БОКС

Æппæтуæрæсейон боксы форумы фæлгæтты Калининграды уагъд æрцыд профессионалон боксы изæр.  Боксы шоуы фыццаг тохы рингмæ рахызтысты Дзукъаты Давид æмæ Иван Павловский. Дыууæ боксерæн дæр ацы тох уыд дебютон профессионалон рингыл. Фембæлды регламентмæ гæсгæ хъуамæ уыдаит цыппар раунды. Фæлæ Давид сфæнд кодта тох æмгъуыдæй раздæр фæуын. Уый фыццаг раунды йæ ныхмæлæууæджы æртæ хатты арвыста нокдауны æмæ тæрхонгæнæг аскъуыддзаг кодта тох æрлæууын кæнын. Афтæмæй фыццаг раунды техникон нокаутæй фæуæлахиз Дзукъаты Давид.

Боксы изæры ма хайад райста  WBO версимæ гæсгæ фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Челехсаты Георги. Йæ ныхмæлæууæг уыд Хуссар Африкæйы боксер Сибусисо Принц Дломо. Ирон боксер хъавыд йæ ныхмæлæууæджы нокауты арвитын, фæлæ уый рингыл хорз змæлыд æмæ-иу Георгийы цæфтæ арæх нысанмæ нæ фæхæццæ сты. Тохы кæрон æмбæлон рæстæг куынæ фæуыдаид, уæд гæнæн уыд æмæ африкæйаг боксеры нокаутмæ ар-выстаид. Фæлæ Георги хуыздæр кæй архайдта æмæ фылдæр цæфтæ кæй ныккодта йæ ныхмæлæууæджы, уымæ гæсгæ йæ тæрхонгæнджытæ банымадтой уæлахиздзауыл.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Италийы столицæ Римы уагъд æрцыд уæззау атлетикæйæ Дунейы Кубок. Ерысты 109 кг уæзы категорийы 2-аг бынат бацахста Наниты Тимур 404 кг(182+222) бæрæггæнæн фенын кæнгæйæ. 96 кг уæзы та 3-аг ссис Хуыгаты Хетæг. Уый та дыууæ истæн скодта 362 кг (165+197). 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.