Цхинвалы районы цæрджытæн се ‘фтийæгты гуырæнтæй иу у фосдарды къабаз. Хъæууон цæрджытæ дарынц куыд мæргътæ, афтæ стуртæ, фыстæ, хуытæ. Алчи дæр афæдзы дæргъы зæрдиагæй базилы йæ бæрныуæвæг фосмæ холлæгтæй, уый фæстиуæгæн æфты сæ уæзмæ æмæ уыимæ рæзы сæ продуктивондзинад дæр. Æппæт уыдæттæ кæнгæ сты сæ хицауæй, фæлæ ма ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хъуыддагмæ йæ аккаг хайбавæрд хæссы ветеринарон кусæг дæр. Уый уымæн, æмæ фосы æнæниздзинад æмæ йæ продуктивондзинад фылдæр кæнын бирæ кæнгæ у ветфельдшеры æвæллайгæ архайдæй. Растæндæр уый аудгæ ахаст æмæ хъусдарды руаджы фосдарæг райгонд вæййы йæ фосдардæй райсгæ æфтиæгтæй.

Уыцы ахсджиаг фарст зæрдыл даргæйæ, районы ветеринарон кусджытæн (сæйраг ветдохтыр Дудайты Леонид) кæддæриддæр сæ хъусдарды бын сты цæрджыты æмæ фермерон хæдзарадты фос æмæ сын банысангонд æмгъуыдты кæнынц æмбæлон ветеринарон æххуыс. Фæлæ зæгъын хъæуы, фосыл æнæнхъæлæджы дæр бахæцы низ æмæ фæрынчын вæййынц æмæ уæд та бацархайынц, цæмæй йын афоныл схос кæной æмæ йæ дарддæр ма бауадзой парахат кæнын. Хæцгæ низмæ хауы хуыты африкæйаг емынæ, ис ма уæрæсейаг емынæ дæр. Дудайы-фырт куыд загъта, афтæмæй фыццаг низæй хуы куы фæрынчын уа, уæд дзы нал дзæбæх кæны, фæлæ уæрæсейаг емынæйæ ирвæзы, рæстæгыл æм хостæй куы фæкæсай, уæд. Рынчын хуыйæн йæ мидæггаг органтæ фæхъыгдард вæййынц, аскъуыйынц тугдзæуæнтæ æмæ сæ улæфæнтæ тугæй байдзаг вæййынц. Низ парахатгæнджытæй иу у джыбы, уый рынчын хуыйыл куы фæхæцы, уæд атæхы дарддæр æмæ йæ апарахат кæны. Джыбы уыцы вирус хæссы 7 азы дæргъы, низ ма парахат кæны уæлдæфæй дæр.

Районы низ æппæты фыццаг фæзынд июлы мæйы Уанаты хъæуы æмæ дзы амард цыппар хуыйы. Уый фæстæ уырдыгæй рынчын хуы æрбацыд Къохатмæ æмæ уымæй фæрынчын сты æнæхъæн хъæуы хуытæ. Уæд анализтæ арвыстой Свердловскмæ æмæ уырдыгæй цы дзуапп райстæуыд, уым рабæрæг, хуытыл кæй бахæцыд, уыцы æнæхайыры низ. Ацы низ ма ноджыдæр фæзынд Дменис, Андисы хъæуты дæр æмæ сæ хуытæй амард цалдæр. Африкæйаг емынæ кæм фæзына, уым хуытæ дарыны бар нæй 3 азы дæргъы, цæмæй низ фесæфа. Мард хуытæн Къохаты хъæуы рахицæн кодтой бынат æмæ дзы баныгæдтой 109, удæгас дзы чи баззад, уыдон дæр скуынæг кодтой æмæ сæ баныгæдтой. Уый фæстæ сæвæрдтой дезобарьертæ 7 раны, уыцы нымæцы Дменисы æмæ Чысангомырдæм ахизæны, Ереды, Уанаты, Чъехы ахизæны æмæ æндæр рæтты. Бон дыууæ хатты дезинфекци кодтой 3-процентон формалинæй банысангонд бынæттæ. Низ цы хъæуты нæ фæзынд, уым та хъæууон администрациты æххуысæй цæрджыты бафæдзæхстам, цæмæй сæ хуытæ æддæмæ ма уадзой. Дудайты Леонид ма куыд загъта, уымæ гæсгæ карантин нырма нæ систой, уымæн æмæ бæрæг нæу, низ кæронмæ скуынæг æви ма фæзындзæн, уый.

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.