10-æм апрелы Цхинвалы уагъд æрцæудзæн дунеон турнир боксæй Паддзахад Аланийы кубокыл. Хуссар Ирыстоны спортуарзджытæ бакæсдзысты ирон æмæ фæсарæйнаг боксерты хайадистæй тохтæм. Турниры организатортæ сты Уæрæсейы Боксы федераци, боксерон клуб «Ариана», Хуссар Ирыстоны Боксы федераци РХИ-йы президенты æххуысы руаджы. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы президент Уалыты Альберт. Профессионалон боксы изæр Цхинвалы ныр уагъд æрцæудзæн 4-æм хатт.

«Иу турнирæй иннæ турнирмæ йæ организацион æмвæзад кæны бæрзондæй бæрзонддæр. Стæй сын ис хорз фæстиуджытæ. Зæгъæм, Гасситы Мурат дыууæ хатты хайад райста ацы боксы изæрты æмæ йын уыдон дæр фæахъаз сты йæ профессионалон рæзтæн», – банысан кодта Уалыты Альберт.

Профессионалон боксы изæры организаторты планмæ гæсгæ, турниры фыццаг хатт хайад райсдзысты чызджытæ дæр.

«Фæнд кæнæм турниры программæмæ ноджы иу тох бахæссын, цыран фембæлдзысты бынæттон æмæ новороссийскаг спортсмен-кæтæ. Фæлæ фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ новороссийскаг боксер дызæрдыг кæны цхинвайлагимæ фембæлыныл», – загъта Уалыты Альберт. 

Турниры сæйраг тохы бокс кæндзæн IBF версимæ гæсгæ фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан. Уый акæндзæн рейтингон тох. Нырма Сосланы ныхмæлæууæг бæрæг нæу. «Турниры хайадисæг боксертæй иууыл стырдæр æнтыстытæ ис Тедеты Сосланæн. Æмæ уымæн йæ тох уыдзæн иууыл сæйрагдæр. Фæстаг хатт ма рейтингон тох акодта Дзæуджыхъæуы. Уæд тох рауад тынг уæззау æмæ æндыгъд. Ныфс мæ ис æмæ ныр дæр йæ тох кæй рауайдзæн цымыдисон», – загъта Уалыты Альберт.

Спортуарзджытæм къаддæр цымыдисдзинад не ‘взæрын кæнынц иууыл уæззаудæр уæзы архайæг цхинвайлаг боксертæ Битеты Ричард æмæ Чилæхсаты Таиры тох. Ныридæгæн сæдæгай спортуарзджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц ацы цаумæ. Уыдон кæрæдзи хорз зонынц, фæлæ рингыл æмбæлынц фыццаг хатт.

«Чилæхсаты Таир ныридæгæн профессионалон рингыл ауагъта цалдæр тохы. Битеты Ричард та уыд иу-уыл перспективондæр боксертæй сæ иу. Уый цыма æрдз боксæн сфæлдыста, ахæм физикон бæрæггæнæнтæ йын ис. Иу рæстæджы нал тренировкæ кодта, фæлæ та ныр фæстаг цалдæр мæйы йæхи цæттæ кæнын райдыдта. Мæнмæ гæсгæ, рингыл уыдзæн карз спортивон тох. Ацы ныхмæлæуджытæ сты кæрæдзийы аккаг. Алчи дæр сæ у тынг курдиатджын».  

Æдæппæт турниры уыдзæн 11 тохы. Уыдонæй иу акæндзæн кубæйаг боксер Линар Франсуа Перес, кæцы ныр цалдæр мæйы тренировкæ кæны Дзæуджыхъæуы тренер Сланты Виталийы къухдариуæгады бын. Перес цалдæр хатты уыд Цхинвалы æмæ æвзонг боксертæн ауагъта мастер-къластæ.

Цытджын уазджыты ‘хсæн уыдзысты IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат, WBA версимæ гæсгæ дунейы раздæры чемпион Федор Чудинов æмæ æндæртæ. Сæрмагондæй турнирмæ æрцæудзысты проумотерон компани «Урал Бокс Промоушен»-ы президент Евгений Ваинштейн æмæ Гасситы Мураты менеджер Леонид Каролинский, кæцытæ сæ хъус дардзысты æвзонг боксерты архайдмæ.

«Бирæбæрцæй ацы турниры фæстиуджытимæ баст у профессионалон боксы  йæ хайадисджыты дарддæры хъысмæт. Промоутерон компани «Урал Бокс Промоушен»-ы къухдариуæгад сæ хъус дардзысты боксерты архайдмæ», – загъта Уалыты Альберт.

Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы президент ма радзырдта, боксерты уæзтæ сбарыны процедурæ кæй цæудзæн 9-æм апрелы кафе Винченцойы. Турнирмæ, кæцы уыдзæн спортивон галуан «Олимп»-ы, бацæуæн уыдзæн билеттæм гæсгæ. Сæ аргъ уыдзæн 200 сомы. 

Уалыты Альберт ма фехъусын кодта, УФ-йы боксы федераци кæй рахаста уынаффæ Дзæуджыхъæуы профессионалон боксы центр саразын, кæцы хæссдзæн УФ-йы æмæ РХИ-йы сгуыхт тренер Сланты Виталийы ном.

    ХУРИТЫ  Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.