Цытджын ахуыргæндтæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн Зонады боны цытæн!

Ирыстон алыхаттдæр сæрæстыр уыд курдиатджын ахуыргæндтæй, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой истори, археологи, этнологийы æмæ экономикæйы рæзтмæ. Нæ ахуыргæндтæ кусынц ирон æвзаг бахъахъ-хъæнын æмæ рæзтыл, кæцы у ахсджиаг. Не ‘взонг республикæйы зонадон зонындзиндтæ домы экономикæ, кæцы гом кæны ног фадæттæ ног проекттæ æмæ куыстытæ саразынæн, афтæ ма зонадмæ курдиатджын фæсивæды раздахын. Æппæт адæттæ фадат дæттынц кондад æмæ сæу-дæджерад хуыздæр кæнынæн, хъæууон хæдзарады æмæ РХИ-йы æрдзон ресурсты  рæзты фарстатæ сахуыр кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны мæн фæнды æппæт уыдонæн бузныг зæгъын, зонадæн лæггад кæнынынимæ йæ цард чи сбаста.

Мæ цæст уарзы æппæт ахуыргæндтæн, университеты профессорон-ахуырадон скондæн, æппæт уыдонæн, йæ цард зонадæн лæггад кæнынæн чи снывонд кодта, дарддæры æнтыстытæ, æнæниздзинад, фæрныгад, удцырынад  æмæ  оптимизм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.