Токиойы уагъцæуæг Олимпиадæйы фæфылдæр ирон чемпионты номхыгъд. Йæ ном Ирыстоны, афтæ ма дунейы спорты историмæ бахаста Сидахъты Зауырбег. Уый ссис Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау. Зауырбег архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты 74 кг уæзы категорийы. Ацы уæзы архайы бирæ тыхджын богалтæ. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, ирон богал Токиомæ цыд сæйраг фавориты статусы. Хæлттææппæрсты рæстæджы спортивон амонд бахудт Зауырбегмæ. Кæд-иу дунеон ерысты йæ дæлкъордты уыд бирæ тыхджын богалтæ, уæд æм ныр та æрхаудтой лæмæгъдæр ныхмæлæуджытæ. Дунейы ацы уæзы лидертæ Кайл Дейк (АИШ), Магомедхабиб Кадимагомедов (Белоруси), Автандил Кенчадзе (Гуырдзыстон) æмæ Франк Чамизо (Итали) та æрхаудтой иннæ дæлкъордмæ. Уымæ гæсгæ финалмæ цæугæйæ, Зауырбег стыр проблемæтыл нæ сæмбæлд. Нырма уал 12:2 хыгъдæй рамбылдта Аугусто Миданайы (Гвинея-Бисау), фæстæдæр рамбылдта Бекзод Абдурахмановы – 13:6 æмæ æрдæгфиналы та цæттæдæр разынд Данияр Кайсановæй (Казахстан). Фембæлд фæцис 11:0 хыгъдæй. Финалы Сидахъты Зауырбегмæ æнхъæлмæ каст Белоруссийы спортивон кад хъахъхъæнæг дагъыстайнаг богал Магомедхабиб Кадимагомедов, кæцы финалы 1/4 хайы æнæнхъæлæджды стыр хыгъдæй рамбылдта америкæйаг хъæбысæйхæцæг Кайл Дейкы – 11:0. Æрдæгфиналы та 9:7 хыгъдæй фæуæлахиз италиаг Франк Чамизойыл.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ азты Зауырбег æмæ Магомедхабиб кæй фембæлдысты дыууæ хатты. Иу хатт фæуæлахиз ирон богал, иннæ хатт та – Дагъыстаны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинаг.

Олимпиадæйы сæ финалон тох дæр рауад æндыгъд. Фæлæ Сидахъты Зауырбег равдыста фидардæр удыхъæд æмæ арæхстджын хъæбысæйхæст. Иу балл дæр нæ радта йæ ныхмæлæууæгæн, йæхæдæг та систа 7 баллы æмæ афтæмæй фæуæлахиз 7:0 хыгъдæй.

Сидахъты Зауырбеджы æвиппайды уырнгæ дæр нæ бакодта  Олимпион чемпион кæй ссис, уый æмæ ма тренертæ Тедеты Дзамболат æмæ Тедеты Марикы афарста, зæгъгæ, æцæгæйдæр сдæн Олимпион чемпион? Æмæ æвæрццаг дзуапп куы фехъуыста, уæд ноджы тынгдæр бацин кодта. Фырцинæй ма йæ цæссыгтæ дæр æркалдысты. Фæстæдæр йæ социалон хызæджы ныффыста, ома, абон сæххæст йæ бæллиц.

Сидахъты Зауырбегæн йæ уæлахизы цытæн раарфæ кодта Уæрæсейы президент Владимир Путин. «Айс мæ зæрдæбын арфæтæ Токиойы Олимпион хъæзтыты дæ триумфалон ралæуды тыххæй. Ирд чемпионон миниуджытæ равдисгæйæ, ды фæулæхиз тыхджын ныхмæлæуджытыл æмæ хъуыддагæй фенын кодтай, ды иууыл бæзонддæр хорзæхы аккаг кæй дæ, уый. Дæ уæлахизæй бæрæг сфидардæр кодтай уæгъдибар хъæбысхæсты фыдыбæстæйон скъолайы лидерон позицитæ. Мæ зæрдæ дын зæгъы дæрддæры æнтыстытæ!», – дзырдæуы Кремлы сайты хъусынгæнинаджы.

Хуссарирыстойнаг спортуарзджыты зæрдæ дæр Сидахъты Зауырбегæн зæгъы дарддæры стырдæр æнтыстытæ.

 

***

СИДАХЪТЫ ЗАУЫРБЕГ – ОЛИМПИОН ХЪÆЗТЫТЫ ЧЕМПИОН

Уымæй размæ ма ирон боаглтæй бронзæ майдан рамбылдта Найфонты Артур. Уый архайдта 86 кг уæзы категорийы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Найфонты Артур 2004 азы йæ хо æмæ йæ мадимæ кæй бахаудтой Бесланы теракты амынæтæй. Уæд Артур йæ хоимæ фервæзтысты, фæлæ сæ мадæн нæ бантыст сæрыгасæй баззайын. Сидахъты Зауырбег дæр уыцы цаутæ хорз хъуыды кæны. Уый уæд цард Беслæнмæ хæстæг  Зилгæйы хъæуы. Стыр спорты йæ фыццаг стыр уæлахиз уый снывонд кодта Беслæны трагедийы амæттæгты рухс номыл. Ныр та Олимпион хъæзтыты уæлахиз уый снывонд кодта йæ хæлар, легендарон богал Къудухты Бесикы рухм ном арынæн, кæцы трагикон æгъдауæй фæмард 2013 азы кæрон.

Æдæппæт Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты командæ  рамбылдта æртæ сыгъзæрин æмæ дыууæ та бронзæ майданы. Командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй æмбырдгонды раз лæууæг хæс командæ уæлдайджынтæй сæххæст кодта.

Иумæйагæй Токиойы Олимпион хъæзтыты Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой цыппар майданы. Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артурæй дарддæр ма пьедесталмæ схызтысты теннисист Хъæрæцаты Аслан, кæцы æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты бацахста дыккаг бынат, æмæ дзюдоисткæ Таймæзты Мæдинæ, кæцы ссис бронзæ майданы хицау.

Радон Олимпиадæ уагъд æрцæудзæн 2024 азы Парижы. Ома, растдæр 100 азы фæстæдæр, фыццаг хат ацы горæты Олимпиадæ уагъд куы æрцыд, уымæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.