ТОМАТ (ПЪАМИДОР)

Царды адæймаг иууыл арæхдæр кæмæй пайда кæны, ахæм хæлцадон продукттæй сæ иу у пъамидор. Уый куыд ногтындæй, афтæ æндæр æмæ æндæр хуызты æрцæттæгондæй дæр рафидауын кæны фынг.

Томат у ахсджиаг халсарон культурæ. Йæ хæлцадон гъæд баст у, тынг адджын кæй у, уыимæ, уымæн æмæ у хъæздыг сæкæрæй, минералон цæххытæй, витаминтæ æмæ органикон туаггуыртæй. Йæ дыргъты ис 6,5-7,7 проценты хус буарадтæ, 3-7 проценты – сæкæр, витаминтæ С,В,В2 æмæ А. Ногтынд  томат нымад цæуы, организмы зæрдиагæй чи хъæуы, ахæм продуктыл. Томатæн йæ райгуырæн бæстæ ис Мексикæ æмæ хуссар Америкæйы тропикон бæстæты. Томаты рæзынæн иууыл хуыздæр уавæртæ вæййы, боны хъæрмад 20-25 градусы куы вæййы æмæ æхсæвы та – 10-12 градусы, уæд. Уарзы рухс дæр. Рухс ын фаг куынæ вæййы, уæд йæ рæзынæй æрлæууы. Кæм сагъд вæййы, уыцы мæр æдзух хъуамæ уа уымæл. Уæлдайдæр йæ гагадыргътæ куы райдайынц зайын, уæд. Уый тыххæй сæм æдзух хъусдарын хъæуы, донхæр сæ хъæуы рæстæгыл. Томатты сорттытæ сты бирæ. Ис дзы, рагацау чи сбæззы, ис та – фæстæдæр. Йæ тауинæгтæ йын хъæуы марганцовкæйы 1 процентон донбадты тæнгъæды мидæг ныппарын æмæ сæ бауадзын хъæуы 30 минуты, уый фæстæ сæ байтау. Цæмæй хъæздыг тыллæг райсæм, уый тыххæй бахæссын хъæуы минералон æмæ органикон хъацæнтæ дæр. Томат иууыл тынгдæр  рынчын кæны фитофторозæй. Уый у гриппы низ. Фитофторозæ Хуссар Ирыстоны алы къуымы дæр ис. Низ фыццаг фæзыны сыфтæртыл. Сыфтæртæ æмæ томаты   хъæд райсынц сырх-бурбын хуыз. Уымæлад бæрзонд куы вæййы, къæвдатæ арæх куы вæййы æмæ æхсæв та уазал, уæд низæн уый вæййы иууыл хуыздæр уавæр йæ райтынг кæнынæн. Бон тынг тæвд куы вæййы, уæд низ фæсæтты. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сыфтæрæй низ ахизы дыргъмæ. Фитофторозæ тынгдæр парахат кæны бон æмæ æхсæвы ‘хсæн. Йæ ныхмæ тох кæнын хъæуы афтæ. Фыццаджыдæр, томат картофимæ æввахс нæй садзæн, уымæн æмæ фыццаг фæрынчын вæййы картоф, стæй та томат. Цалынмæ томаты садзæнтæ нæ нысса-дзай, уæдмæ сæ хъæуы бапырх кæнын бордойы 1 процентон донызмæстæй. Низы фæзынд куы фæхатай, уæд спайда кæнын хъæуы Ридомид голдæй. Донызмæст бацæттæ кæнын хъæуы афтæ: 20 граммы Ридомид голд бадон кæнын хъæуы 10 литр доныл æмæ сæ уымæй пырх кæнын хъæуы 10-14 боны иу хатт. Кæд уæм уый нæ уа, уæд та бордойы тæнгъæдæй: 10 литр доныл батайын кæнын хъæуы 100 граммы цъæх хос æмæ 100 граммы та сыгъд чъыр – хицæн мигæнæнты, стæй  цъæх хосы ныккæнын хъæуы чъыры мигæнæны æмæ сæ уымæй бапырх хъæуы. Ног препарат ма рацыдис фитофторозæйы ныхмæ. Фитофит голд 6 граммы 10 литр доныл батайын кæн, уый дæр 10-14 боны фæстæ бапырх кæн дыккаг хатт æмæ уæд уæ халсæрттæ уыдзысты æнæниз. Хуыздæр у пластмассæй мигæнæнтæй пайда кæнын. Маргхимикаттимæ кусыны рæстæджы нæй тамако дымæн, дон нуазæн æмæ кæрдзын хæрæн. Кусæгыл хъуамæ уа сæрмагонд уæлæдарæс.

Тохъмайты Хъазбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.