Ирыстоны спортуарзджытӕн ӕхсызгон уыд, дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурат дыууӕ азы фӕстӕ профессионалон боксӕй рингмӕ кӕй рацыд, уыцы хабарыл.

Ирон боксер фыццаг хъуамӕ стох кодтаид америкӕйаг спортсмен Кевин Джонсонимӕ, фæлæ америкайаг боксер нал сразы ис тохыл. Джонсонӕн фӕзынд проблемӕтӕ документтимӕ. Уый банысан кодта, ома йын нӕ радтой паспорт алиментты фӕдыл хӕсты тыххӕй. Телеканалы информацимӕ гӕсгӕ, Джонсоны бӕсты рингмӕ рахизыныл сразы ис албайнаг боксер Сефер Сефери. 41-аздзыд спортсмен у WBF версимӕ гӕсгӕ интерконтиненталон титулы хицау уӕззау ӕмӕ фыццаг уӕззау уӕзы. Фæлæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Сефер Сеферийы залы уыд коронавирус ӕмӕ Сефер кӕй хъуамӕ бада карантины. Ноджы ма иу аххосаг – уый фӕтарст Гасситы Муратӕй. Æмæ Мураты ныхмӕлӕууӕг сси йе ‘фсымӕр Нури.

Ирон эксчемпион фæстаг хатт тох кодта 2018 азы 21 июлы. Уæд уый фембылд Александр Усикæн тæрхонгæнджыты иумæйаг скъуыддзагæй. Уый фæстæ боксер аскъуыддзаг кодта уæззау уæзмæ ахизын. Фæлæ ног дивизионы йæ дебют цалдæр хатты æргъæвд æрцыд.

Дыууӕ азы дӕргъы Мурат йӕхи цӕттӕ кодта рингмӕ рацӕуынмӕ. Йӕ тренер Сланты Виталиимæ уыцы рӕстӕг бакуыстой ӕмӕ цӕттӕ уыдысты ногӕй ерысты архайынмӕ. Ныхас цыд, кӕд ӕмӕ кӕимӕ хъуамӕ фембӕла Мурат рингыл, ууыл. Цалдӕр хатты ивд ӕрцыдысты, кӕимӕ хъуамӕ тох кодтаид, уыцы ныхмӕлӕуджытӕ.  Хъуыддаг лыггонд ӕрцыд, ӕмӕ 31 октябры йӕ ныхмӕ Сочийы, профессионалон боксы изӕры рацыд албайнаг боксер Нури Сефери. Боксы изӕры сӕ тох уыд сӕйраг.

Нури Сеферийы фӕсномыгӕй хуыдтой «Албайнаг Тайсон», ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, къорд азы размӕ Сефери раздӕр боксы олимпаг хуызы, уый фӕстӕ та профессионалон ринджы, равдыста хорз цӕттӕдзинад. Уыди цалдӕр хатты стыр дунеон ерысты уӕлахиздзау, ӕмӕ кӕд дунеон чемпион не сси, уӕддӕр ын чысыл нӕ бантыст.

Гасситы Муратӕн ӕппӕты уӕззаудӕр уӕзы уый уыд йӕ фыццаг тох. Нури Сеферийӕн та   ацы уӕзы уыд цалдӕр тохы, ӕмӕ кӕд се ‘ппӕты уӕлахиздзау нӕ уыди, уӕддӕр фӕлтӕрддзинад райста.

Гасситы Мурат ӕмӕ Нури Сеферийы ‘хсӕн тох цыди телеканал РЕН-ТВ-йы «Лӕгӕй-лӕгмӕ тохты клуб»-ы чемпионы ном рамбулыныл.

Ерыстӕ кӕм цыдысты, уыцы за-лы изӕрамонӕг куы айхъуысын код-та сӕйраг тохы архайджыты нӕмттӕ, уӕд залы уӕвӕг спортуарзджытӕ уӕлдай ӕхсызгондӕр ӕм-дзӕгъдимӕ сӕмбӕлдысты Гасситы Муратыл. Уый рингмӕ куы рацӕйцыд, уӕд ын йæ зарӕг ныззарыдысты ирон лӕппутӕ. Уыдонӕн дӕр ӕнӕхъӕн зал сарӕзта тых-жын къухӕмдзӕгъд.

Тох хъуамӕ цыдаид дыууадӕс раунды, фӕлӕ рауад хӕрзцыбыр. Фыццаг раунды иу минуты бӕрц дыууӕ ныхмӕлӕууӕджы кӕрӕдзи сгарӕгау куы акодтой, уӕд Гассийы фырт Нури Сеферийыл йӕ уӕззау цӕфтӕ ныккалдта. Бӕргӕ ма архайдта уый Мураты дзӕккор къухтӕй йӕхи бахъахъхъӕныныл, фӕлӕ фыццаг раунд йе ‘мбисмӕ куыд фӕцӕйхӕццӕ кодта, афтӕ йын йӕхи бахъахъхъӕнын нал бантыст. Мурат ӕй ӕвиппайды цы дыууӕ цӕфы ныккодта, уыдонӕй иу ауад йӕ цӕсгомыл, ӕмӕ ууыл тох ахицӕн. Мураты уӕззау цӕфы фӕстӕ Нури Сефери хӕстхъом нал уыд, ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг тох баурӕдта.

Мураты иузӕрдион фарсхӕцджыты уырны, нӕ «Ирон» та ногӕй стыр бӕрзӕндтӕм кӕй схиздзӕн, уый. Гассийы-фырты бахъӕудзӕн цалдӕр рейтингон тохы акӕнын, цӕмӕй дунейы ссӕдз тыхджындӕр уӕззаууӕзонты хыгъдмӕ бахауа, уый тыххӕй. Ацы хъуыддаг аразгӕ уыдзӕн профессионалон боксы ерыстӕ аразджытӕй. Мурат дыууӕ азы фӕстӕ ногӕй йӕ уарзон спорты кӕй ис, уый тыххӕй зӕрдиаг арфӕ ракодта, куыд йӕ тренер Сланты Виталийӕн, афтӕ Уӕрӕсейы боксы федерацийы президент Умар Кремлев ӕмӕ, Сочийы ацы ерыстӕ чи сарӕзта, уыцы телеканал РЕН-ТВ-йы «Лӕгӕй-лӕгмӕ тохты клуб»-ӕн. Уӕлдай зӕрдиаг арфӕ загъта Ирыстоны спортуарзджытӕн.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.