ЛÆЦЫ ЗÆППАДЗТÆ

Ирыстоны ис ахæм комбæстæ – Дæргъæвсы ком. Ам хохы тæккæ фахсыл ис рагон дурын зæппадзтæ, кæцытæ бæрæг хицæн кæнынц «Мæрдты горæт»-ы зæппадзтæй. Дардæй кæсгæйæ зынынц, куыд цæрæн хæдзæрттæ, афтæ, фæлæ уыдон сты æнусон æнцойгæнæн бынæттæ.

Уыцы зæппадзты æвæрд æрцыдысты æнæхъæн бинонтæ. Се стджытæ ныр дæр дзæбæх зынынц, сæ удæгасæй кæуылты бахызтысты, уыцы сæрмагонд рудзынггæндтæй мидæмæ кæсгæйæ. Ацы бынатмæ сæ царæфтыд хæстæджытæм бæрæггæнæг чи цыд, уыцы адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ алæвæрдтой ахæм ныхас, цыма зæппадзты цы бынсæфт бинонты мæрдтæ ис, уыдоны хъахъхъæнынц хуыцæуттæ сæхæдæг.

Сыхаг комæй-иу арæх растад тыхдымгæтæ. Уыцы тыхдымгæтæ ахæм тыхджын уыдысты æмæ-иу зæххæй систой æнæхъæн хæдзæрттæ дæр. Фæлæ дурын зæппадзтæ куыд лæууыдысты, абон дæр афтæмæй лæууынц.

Гуццаты Найфат

Иу заманы кæсгон абырджытæ Хуссар-ламардонмæ куы ныббырстой, уæд семæ акодтой Гуццаты мыггагæй иу чысыл лæппуйы æмæ дзы сæхицæн фиййау скодтой. Чысыл лæппу куыдта, тынг мысыд йæ бинонты. Иу рæстæджы йæм æртахт цæргæс æмæ йемæ дзурын райдыдта адæймагау:

– Цæмæн кæуыс?

Чысыл лæппу йæ сæрмæ нæ бахаста, йæ бинонты кæй мысы æмæ уый тыххæй кæй кæуы. Æмæ цæргæсæн загъта:

– Мæ уæрыччытæй иу фесæфт æмæ ууыл кæуын.

Цæргæс зыдта лæппуйы хабар æмæ йæ бафарста ногæй:

– Æмæ дæ дæ бинонтæм нæ фæнды?

– Фæнды, фæлæ уæд мæ уæрыччытæ цы фæуыдзысты?..

– Уыдонæн хицæуттæ ис, ды та сбад ме рагъыл æмæ дæ фæхæссон дæ хæдзармæ.

Цæргæс лæппуйы йе рагъыл сбадын кодта, æрхаста йæ Гуццаты хохы сæрмæ æмæ йæ фæрсы.

– Ныр æй зоныс, дæ хъæу кæм ис, уый?

– Мах дæр уæртæ ахæм хъæды бын цардыстæм. Æмæ уым дæр уыдис уæртæ ахæм мæсыг.

Уæд ын цæргæс иу фыс радта æмæ йын афтæ зæгъы:

– Уæдæ уый у дæ хъæу æмæ ацу уырдæм. Ацы фысæн-иу алы аз дæр цы уæрыкк райгуыра, уыцы уæрыккы-иу хъуамæ скæнай ардæм æмæ-иу мæм скувай.

Уый уыдис цыппар æнусы размæ. Уæдæй фæстæмæ Гуццатæ кувынмæ  цæуынц уыцы бынатмæ æмæ йæ хонынц Гуццаты найфат. Лæппумæ та цæргæсы хуызы æртахт Уацилла йæхæдæг.

Алы аз дæр йæ кувæн бон дзуары лæг ссæуы табуйаг лæгæтмæ, цы ран азæй-азмæ æфснайдæй дарынц бæгæныйы дзаума æмæ дзы алыхатт дæр ныууадзынц, фарон Уациллайы бонмæ кæй бахсыстой, уыцы бæгæныйæ. Уый йæ схæццæ кæны ног бахсидгæ бæгæныимæ, æмæ дзы куывддзау адæмæй хъуамæ баназа алчи дæр.

Уый фæстæ та табуйаг бынаты æфснайд мигæнæны ныккæнынц бæгæны æмæ йæ æнгом æхгæдæй ныууадзынц иннæ азмæ. Диссаг уый у æмæ уыцы бæгæны æнæхъæн афæдзы дæргъы фæлæууы, куыд æй ныккæнынц, афтæмæй, йæ ад æмæ йæ гъæд нæ фесафгæйæ.

Нæлы дзуар æмæ Ныхы дзуар

Нæлы дзуар у лæппутæ чи гуырын кæны, ахæм бардуаг. Бирæ цæвæгджынтæ, хъæддзаутæ æмæ-иу фæдисæттæ цы цы хæдзарæй рацыд, уыцы хæдзары хуыдтой Нæлы дзуарæй арфæгонд амондджын хæдзар.

Ныхы дзуар та у къайады бардуаг. Чындздзон чызджытæ йæм куывтой сусæгæй дæр æмæ æргомæй дæр. Куырдтой дзы хорз мойаг, зæрдæрухс кæмæй уа, ахæм амонд. Чындздзон чызгмæ-иу исчи куы фæмæсты, уæд йæ карздæр æлгъыст уыдаид: «Фыдныхы дзуар фæхæсс!» – ома æвзæр амонд ахæсс, дæ къайадæй фæсмонгонд фæу.

Ирон арфæтæ

*Дæ алы мийы дæр бирæ бæркад уæд

*Æфсатийы хорзæх дæ уæд

*Дæ бинонтæм дзæбæхæй æрбаздæх

*Дзыкка къах фæу

*Нарты Сатанайы къухæй æнтыд фæу

*Сатанайау бæркадкъух дæ Хуыцау скæнæд

*Уæ къахыфыдæбон æмæ уæ уæнгты хъаруйы фæллой мардæн хæлар уæд. *Цардаудæн уыл кæнæд

*Йæ уæлион зæрдæ уæм дарæд

*Чи дын ис, уыдоны хуртæй æфсæст у

*Царды фарн дыл – хæрзаудæн

*Дæ зæрдæйы цы хорз хъуыдытæ ис, уыдон дын сæ къæхтыл рацæуæнт

*Кæй уарзыс æмæ дæ чи уарзы, уыдоны фæндон уæд дæ цард *Æнæфыдбылызæй фæцæр

*Царды уæззау уаргъ хæссын дæ бон уæд

*Дæ рынтæ мæ хæринаг уæнт

*Дæхи рын дæр дæ ма уæд

*Зæдтæ, дауджытæн сæ тыхджындæрты цæстæвæрды у

*Раст лæджы Хуыцау дæр фылдæр уарзы – амонд дæттæг дын уæд *Æвæстагæй дæ Хуыцау бахизæд

Хъæлдзæг хабæрттæ

«Рæдау» фысым

Дыууæ барæджы фæцæуынц æнæзонгæ хъæуы уынгты. Иу хъæздыг лæг рахызт сæ размæ æмæ сæм дзуры:

– Саккаг нæм кæнут, уæ фæллад суадзут,  фыс дæр уын аргæвддзынæн.

– Нæ, стыр бузныг, тагъд кæнæм.

Цæуынц дарддæр. Сæ размæ та рахызт æндæр хъæздыг лæг æмæ сæм дзуры:

– Уазæг – Хуыцауы уазæг. Мидæмæ нæм рацæут, сымах фæрцы мах дæр иу фыс аргæвддзыстæм.

– Нæ, нæ, хорз лæг, æнхъæлмæ нæм кæсынц.

Æмæ ацыдысты дарддæр. Мæгуыр лæг сæм йæ хъус дары æмæ хъуыды кæны: «Мæнмæ  фыс нæй, цы сын хъуамæ аргæвдон, фæлæ сæ иугæр не вдæлы, уæд цæй æз дæр мæхи равдисон, фæхонон сæ, уæддæр не рлæудзысты, æмæ…». Æрлæууыд сæ разы æмæ сæм хаты:

– Рахизут нæм мидæмæ, уæ хорзæхæй, уæ сæрмæ нæ бахæссут, æз уын ныртæккæ иу фыс æрбаргæвддзынæн.

Уæд барджытæ æрлæууыдысты æмæ сæ иу афтæ зæгъы:

– Цæй, ацы лæджы коммæ уæддæр бакæсæм, худинаг у, æнæхъæн хъæу нæм æрхатыдысты æмæ… Стæй ацы фæллад æмæ стадæй фысы фыд дæр æвзæр нæ уаид.

Сæ бæхтæй æрхызтысты æмæ фæрсынц мæгуыр лæджы:

– Нæ бæхтæ кæм абæдтæм, нæ буц фысым?

– Мæнæ ме взагыл, – зæххмæ кæсгæйæ сын загъта мæгуыр лæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.