2018-æм азы 3 февраль æрмæст Ирыстоны спортивон историмæ нæ бацыд, фæлæ ма Уæрæсейы спортивон историмæ дæр. Боксæй Æппæтдунеон суперсерийы (WBSS) æрдæгфиналон тохы ирон боксер, IBF-версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурат техникон нокаутæй фæуæлахиз кубæйаг боксер, WBA-йы версимæ гæсгæ дунейы чемпион Юниер Дортикосыл. Ацы тох æвæлмастæй никæйы ныууагъта. Уæлдайдæр та ирон спортуарзджыты, кæцытæ бацахстой Сочийы ихылбырæн галуан «Большой»-ы трибунæты фылдæр хай. Уыдон ‘хсæн уыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Дунейы цæрæг ирæттæй Сочимæ æрцæуын кæмæн нæ бантыст, уыдон та сæхицæн æнцойад нæ ардтой сæ телевизорты раз. Æмæ иууылдæр куыд иу, афтæ стыр цинимæ æмбæлдысты Мураты алы æнтыстджын атакæйыл. Æмæ сæ Гассийы фырт дæр фыдæнхъæл нæ фæкодта.

Фембæлды размæ специалисттæ куыд дзырдтой, ома, Мурат фыццаг раундты архайдзæн хъавгæйæ, афтæ дæр рауад. Уымæн æмæ Мурат кæд йæ раздæры тохты физикон æгъдауæй æмæ цæфы тыхæй дæр тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй, уæд ын ныр, æппынкъаддæрæй, æмсæр разынд Юниер Дортикос. Куыд Гассийы фырт, афтæ кубæйаг боксер дæр профессионалты ‘хсæн никуы фæхæрд. Цы 22 тохы акодта, уыдонæй та 21 фæуæлахиз нокаутæй. Уымæ гæсгæ ирон боксермæ æртхъирæн кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг боксертæ базонгæ уыдзысты «Доктор нокаутимæ». Афтæ йæ хонынц фæсномыгæй.

Муратæн ацы тохæн уыд ахсджиаг нысаниуæг дунейы боксы бæрзæндтæм схизыны фæндагыл. Залмæ æрбацыдысты Сочийы боксы дунеон форумы хайадисджытæ – 130 бæстæйæ фылдæры минæвæрттæ, уыдон ‘хсæн 41 Олимпион чемпионы.

Фыццаг раунды Дортикос архайдта активондæрæй, цыд размæ. Мурат фылдæр архайдта йæ ныхмæлæууæджы цæфтæй хи бахизыныл æмæ йын уыцы рæстæджы йæ игæр ныццæвыныл.

Дыккаг раунды ирон боксер чысыл фæактивондæр кодта йæ архайд. Фæлæ та æртыккаг раунды фылдæр цæф кодта Дортикос.   Цыппæрæм раунды дæр Юниер хъавыд Мураты тыхджын цæфтæ ныккæнынмæ, фæлæ ирон боксер цæттæ уыд уыдонмæ. Фæндзæм раунды Мурат рæстæгæй рæстæгмæ цыд атакæйы æмæ йын бантыст ныхмæлæууæджы йæ тыхджын цæфæй нынкъуысын кæнын. Уыцы хъуыддаг ын фæахъаз ноджы тынгдæр йæ тыхтыл баууæндынæн æмæ уæд  Мурат йæ ныхмæлæууæгæн йæ сæры фезмæлдæй цалдæр хатты бамбарын кодта, йæ цæфтæ йын кæй ницы зиан хæссынц, уый æмæ тохыл кæй контроль кæны. Æхсæзæм раунды инициативæ уыд уæрæсейа-джы къухты. Æвдæм раунды цыд позицион тох. Фæлæ та æстæм раунды Дортикос фæактивондæр кодта йæ атакæты. Фарастæм раунды ноджы ирддæрæй разынд, Мурат кæй рамбулдзæн, уый. Уымæн бантыст цалдæр хорз атакæйы саразын. Дæсæм раунды дæр Муратæн бантыст цалдæр хатты йæ ныхмæлæууæджы тыхджын цæфтæ ныккæнын. Иуæндæс раунды та йæ нокдауны фæцæй æрвыста, фæлæ тыхджын цæфы фæстæ Мураты кубæйаг боксер ацахста æмæ йыл æрцауындзæг æмæ уый фæрцы аирвæзт. Фæлæ дыууадæсæм раунды ирон боксерæн уæддæр бантыст нырма дыууæ хатты йæ ныхмæлæууæджы нокдауны, стæй та йæ нокауты арвитын. Дортикос ма рингæй дæр рахауд.

Ацы хабарыл стыр цинимæ сæмбæлд зал, цыран афтæ хъæлæба уыд цины хъæрæй, æмæ бирæтæ куыд дзырдтой, афтæмæй стыр стадионты дæр ахæм хъæлæба никуы вæййы. Ирыстоны дыууæ хайы та, телевизормæ кæсæг спортуарзджытæ рахызтысты уынгтæм. Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты автолыгъдтытæ, чи кафгæ кодта, чи та заргæ æмæ афтæмæй райсоммæ сæ цины хъæлæба, сæ хъæлдзæг худт хъуыст.

Гаситы Мурат та Юниер Дортикосæй байста WBA-йы весримæ гæсгæ дунейы чемпионы рон æмæ ахызт финалмæ, цыран фембæлдзæн украинаг Александр Усикимæ. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, тох уыдзæн 11 майы Саудоваг Аравийы. Фæлæ Уæрæсейы Боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев куыд фехъусын кодта, афтæмæй максимумæй æндавдзысты WBSS-ыл, цæмæй турниры финал дæр уагъд æрцæуа Уæрæсейы. Зæгъгæ, шоуйы тыххæй Саудоваг Арави цы æхцайы фæрæзтæ бафыста, уымæй бафиддзыстæм ноджы фылдæр, цæмæй финал ацæуа Уæрæсейы Боксы боны, кæцы нысан фæцæуы 22-æм июлы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Саудоваг Арави тох ауадзыны тыххæй кæй бафыста иу милуан доллары.

Тохы фæстæ пресс-конференцийы Дортикос нал баурæдта йæ цæссыгтæ. Уый фенгæйæ йæм бацыд Мурат, цæмæй йæ æрсабыр кæна. Фæстæдæр ирон боксер уазæгмæ бацыд уæлæдарæс ивæн хатæнмæ æмæ йын радта WBA-йы версимæ гæсгæ дунейы чемпионы рон, кæцы йын байста ацы тохы.

Гасситы Мурат æмæ Юниер Дортикосы тох тынг фæцыд боксы специалистты зæрдæмæ. Зæгъæм, зындгонд проумотерон компани «Мир бокса»-йы сæргълæууæг Андрей Рябинский дæр радзырдта тохы тыххæй йæ тæлмæнтæ.

«Ацы тох уыд иууыл хуыздæртæй сæ иу,  мæ царды цы тохтæ федтон, уыдонæй. Дыууæ дæр равдыстой диссаджы бокс. Мурат бирæ бафтыдта стратегийы цæстæнгасæй. Зыны йыл стыр тренер Абель Санчесы куыст. Раст стратеги равзæрстой. Бауагътой уал Дортикосы фыццаг номырæй кусын. Фыццаг æртæ-цыппар раунды фембылды, фæлæ афтæ æнæхъуаджы нæ сарæзтой. Æмæ сæ план рауад. Мурат хорз боксер куыд у, афтæ ма у хорз адæймаг дæр. Бирæ хорздзинæдтæ загъта Дортико-сæй æмæ равдыста æцæг раст лæджы уагахаст», – банысан кодта Андрей Рябинский.

Тохæй сæ диссаджы тæлмæнтæ се’рмæджыты равдыстой журналисттæ дæр. Газет «Советский спорт»-ы журналист Алексей Андронов ныффыста: «Фидарæй мæ бон у зæгъын, æмæ Гасситы Мурат удыхъæдæй кæй у Уæрæсейы иууыл фидардæр спортсмен. Рацæудзæн рæстæг æмæ, æвæццæгæн, ацы тохы тыххæй ист æрцæудзысты «Движение вверх»-ы хуызæн кинонывтæ. Мæнмæ гæсгæ, ацы тох хъуамæ уа, куыд ахуыргæнæн чиныг, афтæ».

Газет «Спорт-Экспресс»-ы журналист Андрей Баздрев та йе’рмæджы ныффыста: «Гасситы Мураты ацы уæлахизы атмосферæ нæй гæнæн ныхæстæй равдисын. Ноджы иу стыр момент; ис, кæддæр стыр карьерæ кæй схондзысты, уымæ фæндагыл. Ныр та уал азæй азмæ, тохæй тохмæ кæны хуыздæрæй-хуыздæр».

Юниер Дортикосимæ фембæлд куыд равдыста, афтæмæй Мурат техникон æгъдауæй æфтауы тохæй тохмæ. Кæд, зæгъæм, Денис Лебедевимæ тохы  Мурат йæхиуыл æруагъта бирæ цæфтæ, уæ ныр зынд тренировкæты рæстæджы стыр куыст кæй бакодта хихъахъхъæныны æмæ тактикæйы дæр. Уымæ гæсгæ – ирон спортуарзджыты уырны æмæ Мурат финалон тохмæ кæй бацæудзæн ноджы цæттæдæрæй æмæ кæй суыдзæн турниры уæлахиздзау.

Тохы дыккаг бон изæры Мурат æртахт Беслæнмæ. Аэропорты йыл фембæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ. Боксерæн раарфæ кæнынмæ æрæмбырд сты 3 мин спортуарзæджы бæрц.

Гасситы Мураты уæлахизы цытæн Цхинвалы Президент Бибылты Анатоли мотоклуб «Горный ветер»-ы байкертимæ сарæзта мотолыгъд. Уыдон тырысатимæ рацыдысты республикæйы столицæйы уынгты. Паддзахды сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта: «Мотолыгъд арæзт æрцыд уый тыххæй, цæмæй Мураты уæлахизы циндзинад адих кæной æнæхъæн Цхинвалы цæрджытимæ. Уадз, банкъарой, æз мæхæдæг Сочийы цы эмоцитæ бан-къардтон, уыцы эмоцитæ. Турнир уыд тынг серьезон, суперсери æрæмбырд кодта планетæйы хуыздæр боксерты æмæ уыдон сæхи ‘хсæн равзарынц иууыл тыхджындæр æмæ аккагдæр боксеры. Æмæ ныр ацы серийы финалмæ ахызт не ‘фсымæр  Гасситы Мурат», – загъта Бибылты Анатоли.

Хуриты Батрадз

 

 

 

Санахъоты Юлия

ФÆРНÆЙ ÆМБУЛ!

(Гасситы Муратæн)

Ды царды дæ уæздан æмæ хæдæфсарм.

Нæртон Батрадзау, – сагамад, тыхджын.

Дæ хъуыддаджы ды дæ, мæ хур, æнæмсæр,

Æцæг лæгау сæрыстыр дæ, ныфсджын.

 

Дæу айнæг къæдзæх дзæгъæлы нæ хонынц.

Дæ рахызт рингмæ у хъæддых, æвзыгъд.

Цыма дæ ал’варс уæлдæф, ризгæ, домы:

«Фæндаг уæлахдзауæн, цырд!»

 

Цæугæ хох дæу, мыййаг, мæнгæй нæ хонынц…

Дæ ныфсджын бакаст риу бырау кæны,

Цыма зæгъы: «Дæ тых мæнæн нæу хъомыс»

Стæй райдайыс тымбылкъухæй дæ куыст.

 

Ныхмæлæууæг дæ цæстæнгасæй цуды,

Рентгены тынтау, ахизы лæджы.

Фыдгулыл сæмбæлæт дæ цæф тыхст дуджы,

Йæхимæ, мæгуыр, не ‘рцæуы рæхджы.

 

Уæззау цæф дыл  куы сæмбæлы, æгъатыр, –

Улæфынæн мын нал вæййы уæлдæф.

Уæлахиз кæн æдзух, ирон бæгъатыр!

Бæрзонд Хуыцау дын хорз амонд зæгъæд!

 

Фæрнæй æмбул цыфæнды зын тох рогæй,

Кæнæд дæ тыхтæ бонæй-бон фылдæр!

Дæ æнтыстытыл цин кæндзыстæм ногæй,

Ды та нын спорты хиз уæлдæр, уæлдæр!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.