Цхинвалы спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыд дунеон турнир профессионалон боксæй. Комплексмæ æрбацæуæг сæдæгай спортуарзджытæ бакастысты 7 тохмæ. Æмæ кæд сæйраг тох уагъд не ‘рцыд, цыран хъуамæ фембæлдаиккой IBF-ы версимæ гæсгæ, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан æмæ Узбекистайнаг боксер, кæцыйæн йæ документтимæ проблемæ кæй уыдис, уый аххосæй йæ бон не ссис арæны сæртыл рахизын, уæддæр боксы изæр рауад цымыдисон.

Турниры стыр нысаниуæг банысан кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы. «Æвзонг адæмæн, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, махæй алкæмæн дæр ацы турнир у боксы бæрæгбон, кæцы ссис традицион. Ам хайад исынц нæ зындгонд боксертæ», – загъта уый.

Проумотерон компани «Урал Бокс Промоушен»-ы президент Евгений Вайнштейн та загъта:

«Тынг æхсызгон мын у зал йедзаг кæй у спортуарзджытæй, уый. Нæ проумотерон компани дæргъвæтин рæстæджы æмгуыстад кæны боксы клуб «Ариана»-имæ æмæ нын ис хорз фæстиуджытæ. Фидарæй мæ уырны, дарддæр дæр нæ боксертæ размæ кæй цæу-дзысты æмæ сæ тохтæ кæй уыдзысты цымыдисонæй-цымыдисондæр».

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодтой Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылды профессионалон боксы федерацийы президент Сергей Костенко æмæ Анапайы уагъдцæуæг турниры номарæн майдантæ радта президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ æмæ УФ-йы сгуыхт тренер Сланты Виталийæн.

РХИ-йы боксы федерацийы номæй йæ сæргълæууæг Уалыты Альберт бузныг загъта ерысты ауадзынмæ сæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн.

Уый фæстæ райдыдтой тохтæ. Фыццаг уал рингмæ рахызтысты ирон боксер Гуырцъыты Олег æмæ Стъараполы крайы минæвар Малик Богданов. Фыццаг раунды арæхстджындæрæй архайдта Гуырцъыты Олег. Тохы кæронмæ дæр уыд афтæ æмæ ирон боксер нымад æрцыд уæлахиздзауыл.

Дарддæр 18-аздзыд перспективон боксер Тыбылты Александр, кæцыйæн профессионалон рингыл уыд дебют, фембæлд Стъараполы крайы иннæ боксер Михаил Азна-ворянимæ. Александр техникон æгъдауæй уыд хуыздæр цæттæ. Уагъта хорз атакæтæ, кæцытæн тохы кæрон æмбæлон аргъ скодтой тæрхонгæнджытæ уæлахиз ын радтгæйæ.

Фæстæдæр æрцыд историон цау. Фыццаг хатт Цхинвалы профессионалон турниры рингмæ рахызтысты чызджытæ. Хуссарирыстойнаг спортсменкæ Лера Терашвилийы ныхмæлæууæг уыд Хъæрæсе-Черкесийы минæвар Джамиля Саламова. Тохы рæс-тæджы Лера æввахс нæ цыд йæ ныхмæлæууæгмæ æмæ йæ дардæй цавта. Ахæм тактикæ йын разынд фæстиуæгджын æмæ нымад æрцыд уæлахиздзауыл.

«Мæхи хорз бацæттæ кодтон, уымæ гæсгæ æнхъæлмæ кастæн, кæй рамбулдзынæн. Бирæ рæдыдтытæ æруагътон, фæлæ кусдзыстæм, цæмæй сæ сраст кæнæм. Бузныг спортуарзджытæн, кæцытæ мæ разæнгард кодтой уæлахизмæ», – комментаритæ радта Лера Терашвили. 

Чызджыты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райста Хетъеты Орнеллæ, кæцы сæрмагондæй æрцыд турнирмæ. Афтæ ма уый фехъусын кодта, фидæны йæ кæй фæндид РХИ-йы уагъдцæуæг турнирты хайад райсын.

«Фыццаг хатт дæн Хуссар Ирыстоны. Мæ зæрдæмæ ам тынг фæцыд. Турнир та хорз организаци у, цымыдисон тохтæм кæсæм. Ныфс мæ ис фидæны мын ахæм уавæр кæй фæзындзæн, цæмæй хуссарирыстойнаг турнирты хайад райсон. Ныр та уал мæ сæйраг хæс у 2020 азы Олимпион хъæзтытæм бахауын æмæ уый фæстæ та профессионалон боксмæ рахизын», – загъта Хетъеты Орнеллæ. 

Турниры цыппæрæм тохы фембæлдысты Къæбысты Аслан æмæ волгодонскаг боксер Байрам Мухамедов.

Фембæлды хуыздæр архайдта ирон боксер. Уымæн йæ цæфты фылдæр хай хæццæ кодтой сæ нысæнттæм æмæ фыццаг раунды кæрон æввахс уыд йæныхмæлæууæджы нокауты арвитынмæ. Дыккаг раунды кæрон Асланæн бантыст Мухамедовы нокдауны арвитын. Уазæг нокдауны уыд æртыккаг раунды кæрон дæр æмæ цыппæрæм раундмæ рахизыныл нал сразы сты йæ секунданттæ æмæ афтæмæй профессионалон рингыл     4-æм уæлахиз бафтыд Къæбысты Асланы къухты.

Экраныл æвдыст æрцыдысты Зæгъойты Игорь æмæ зынгхуыст Козаты Хетæджы тохты зæронд кадртæ, афтæ ма Гасситы Мураты тохтæй рæсугъд моменттæ. Роликы фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд  Гасситы Мурат æмæ WBA-ы версимæ гæсгæ дунейы раздæры чемпион Федор Чудиновæн. Гасситы Мурат бузныг загъта президентæн спорты размæцыдмæ йæ хайбавæрды тыххæй.

Дарддæр рингыл фембæлдысты ирон боксер Моурауты Хетæг æмæ Магнитогорскæй Артур Юнусов. Фыццаг раунды хуыздæр архайдта Юнусов, дыккаг ра-унды дæр уый уыд рæстдзæвиндæр, фæлæ йæ иу рæстæг Хетæг тынг ныццавта æмæ уый фæстæ тохы цыд цæхгæр фæивта. Ирон боксер ма цалдæр тыхджын цæфы ныккодта йæ ныхмæлæууæджы æмæ уымæн йæ секунданттæ раппæростой урс хисæрфæн. Уый уыд уæззау, фæлæ ирон спортсмены рæсугъд уæлахиз.

Æхсæзæм тохы ерыс кодтой ирон боксертæ Тадтаты Сæрмæт æмæ Краснодары крайы спортивон кад хъахъхъæнæг Дзанайты Алан. Ацы тохмæ цæттæ нæ разынд Тадтаты Сæрмæт, кæцы фыццаг раунды фæстæ афæллад. Раундтæ иууылдæр рамбылдта Дзанайты Алан æмæ йын тæрхонгæнджытæ радтой уæлахиз.

Боксерты архайдмæ йæ хъус дардта иууыл уæззау-дæр уæзы архайæг боксер Чилæхсаты Таир, кæцыйæн иннæ боксер Битеты Ричардимæ инцидиенты фæстæ, йæ бон не ссис турниры хайад райсын. Тренер Сланты Витали Таиры фæхуыдта рингмæ æмæ йын президенты номæй радта æхцайы преми.

Уæдмæ æрхæццæ боксы изæры сæйраг тохы рæстæг дæр. Рингмæ рахызтысты Хуыгаты Алан æмæ Краснодары крайы минæвар Ваге Киракос. Æнæхъæн тохы дæргъы хуыздæр архайдта Хуыгайы фырт æмæ 6 раунды фæстæ уæлахиздзауыл нымад æрцыд. Президент Бибылты Анатоли йæ схорзæхджын кодта æхцайы премийæ. Аланæн ма автомобилы дæгъæлтæ та радта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег. «Æхсызгон мын вæййы Райгуырæн зæххыл бокс кæнын. Мæхи цæттæ кодтон тохы раундтæ иууылдæр акæнынмæ, фæлæ мæ фæндыд нокаутæй рамбулын. Афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ мын тох тынг зын рауад, фæлæ мын æнцон дæр нæ уыд», – банысан кодта Хуыгаты Алан.

Хуыгаты Аланы архайдмæ лæмбынæгæй йæ хъус дардта проумотерон компани «Урал Бокс Про-моушен»-ы президент Евгений Вайнштейн. Куыд рабæрæг, афтæмæй компани фæнд кæны йемæ контракт бафыссын. Уый ма радзырдта, Гасситы Мураты тыххæй сæм цы плæнттæ ис, уый тыххæй.

«Мурат рахиздзæн иууыл уæззаудæр уæзы категоримæ. Ныридæгæн дæр йæ уæз у 110 кг. Дæргъвæтин рæстæджы нæ тренировкæ кодта. Сарæзта дыууæ серьезон операцийы – йæ къух æмæ йæ уæхскыл. Рацыд реабилитаци. Ныр къуырийы фæстæ ацæудзæн Америкæмæ. Æмæ июны мæйы рахиздзæн рингмæ. Нырма тренировкæ кæндзæн Абель Санчесмæ, стæй бакæсдзыстæм, дарддæр дæр уыцы тренермæ цæттæ кæндзыстæм, æви нæ», – банысан кодта Евгений Вайнштейн. 

Боксы изæрæй райгондæй баззад турниры архайæг ирон спортсменты тренер Сланты Витали.

«Турниры организаци æмæ боксерты архайд дæр уыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Хуыздæр архайдмæ æнхъæлмæ кастæн Тадтаты Сæрмæтмæ. Уый размæ дæр ма ацы боксеримæ тох кодта дыууæ хатты æмæ йын уæд дæр фæхæрд. Ногæй та кæй фæхæрд, уымæн йæ аххос у психологи. Мæ зæрдæ мын барухс кодтой Тыбылты Александр æмæ Хуыгаты Алан. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Президент Бибылты Анатолийæн. Йæ хъæппæрисæй радон хатт уадзæм ахæм турнир. Ныфс нæ ис æмæ та иннæ аз дæр ахæм турнир кæй ауадздзыстæм», – радзырдта Сланты Витали. 

Кæронбæттæны спортуарздждытæн ацы спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Бибылты Анатоли. «Турнир рауад тынг рæсугъд. Æцæг спортивон бæрæгбон рауад. Стыр бузныг йæ организатор-тæн, уæлдайдæр та Сланты Виталийæн», – загъта Президент.

Ууыл турнир фæцис, фæлæ спортуарзджытæ цасдæр рæстæджы нæ цыдысты залæй. Уыдон ныхас кодтой æмæ къамтæ истой дунеон боксы стъалытимæ.

МАТЧОН ФЕМБÆЛД БОКСÆЙ

Профессионалон боксы изæры фæстæ дыккаг бон спорты галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд боксæй æвзæнгты ‘хсæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбырдгонд командæты матчон фембæлд. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодтой хæстон архайдтыты рæстæджы фæцæуæвджытæн баххуыс кæныны фæдыл фонды президент  Плиты Мадинæ, РХИ-йы боксы федерацийы президент Уалыты Альберт, Хуссар Ирыстоны Абхазы республикæйы минæвар Елбачиты Алан, спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы сæргълæууæг Бибылты Ацæмæз. Ерысты организатортæн бузныг загъта Абхазы спортивон делегацийы сæргълæууæг, ацы бæстæйы боксы федерацийы президент Альберт Кардиоглы æмæ боксертæн кæй æххуыс кæны, уый цытæн номарæн лæвар радта Бибылты Ацæмæзæн.

Ерыстæм æрбацæуæг спортуарзджытæ федтой 13 тохы. Æвзонг боксертæ равдыстой уæлахизмæ тырнындзинад. Фембæлд рауад цымыдисон.

Матчон фембæлды хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ Кады грамотæтæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.