БОКС

Дунейы зындгонд ирон боксер Гасситы Муратæн та фæивта йæ ныхмæлæууæг – уый у албайнаг Нури Сефери. Тох хъуамæ уагъд æрцæуа 31 октябры Сочийы. Раздæр Гассийы фырты ныхмæлæуджытæ хъуамæ уыдаиккой америкæйаг Кевин Джонсон æмæ албайнаг Сефер Сефери. Куыд рабæрæг, афтæмæй Сефер Сефери кæм тренировкæ кæны, уым чидæр фæрынчын коронавирусæй æмæ ныр уый хъуамæ уа карантины.

Тохы организатор уæрæсейаг проумотер Владимир Хрюнов куыд фехъусын кодта, афтæмæй тохы цас къаддæр спортуарзджытæ уа, уыйас хуыздæр уыдзæн.

«Спортуарзджыты хонын телевизорты экрантæм. Тох комкоммæ эфиры уыдзæн РенТв-йæ. Ацы рæстæджы растдæр уыдзæн, цæмæй хæдзары уат. Мах та æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй боксы изæр уа тынг хорз», – банысан кодта Хрюнов.

Ныридæгæн уæй цæуынц билеттæ. Сæ аргъ у  10 мин сомæй 50 мин сомы онг. Æдæппæт тохмæ æрбацæуыны фадат уыдзæн 200 бæрц спортуарзæгæн. 

Гасситы Мурат рингмæ  рахиздзæн зарæг «Сердце осетина»-йы зæлты бын. Уый фыццаг хатт боксы изæры сæххæст кæндзысты зарæджы автортæ сæхæдæг – къорд «Братство».

«Мах фæдзырдтам лæппутæм, кæцытæ бирæ азты иумæ нал зарыдысты. Ацы тох РЦИ-Аланийæн у стыр цау. Уымæ гæсгæ лæппутæ сразы сты зарæг сæххæст кæныныл», – загъта Хрюнов.  

БАЙГОМ УЫДЗÆН ХЪÆБЫСХÆСТЫ ЦÆТТÆГÆНÆН ЦЕНТР

Уæрæсейы национ проект «Спорт – норма жизни»-йы фæлгæтты 2020 азы кæрон Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн спортивон хъæбыхæстæй цæттæгæнæн центр. Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан.

«Центры тренировкæ кæндзысты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй архайæг богалтæ æмæ дзюдоисттæ. Уымæй дарддæр ма дзы кусдзæн тренажерон зал. Афтæ ма ам уыдзæн трибунæтимæ зал æмæ дзы уагъд цæудзысты алыгъуызон спортивон-дзыллон мадзæлттæ. Уый та нын фадат ратдзæн спорты галуан «Манеж» фæсæрибардæр кæнынæн», – фехъусын кодта Хуыгаты Алан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.