Цхинвалы уагъд æрцыд дунеон турнир профссионалон боксæй. Ерыстæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой спортуарзджытæм – æрбацыдысты 2 мин адæймаджы бæрц. Дунеон боксерон изæр Хуссар Ирыстоны сорганизаци кодтой «Ирон легион» æмæ «Урал Бокс Промоушен» РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы æххуысæй. Турниры хайад райстой Хуссар Ирыстоны, Уæрæейы, Китайы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты спортсментæ. Боксы изæрмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, компани «Урал Бокс Промоушен»-ы директор Алексей Васильев, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Витали æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Спортивон бæрæгбон байгом кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн.

«Ирыстоны бирæ зындгонд спортсментæ уыд æмæ ныр уыдоны номхыгъдмæ бахаудта Гасситы Мурат дæр. Ныртæккæ Ирыстоны бокс размæ цæуы стыр темптæй æмæ ис бæрзонд æмвæзадыл», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Боксы изæры рингмæ фыццаг рахызтысты Китайы Кубокы уæлахиздзау Хы Дзюндзюн æмæ уæрæсейаг боксер, УФ-йы Универсиадæйы уæлахиздзау Михаил Прокопьев. Ам тыхджындæр разынд китайаг боксер æмæ фæуæлахиз.Боксы изæры  цалдæр зарæджы сæххæст кодтой Цæрыкъаты хотæ.Радон тохы дæр тыхджындæр разынд Ирыстоны минæвар.  Хуыгаты Алан рамбылдта Мæскуыйы областы минæвар Нахабино Норман Аллеры.

Дарддæр дæр рингмæ рахызтысты китайаг æмæ уæрæсейаг боксертæ. Ацы тохы та тыхджындæр разынд уæрæсейаг боксер – æвзæгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты призер Аскер Тамбиев, кæцы фæуæлахиз æвзæнгты ‘хсæн Олимпиадæйы призер Лю Пингыл.   Æртыккаг тохы фембæлдысты дзæуджыхъæуккаг Тадтаты Сæрмæт æмæ Рязанæй боксер Стас Соседов. Сæрмæтæн хорз фадат уыд фыццаг раунды нокаутæй рамбулынæн.   Фæлæ уæддæр дыккаг раунды ирон боксерæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы нокауты арвитын.

Дарддæр спортуарзджытæм æнхъæлмæ каст иууыл уæззаудæр уæзы категорийы тох. Хуссарирыстойнаг боксер Чилæхсаты Таир фембæлд латвийаг боксер Эдгар Калнарсимæ. Æвзонг ирон боксерæн ацы тох рамбулын хъуыд æнæмæнгæйдæр. Æмæ йæ хæс сæххæст кодта тынг хорз. Латвиаг фæлтæрдджын боксеры нокауты арвыста фыццаг раунды. Уый тыххæй йæ бахъуыд æрмæстдæр 36 секунды.

Æмæ мæнæ æрхæццæ турниры иууыл сæйрагдæр тох. Рингыл IBF-ы версимæ гæсгæ фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан фембæлд Узбекистаны чемпион Улугбек Холовимæ. Дыууæ боксер дæр тох райдыдтой хъавгæйæ. Дыккаг раунды Тедеты Сослан йæ темп фæбæрзонддæр кодта. Бантыст ын цалдæр цæфы ныккæнын йæ ныхмæлæууæджы. Уæд бамбарæн уыд, Сослан кæй хъавы æмгъуыдæй раздæр рамбулынмæ. Æмæ йын æцæгæй дæр бантыст йæ разылæууæг нысан сæххæст кæнын. Æртыккаг раунды тыхджын цæф ныккодта узбекаг боксеры игæр æмæ уымæн йæ бон нал ссис тох адарддæр кæнын. Уыцы хабарыл тынг æхсызгонимæ сæмбæлдысты спортуарзджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ Тедеты Сосланы тренер Сланты Витали куыд загъта, афтæмæй Холовыл Сослан куы фæуæлахиз уа, уæд, зæгъ, йæ бон суыдзæн дунеон боксерон супрерсерийы дыккаг сезоны хайад райсын. Дунеон суперсерийы дыккаг сезоны уæлахиздзау та   бацæудзæн дæс тыхджындæр боксеры номхыгъдмæ.

Боксы изæрмæ ææбырдуæджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой дунейы чемпион Козаты Хетæджы рухс ном.

Спортуарзджытæ, иумæйагæй сисгæйæ, тынг райгондæй баззадысты турнирæй. Цы тохтæ федтой, уыдон сæ сыл арф тæлмæнтæ ныууагътой.

Хуриты Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.