр дыккаг хъазт фæд-фæдыл ирон клубы хъазты фæстиуæгыл бандæвта, йæ хъазæг та сырх карточкæ кæй райста, уый. Фембæлды райдианы фыццаг расгуыхтысты фысымтæ. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ алайнæгтæ бакодтой дзуаппон пурти. Фæлæ фембæлды дыккаг æмбисы райдианы «Алани»-йы хъазæг Багаты Аланæн хъазты тæрхонгæнæг равдыста дыккаг бур карточкæ æмæ йæ арвыста хъазæн фæзæй. Уый фæстæ «Енисей»-æн бантыст ноджды дыууæ пуртийы бакъуырын. Дзæуджыхъæуккæгтæ бæргæ тох кодтой кæронмæ, хъазты кæрон сын бантыст иу пурти бакъуырын. Фæлæ уæдмæ фембæлды рæстæг фæцис æмæ фæхæрд сты 3:2 хыгъдæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.