УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг архайдта 110 кг уæзы категорийы. Финалы Сосланы ныхмæлæууæг уыд Мæскуыйы областы минæвар Даниель Джопуа. Фембæлд фæцис 4:1 хыгъдæй.

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæ æнтыстджынæй ауагъта 2020 азы дунейы чемпионатмæ бахауыны фæдыл æвзарæн хъæзтытæ. Уæрæсейæгтæ фыццаг хъазты 3:1 хыгъдæй рамбылдтой Мальтайы, стæй та 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз сты Словенийыл. Афтæмæй, 6 очкойы æрæмбырд кæнгæйæ, Уæрæсейы æмбырдгонд командæ турнирон таблицæйы ахсы фыццаг бынат.

Абон, 30 марты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ уазæгуаты хъаздзæн Словакиимæ.

***

Национ футболон къорды 33-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуаты хъазыд чемпионаты лидер «Крылья Советов»-имæ. Хъазты хуыздæр архайдтой алайнæгтæ, уæлдайдæр та фембæлды дыккаг хай. Фæлæ æнæнхъæлæджы уазджытæн контратакæйæ бантыст пурти бакъуырын. Дзæуджыхъæуккæгтæ та бæргæ абырстой хыгъд сæмхуызон кæнынмæ, фæлæ сын нæ бантыст дзуаппон пурти бакъуырын. Афтæмæй «Алани» фæхæрд 0:1 хыгъдæй.

Турнирон таблицæйы «Алани» дарддæр дæр цæуы 4-æм бынатыл, фæлæ йæм æрбаввахс Калининграды «Балтика». Алайнæгтæн ис 60 очкойы, калининградæгтæ  та æрæмбырд кодтой 58 очкойы.

Радон туры 3-æм апрелы «Алани» уазæгуаты хъаздзæн Астраханы «Волгарь»-имæ.

                                                                                                                       Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.