ИСТОРИОН НЫСАНИУÆДЖЫ ТОХ

2018 азы 21-æм июль бацæудзæн дунейы боксы историмæ. Мæскуыйы боксæй æппæтдунейы суперсерийы финалы фембæлдысты уæззау уæзы категорийы (90,7 кг) иууыл тыхджындæр боксертæ – Гасситы Мурат æмæ Александр Усик. Тохы размæ бæрæг уыд, Мурат та кæй хъавдзæн йæ тыхджын цæфы фæрцы ныхмæлæууæджы нокауты арвитынмæ. Усикы  та ныфс уыд  йæ техникæ, йæ тагъдад, фердæхтдзинад æмæ фæразондзинадæй. Дыууæ боксер дæр тох райдыдтой, сæ разы æрæвæргæ хæстæ æххæст кæнгæйæ. Усик æппæрста бирæ цæфтæ æмæ та-иу ахызт æдас дистанцимæ, Гассийы фырт та агуырдта хорз фадат, цæмæй тынг цæф ныккæна йæ ныхмæлæууæджы. Дыккаг раунды райдианы Гассийы фыртæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы игæр ныццæвын, фæлæ йыл æххæст хорз нæ сæмбæлд. Иннæ раунды дæр Мурат фæлвæрдта Усикы игæр ныццæвынмæ, фæлæ-иу уый йæ цырддзинады фæрцы алыгъд тæссаг моменттæй. 4-æм раунды Мурат, чысыл ма бахъуыд, йæ нысан сæххæст кæна, ныццавта йæ ныхмæлæууæджы сæр, фæлæ уый Муратыл æрцауындзæг æмæ афтæмæй банхъæлмæ каст гонгмæ. Дарддæр ирон боксерæн нæ бантыст йæ темп фæрæвдздæр кæнын æмæ фæхæрд аккаг, фæлтæрд ныхмæлæууæгæн.

Пресс-конференцийы Мурат куыд загъта, афтæмæй тох рауад хорз. «Тынг хорз тох уыд, хорз фæлтæрддзинад райстон. Раарфæ кæнын мæ фæнды Сашæйæн. Федтон, лæмæгъ цы здæхæнты архайдтон æмæ сыл ныр бакусдзыстæм», – банысан кодта Гасситы Мурат.

Тохы фæстæ социалон хызæгты Мурат йæ аккаунты сæвæрдта ахæм пост: «Зынаргь æмбæлттæ! Мæ фарсмæ чи лæууыд, чи мыл æууæндыд, йæ рæстæг «Олимпийский»-йы аренæ, кæнæ экранты раз чи арвыста. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр, ме ‘вварс кæй хæцыдыстут æмæ уæ уыимæ хатыр курын, хабар афтæ кæй рауад, уый тыххæй. Бирæ нæ дзурдзынæн, уымæн æмæ афтæ рауайдзæн, цыма мæхи раст кæнын, æмæ мæхи раст кæнын та тынг нæ уарзын. Æвæццæгæн мæ фæстæмæ алæууынмæ ацы къахдзæф хъуыд,  ныфс мæ ис, уый кæй суыдзæн мæ ног фæндаджы райдиан. Мæ бæллицмæ фæндаг адарддæр уыдзæн!  Мæ хъæбысы уæ кæнын!».

Нæй афтæ зæгъæн, æмæ ацы тохы фæстиуæг Гасситы Мураты фæстæмæ тынг алæууын кæндзæн. Хаттæй-хатт куы фæхæрд уай, уый пайдадæр вæййы рамбулынæй. Æмæ, æвæццæгæн, ныр ахæм цау у. Фидарæй зæгъæн ис, æмæ ацы тохы фæстæ ирон боксер раздæры Мурат кæй нал уыдзæн, фæлæ кæй суыдзæн ноджы тыхджындæр. Гассийы фыртыл цæуы æрмæстдæр 24 азы. Уый та уæззау уæзы боксерæн у сывæллоны кары хуызæн. 31-аздзыд Усикæн та финалы уыд йæ царды иууыл ахсджиагдæр тох, уымæн æмæ йын никуыуал уыдаид ахæм фадат,  Муратæн та йæ спортивон карьерæ ис разæй. Ныр сæйраг фарст у – Мурат иууыл уæззаудæр уæзы категоримæ рахиздзæн æви нæ? Гассийы фыртæн йе спортивон карьерæ фантастикон кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы. Уый ныридæгæн ис дунейы боксы элитæйы. Æмæ нæ ныфс ис, нырма нын бирæ хæттыты фадат кæй ратдзæн сæрыстырæй йæ Ирон схонынæн.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.