ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 39-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуаты хъазыд «Краснодар-2»-имæ. Фыццаг минуттæй фысымтæ абырстой размæ æмæ афтæ архайдтой хъазты кæронмæ. Дзæуджыхъæуккæгтæ пурти бакъуырыны тыххæй ныхмæлæууæг командæйы кулдуары раз сывзæрын кодтой бирæ тæссаг уавæртæ, фæлæ сæ спайда кодтой æрмæстдæр æртæ хатты. Уазджытæн та бантыст æрмæстдæр иу пурти бакъуырын æмæ афтæмæй хъазт фæцис 3:1 хыгъдæй «Алани»-йы пайдайæн. Алайнæгты сконды расгуыхтысты Бутта Магомедов, Николай Гиоргобиани æмæ Хæдæрцаты Батраз.

Ацы уæлахизы фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 73 очкойы æмæ турнирон таблицæйы дарддæр дæр ахсы 4-æм бынат. 5-æм æмæ 6-æм бынæттæ ахсæг командæтæ «Торпедо» æмæ «Балтика» та фæхæрд сты. Уыдонæн ис 68 æмæ 67 очкойы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уæрæсейы Футболон цæдисы кæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, кæд «Оренбург» æмæ «Алани»-йæн проблемæтæ ис стадионтимæ, уæддæр премьер-къордмæ куы ахизой, уæд сæ бон уыдзæн турниры хъазын.

Радон туры дзæуджыхъæуккаг командæ 2-æм майы ахъаздзæн Калининграды «Балтика»-имæ.

 

БОКС

Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæ Санахъоты Андрей бронзæ майдан рамбылдта 13-14-аздзыд боксерты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Хъæрæсе-Черкесийы столицæ Черкесскы. Андрей архайдта 52 кг уæзы категорийы.

Ерысты ма хайад райстой æмæ сæхи хорз равдыстой Гуыцмæзты æфсымæртæ – Тамерлан æмæ Руслан. Спортсменты тренер у Куымæридтаты Родион.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.