ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 5-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» 8-æм августы фысымиуæг кодта Краснодары «Кубань»-мæ. Хъазт цыд Грознæйы, цыран Ирыстоны сæйраг командæ ацы сезоны кæндзæн йæ хæдзарон фембæлдтытæ. Хъазты райдианы командæтæ æмæ стадионмæ æрбацæуæг спортуарзджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой 2008-æм азы Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ райдыдта хъазт. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр командæйы сæйраг тренер Гогниты Спартак командæйы раз æрæвæрдта хæс фылдæр атакæ кæныны тыххæй. Уымæ гæсгæ фембæлды райдианы дзæуджыхъæууккæгтæ стыр тыхтæй абырыстой размæ. Фæлæ æнæнхъæлæджы «Кубань»-ы хъазджытæн контратакæйы бантыст хыгъд байгом кæнын. «Алани» бæргæ  фæтыхджындæр кодта размæ йæ абырстытæ, фæлæ хыгъд сæмхуызон кæныны бæсты  хъазты дыккаг æмбисы райдианы ноджы иу пурти бауагътой сæ кулдуары. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ фысымты хъахъхъæнæг Саулохты Давидæн бантыст иу дзуаппон пурти бакъуырын. Уыцы хъуыддаг ноджы тынгдæр сразæнгард кодта алайнæгты размæбырст. Пурти 80% проценты уыд Ирыстоны минæвæрттæм. Фæлæ сын пурти бакъуырынæн цы гæнæнæтæ уыд, уыдонæй-иу не спайда кодтой. Фембæлды фæстаг 15 минутмæ Гогниты Спартак хъазæн фæзмæ рауагъта Гуырцъыты Батраз æмæ Ислам Машуковы. Уыцы къахдзæф разынд раст. Нырма уал 88 минутыл хыгъд сæмхуызон кæнын бантыст Машуковæн. Уымæй иу минут фæстæдæр та «Алани»-йы размæ ракодта Гуырцъыты Батраз. Афтæмæй фысымтæн бантыст фæуæлахизуæвын.  Уый фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 10 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсы 6 бынат.

Радон хъазт дзæуджыхъæуккæгтæ акæндзысты 15 августы Мæскуыйы «Спартак -2»-имæ.

 

ХÆСТОН ÆМБУАРХÆСТ

Спорт

Хæстон æмбуархæстæй архайæг хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой ММА free fighting-йы турниры. Ерыстæ уагъд цыдысты Хъыргъызтаны горæт Чолпон-Атайы. Турниры уæлахиздзау ссис Хъотайты Дэвид. Дыккаг бынат бацахста Оттаты Артур. Ноджы ма иу æвзист майдан рамбылдта Къæбулты Хъазбег.

Спортсменты тренертæ сты Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим æмæ Бестауты Азæмæт.

ХУРИТЫ Батрадз   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.