Рукъаг хъæбатыры маст исынæн…

Байаты Гаппо (Дзæуджыхъæуы хицау чи уыд, уыцы Байаты Гаппо – нæ) уыд Георгийы дзуары кавалер, Ирон бæхджын дивизийы сконды Дунайы хæсты (1877-1878) хайадисæг. Иу карз тохы рæстæджы йæхи аппæрста, йе мзæххонтæй æрхъулайы чи бахауд, уыдонæн æххуысмæ, фæлæ сармадзаны нæмыджы срæмыгъдæй йæ бæх фæмард, йæхæдæг фæцис уæззау цæфтæ. Гаппойы æввахсдæр хæлар, Ирон дивизионы иууыл хуыздæр развæдсгарæг рукъаг Томайты Тæтæрхъан æй йæхи бæхыл сæвæрдта, афтæмæй йæ раирвæзын кодта фæсчъылдыммæ. Туркæгтæ йæ куы фæхатыдысты, уæд сæм бахъуыззыдысты. Тæтæрхъан бæхы ехсæй фæцæфтæ кодта, бæх цæф хæстонимæ куы фæаууон, уæд иунæгæй карз тох самадта туркæгтимæ. Хæст куы банцад, уæд Тæтæрхъаны йæ туджы мæцгæ ссардтой, уацары акæнынмæ йæ чи хъавыд, уыцы бирæнымæц туркæгты мæрдты хсæн, йе хсаргарды фистоныл фидар хæцыд, афтæмæй.

Ирон дивизионы командæгæнæг Еситы Аслæмырзæ фехъусын кодта инæлар Скобелевæн: знаджы æрдонгтæ куынæг æрцыдысты, байстæуыд 17 сармадзаны, 300 æхсæнгарзы, дыууæ тырысайы. Уацары иу туркаджы дæр нæ райстой, уымæн æмæ чидæриддæр сæ къухмæ бахауд, уыдоны иууылдæр ныццагътой хъæбатырæй чи фæмард, уыцы Томайты Тæтæрхъаны маст райсыны охыл…

 

 

Чи сты венгриаг ястæ

Венгриаг Ястæ сты Кавказы централон хайы цæрæг ирæтты комкоммæ тугстæг, кæцытæ сты Асты фæдонтæ. Ястæ Венгримæ фæзындысты сæ рагон æмцæдисонтæ Хъипчахътимæ иумæ 1238 азы тæтæр-монголты ныббырсты фæстæ. Хъипчахътæ æмæ Ястæ æрбынæттон сты Венгрийы, сарæзтой дзы дыууæ цæрæнбынаты. Хæстхъом Ястæ Венгрийы паддзæхтæн хъæбатыр хæстонтæ кæй лæвæрдтой, уый тыххæй сын уыд алыгъуызон хæрзиуджытæ æмæ хатыртæ. Уыцы Ясты фæдонтæ абоны онг дæр бахъахъхъæдтой сæ национ ном, кæд се взаг фесæфтой æмæ венгриаг æвзагыл дзурынц, уæддæр.

 

 

Дæснытæ æви кæлæнгæнджытæ

Ирон адæмы царды рагæй фæстæмæ уыд бынат дæсныфæрсджытæн, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, дæсныфæрсджыты кæлæнгæнджытæй уадиссаг никуы хицæн кодтой. Дæснытæ уыдысты, адæмæн хос чи кодта, уыдон, кæлæнгæнджытæ та, дæсныфæрсыны æфсон, адæмыл хинтæ æмæ кæлæнтæ кодтой.

Геродот куыд зæгъы, афтæмæй ирон адæммæ дæснытæ, арфæтæгæнджытæ, кæлæнгæнджытæ уыд суанг нæ рагфыдæлтæ скифтæй фæстæмæ. Дæснытæ дæсны фарстой донхæрисæй арæзт къæбæлттæ æмæ фаттæй. Стыр бæстытæй-иу сæ зæххыл равæрдтой, стæй сæ иугай æвзæрстой, афтæмæй фарстой дæсны, рынчынæн-иу загътой йæ низыхатт, цы æрцæудзæн, уыдæттæ. Сылкъигонд дæснытæ та фарстой сусхъæды къалиуты бæстытæй.

Всеволод Миллер куыд фыссы, уымæ гæсгæ та ирон дæснытæ дæсны фарстой зæххыл гауыз кæнæ урс зæлдаг хъуымац райтаугæйæ æмæ базыл бадгæйæ. Дæсны та фарстой цыппæргай къæбæлтæй.

 

«Мæхион – мæхи»

Ирон адæмон сфæлдыстады ном Дзамболат зындгонд у, куыд Уастырджийы авд фыртæй сæ иуы ном, афтæ. Фæлæ ис рагон таурæгъ дæр Дзамболаты тыххæй – «Лæджийы фырт Дзамболат». Таурæгъмæ гæсгæ Дзамболат уыд диссаджы хорз цуанон. Иу цуаны рæстæджы бирæгъы дзыхæй байста хæйрæджы лæппыны. Хæйрæг æй ахуыдта хæйрæджыты хæдзармæ. Бафæдзæхста йæ: «Тæрсгæ ма кæн æппындæр, мæнæн ис бирæ тиутæ æмæ бирæ файнустытæ, уыдон дыл фæцин кæндзысты ахсæв бонмæ, лæвæрттæ дын кæндзысты, фæлæ сын сæ лæвæрдтæй бынтондæр мацы баком, цыфæнды дын куы дæттой, уæддæр дзур: «мæхион – мæхи».

Дзамболат бакатай кодта, зæгъгæ, хæсгæ куы ницы акæнон, уæд мæхи цы уыдзæн. Фæлæ бамбæрста, фæллой иууылдæр хæйрæджыты къухы кæй ис, адæм «нал» æмæ «нæй» цæмæй фæзæгъынц, уыдон иууылдæр хæйрæджыты хай кæй фæвæййынц.

Райсомæй Дзамболат куы цыд, уæд æм хæйрæджытæ хæссын райдыдтой алы диссæгтæ, фæлæ Дзамболат ницы комы, «мæхион – мæхи», зæгъгæ, æндæр ницы дзуры. Хистæр хæйрæг нынкъард æмæ Дзамболатæн афтæ зæгъы:

«Дæ бæркад мæ къухы ис. Мæ чындз дын æй бацамыдтаид, æндæр æй ды нæ базыдтаис. Абонæй фæстæмæ дæхи уæд дæ бæркад».

Дзамболат хæдзармæ куы рцыд, уæд бафæлвæрдта, «мæхион – мæхи» цы нысан кæны, уый базоныныл æмæ йæ усæн афтæ зæгъы: «Кæрдзын-ма ракæн».

Ус арынджы ссад балуæрста, дон ыл ныккодта æмæ диссаг, – хыссæ арынджы нал цæуы… Дзамболат куыроймæ иу мæрты дзаг хор арвыста, цæмæй йæ æрыссой, æмæ йын йе ссад хæссынæн ницыуал фæрæзтой. Аходæнмæ-иу кæй бахуым кодта, уыцы хуымы дæр-иу афæдзваг хор æрзад.

 

 

Рохгонд ирон дзырдтæ

 Дзагъадойнаг – дзæнхъа дур.

Дзахана – зындон мæрдтыбæсты.

Дзындзæрду – æрттиваг æрду (сæрыхъуын).

Дзоргъабæх – сираг бæх.

Емылыкк – саргъ æвæрд кæуыл нæма уыд, ахæм бæх.

Залдзæг – æфсæн хæдон, цæгтæй быд.

Залты мит – æнахуыр стыр митуард.

Залун – хингонд.

Золахъ-фæрдыг зынаргъ дуры мыггаг.

Зонгутон – зоныгыл.

Зула – зулцæстæй ракæсын.

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

 ДЫУУÆЙЫ ФАГ ФÆНДАГГАГ

Фыд æмæ фырт кæмдæр балцы уыдысты. Фæстæмæ цæугæйæ сæм фæндаггаг нал уыдис, афтæмæй сбадтысты автобусыл. Автобус хъæумæ куы бахæццæ, уæд фыд раздæр æрхызт æмæ шофырæн афтæ зæгъы:

– Ныххатыр нын кæн, фæндаггаджы фаг æхца нæм нал баззад, æмæ дын иннæ хатт бафиддзынæн.

Шофыр амæсты æмæ лæгæн йе рбадæнтæ къахæй скъуырдта. Лæг æм бахатыд, цæмæй ма йын ноджы иу хатт скъуыра йе рбадæнтæ. Мæсты шофыр та йын дыккаг хатт дæр иу февæрдта къахæй. Лæг йæ фыртмæ автобусмæ дзуры:

– Рахиз, дæуæн дæр фыст у.

 

АХУЫРГÆНÆДЖЫ ДЗУАПП

Иу къласы сывæллæттæ ахуырмæ зивæггæнаг уыдысты. Иу бон сæ ахуыргæнæджы фæрсынц:

– Ахуыргæнæг, ныр нæ математикæ цæмæн хъæуы?

– Æз дзы алы мæй дæр мæ сæдæ сомы исын, сымах цæмæн хъæуы, ууыл та уæхæдæг хъуыды кæнут, – дзуапп сын радта ахуыргæнæг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.