2008 азы августы тугуарæн, æнæмсæр хæсты фæстæ дæргъвæтин азты дæргъы алыгъуызон дзыллон-информацион фæрæзты мыхуыр бирæ æрмæджытæ æрцыд. Фæлæ кæд 13 азы рацыд, уæддæр августы хæсты фæдыл нырма дæр бакæсæн ис бирæ цымыдисон информаци. Зæгъæм,  Марина Перевозкинайы («МК») интервью (уый хæсты бонты уыд Цхинвалы) гуырдзиаг аналитик Петре Мамрадзеимæ, кæцы алы æмæ алы азты Гуырдзыстоны куыста бæрзонд бынæтты. Интервьюйы банысанчындæуыд, зæгъгæ, 8-æм августы Саакашвили фæнд кодта Цхинвалы центры парад ауадзын…

Уæ размæ уын хæссæм ацы интервьюйæ скъуыддзæгтæ: – 7 августы бонæй, гуырдзиаг журналисттæ сæ зонгæтæн дзырдтой, зæгъгæ, «Райсом уыдзæн Уæлахизы парад. Мах æм иууылдæр нæхи цæттæ кæнæм». Æз, сæрмагондæй, фембæлдтæн нæ журналисттимæ, кæцытæ куыстой фæсарæнты, æмæ уыдоны дæр 7-æм августы Тбилисæй бафæдзæхстой: «Цæттæ ут. Райсом 13 сахатыл комкоммæ æвдисдзыстæм Цхинвалы, уым райдайдзæн Уæлахизы парад». Афтæ ма зындгонд у уый дæр, æмæ 8-æм августы райсомæй Саакашвилийы бардзырдмæ гæсгæ, Тбилисæй кæй рацыд автоколоннæ, цыран ластой сценæ, дыууæ кафедрæйы – президентæн йæхицæн æмæ Санахъоты Димитрæн. 1000 гуырдзиаг æмæ ирон тырысайы, сырх гауызфæндæгтæ – рулонтæй, афтæ ма чызджытæ шпилькæтыл æмæ цыбыр юбкæты. Мæнæн уый тыххæй нæ беседæйы рæстæджы загъта Коба Ликликадзе дæр (радио «Свобода»-йы æфсæддон афæлгæсæг). Батумы сценаримæ гæсгæ план цыд Саакашвилийы раныхас. Уый хъуамæ загътаид ахæм фразæ: «Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ – гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ, Цхинвал сæрибар у!».

ФÆЛÆ РÆСТДЗИНАД ФÆУÆЛАХИЗ – ЗНАГÆН НÆ БАНТЫСТ УÆЛАХИЗЫ ПАРАД АУАДЗЫН

Уый фæстæ хъуамæ раныхас кодтаид Санахъоты Димитр. Уый та ирæттæм хъуамæ æрсидтаид ирон æвзагыл. Æмæ уайтагъд уыдаид фейерверк. Æнæ фейерверкæй гæнæн нæ уыд. Кортежы тыххæй информаци бафидар кодтой æфсæддонтæ дæр. Кортежы федта Нино Бурджанадзейы цардæмбал Бадри Бицадзе, кæцы уым уыд арæнгæрон æфсæдтыл командæгæнæгæй… Æгæрыстæмæй, кортеж бацыд Карелы онг. Кортежы тыххæй йæ чиныджы радзырдта АИШ-ы Паддзахадон департаменты экс-кусæг Рон Асмус. Гуырдзиаг хицауады стыр ныфс уыд кæй фæуæлахиз уыдзæн, уымæй. Æмæ, æгæрыстæмæй, фæнд кодта Цхинвалы парад ауадзын æмæ бацæттæ кодта дыууæ уæзласæн машинæйы, кæцытыл уыд кафедрæтæ, сырх гауызфæндæгтæ, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны тырысатæ… Уæдæ Саакашвили афтæ кæй дзырдта, зæгъгæ, Цхинвалы штурмы тыххæй уынаффæ райстой æнæнхъæлæджы, уæрæсейаг æфсæдтæ Гуырдзыстонмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй сын сæ развæдсгæрст куы фехъусын кодта, уæд, уый раст нæу. Уырны нæ, нырма дæр бирæ цымыдисон факттæ кæй базондзыстæм 2008 азы августы тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.