Футболæй Уæрæсейы фыццаг къорды 4-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз «Уфа»-йыл. Хъазты сæйраг хъайтар ссис дзæуджыхъæуккæгты хъахъхъæнæг Багаты Алан. Уый ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырдта дыууæ пуртийы. Нырма хыгъд байгом кодта 40-æм минутыл æмæ стæй та расгуыхт 54-æм минутыл. «Алани»-йы æртыккаг бакъуырд пуртийы автор та у Хуыгаты Алан. Фембæлды уæлæмхас рæстæджы фысымтæн бантыст æрмæстдæр иу пурти бакъуырын.

Ацы хъазты фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 8 очкойы æмæ турнирон таблицæйы схызт æртыккаг бынатмæ.

Радон туры алайнæгтæ фысымиуæг кæндзысты Нижнекамскы «Нефтехимик»-æн.

БОКС

Уæрæсейаг промоутер Владимир Хрюнов куыд банысан кодта, афтæмæй боксæй дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат райдайдзæн иууыл уæззаудæр уæзы дивизионы тыхджын боксертимæ æмбæлын.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ Гасситы Мурат у дунейы стыр стъалы. Йæ карьерæ ис ахæм бынаты, æмæ æввахс рæстæджы фендзыстæм йæ хайадистæй бирæ цымыдисон тохтæ. Уый ныртæккæ хъæуы рингыл иу тох акæнын, цæмæй спортуарзджыты зæрдыл ногæй æрлæууой йе ‘нтыстытæ», – загъта Владимир Хрюнов.

Гасситы Мурат 26-æм августы Сербийы рингыл фембæлдзæн америкæйаг боксер Карлоус Уэлчимæ.

«Муратæн мæ зæрдæ зæгъы рæсугъд уæлахиз. Ацы тохы æз уыдзынæн ирон, уымæн æмæ мæ зæрдæмæ цæуы Ирыстон, тынг мæ зæрдæмæ цæуынц ирæттæ», – банысан кодта зындгонд промоутер.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.