Ацы азы уалдзæг, фæстаг азтимæ абаргæйæ, хъæууон фæллойгæнæджы тынг нæ рæвдауы йæ хъарм, фæлмæн, кусынæн бæзгæ бонтæй æмæ кæд хицæн хъæууонхæдзарадон культурæты байтыдтыты æмгъуыдтæ цæуынц, уæддæр зæхкусæг лæг архайы кусынæн бæзгæ рæстæгæй спайда кæныныл æмæ раздæр цы хъæууонхæдзарадон культурæты байтауын хъæуы, уыдон мæры бын фæкæныныл. Зындгонд у, алы хъæууонхæдзарадон культурæйы байтыдæн дæр агротехникон æмгъуыдтæ кæй ис, фæлæ ма хынцын хъæуы уый дæр æмæ зæхх миты, уазæлтты уацарæй кæй ссæрибар уыдзæн æмæ тауынæн бæзгæ хъæрмад кæд райсдзæн, уымæн дæр.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм, нæ республикæйы территорийыл йæ цæрджытæ арæх-дæр цы хъæууонхæдзарадон культурæтæ тауынц, уыдоны тауыны æмæ сæм куыд зилын хъæуы, уый тыххæй æрмæг.

ПЪАМИДОР

Пъамидоры тауинæгтæ байтауыны размæ хъуамæ зонай, æнæниз сты æви нæ. Цалынмæ сæ сæрмагонд рахицæнгонд бынаты байтауай, цæмæй садзæнтæн сбæззой, уæдмæ сæ баудайын хъæуы доны.

Цæхæрадоны сæ мæры тауын хъæуы 3-4 сантиметры арфæн, се ‘хсæн хъуамæ уа 30 сантиметры, рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн та – 60-70 сантиметры. Алы быны дæр æркæнын хъæуы 1 литры бæрц марганцовкæйы хъарм æмæ лæмæгъ тадтаг. Уый йыл куы ныккæнай, уæд дзыхъхъы æрæппарын хъæуы 3-4 тауинаджы, се ‘хсæн дæрддзæф куыд уа, афтæ. Уый фæстæ сæ хъæуы бамбæрзын  æмæ æр-нæмын мæры.

ДЖИТЪРИ

Джитърийы тауинæгты цалынмæ нæ байтауай, уæдмæ сæ 60 градусы температурæйы хъарммæ бауадзын хъæуы дыууæ сахаты бæрц. Уый фæстæ сæ 12 сахаты дæргъы хъæуы ныккæнын ахæм тадтаджы: 10 граммы калион селитрæ, 5 граммы суперфосфат æмæ 0,2 граммы та марганец. Уыдон схæццæ кæнын хъæуы иу литр доныл. Кæд æмæ уалдзæг фæливæнтæ кæна, хъарм рæстæджы ива уазал рæстæг, уæд чи разадис, уыцы тауинæгты хæццæ кæнын хъæуы, кæй нæ баудæстат, уыцы тауинæгтимæ æмæ сæ уæд кæцыдæр тауинæгтæ ратдзысты зæрдæйыфæндиаг тыллæг. Джитриты тауын хъæуы æрмæстдæр уымæл мæры. Тауинæгты æхсæн хъуамæ уа 3-4 сантиметры æмæ рæнхъыты æхсæн та æрдæг метры. Тауын та сæ хъæуы уæлæнгай – 1-2 сантиметры æрфæн. Уæд æвзартæ мæрæй сæ сæртæ сдарынц 10 боны фæстæ. Уый фæстæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй чи  сзадысты, уыдоны æхсæн уа 10-15 сантиметры.

ХЪÆДЫНДЗ

Хъæдындзтæ цалдæргъуызон сты. Цъæхыгты хуызы кæмæй пайда кæнæм, ахæмтæ райсынæн  пайда кæнæм, 3-4 сантиметры сæ диаметр кæмæн у, ахæм хъæдындзтæй. Развæлгъау сæ æхсæвы баудайын хъæуы марганцовкæйы лæмæгъ тадтагæй. Тауын сæ хъæуы 2-3 сантиметры æрфæн, се ‘хсæн та хъуамæ уа 5-7 сан-тиметры.

Бынтæ чи кæнынц, ахæм хъæдындзтæ байтауыны размæ сæ хъæуы равзарын – хъуамæ ма уой рынчын. Сæ байтауынæй къуырийы размæ хъæдындзты бауадзын хъæуы 35 градусы хъарм уæлдæфмæ 2-3 сахаты бæрц. Уый фæстæ температурæ фæфылдæр кæнын хъæуы 45 градусы æмæ сæ бауадзын хъæуы 4-5 сахаты бæрц. Кæд уæ афтæ бакæнын нæ фæнды, уæд та сæ бауадзын хъæуы марганцовкæйы тадтаджы æмæ сæ баудайыны фæстæ æвзар куы сзыны, уæд сæ хъæуы æвæс-тиатæй тауын. Хъæдындзы лыстæг тауинæгтæ, зæгъæн ис æмæ нæ тæрсынц ихуаæлттæй. Æмæ сæ гæнæн ис уазæлтты рæстæджы дæр байтауын. Астæуккаг тауинæгтæ уазæлттæн афтæ нæ фæразынц æмæ нæ хъæуы тагъд кæнын сæ тауыныл. Афтæ сты хъæдындзы ставддæр тауинæгтæ дæр.

Хъæдындз байтауыны агъоммæ мæры хъæуы схырыз кæнын. Уый фæстæ дзы саразын хъæуы рæнхъытæ, се ‘хсæн 25 сантиметр куыд уа, афтæ . Кæд æмæ мæр хус уа, уæд æй хъæуы донæй бапырх кæнын. Лыстæг тауинæгты ‘хсæн хъуамæ уа 5-6 сантиметры, астæуккаг тауинæгты æхсæн – 8-10 сантиметры æмæ ставд тауинæгты æхсæн та – 12-15 сантиметры. Тауын сæ хъæуы 1-2 сантиметры арфæн. Мæрæй сæ бамбæрзыны фæстæ сыл хъæуы байзæрын зæронд фаджыс, торф кæнæ æндæр хъацæнтæ.

НУРЫ

Нурыты тауынмæ æрæвналыны агъоммæ сæ хъæуы авзарын – хъæнтæ, фæлмæнтæ, лыстæджытæ, раст формæ кæмæн нæй, уыдоны хъæуы ахицæн кæнын. Сæ байтауынæй 2-3 къуырийы размæ сæ хъæуы бавæрын уазалгæнæны, халсæртæн дихгонд асыччы. Уый фæстæ сæ дезинфекци скæныны тыххæй бауадзын хъæуы марганцовкæйы хъæбæр тадта-джы дыууæ сахаты дæргъы. Уый фæстæ сæ хъæуы полиэтилены пакеты нывæрын, цæмæй се ‘взартæ тагъддæр разыной.

Нурыйы тауын хъæуы 5-7 сантиметры арфæн, зæхх куынæуал сæла, уæд. Рæнхъы мидæг тауинагæй тауинаджы æхсæн хъуамæ уа 6-8 сантиметры, рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн та – 20-25 сантиметры. Тауинæгтæн сæ цъуппытæ хъуамæ уой хæрдмæ. Нурыйы æвзартæн тас нæу ихуазæлттæй.

Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ куыд нуры, афтæ хъæдындзы дæр тауын нæ хъæуы хъæдурон культурæтимæ.

ТЪÆПÆН ХЪÆДУР

Тъæпæн хъæдуры тауинæгты тауыны агъоммæ хъæуы 5-10 минуты бауадзын, йæ температурæ 70-80 градусы кæмæн уа, ахæм доны. Цæмæй уыцы дон тагъд ма æруазал уа, уый тыххæй хуыздæр у, цæмæй уа термосы. Хъæдуры тауинæгтæ чысыл куы снæрсынц, уæд сæ æрдæг сахаты бæрц бауадзынц марганцовкæйы тадтаджы, кæцыйæн йæ температурæ вæййы 20-30 градусы. Уый фæстæ тауинæгты ссур кæнынц æмæ æрæвналынц сæ тауынмæ. Тауинæгты тауынц 15-20 сантиметры дæрддзæгæн, 4-5 сантиметры арфæн. Дарддæр сæ бамбæрзынц сыджытæй æмæ сæ бапырх кæнынц хъарм донæй. Стæй сыл байзæрынц хырхæйфадæнтæ 4-5 миллиметры бæзнæн æмæ уый дæр бапырх кæнынц хъарм донæй. Кæронбæттæны байтыдтыты бамбæрзынц пленкæйæ, кæцыйы сисынц хурбонты. Æвзартæ куы сзынынц, уæд сæ бынтондæр айсынц.

НАС

Насы тауинæгты байтауыны размæ сæ хъæуы басгарын, цæмæй æвзартæ  тагъддæр сæвзæрой, уый тыххæй сæ къуырийы бæрц хъæуы хурмæ бауадзын, стæй сæ баудайынц калийы гуматы тадтаджы. Дарддæр сæ батухынц хуылыдз хъуымацы æмæ сæ бауадзынц дыууæ суткæйы. Хъуымац æдзух хъуамæ уа уымæл. Тауыны агъоммæ тауинæгты æрдæг сахаты бæрц бауадзын хъæуы марганцовкæйы 1 процентон тадтаджы. Уый фæстæ сæ ранхъæвзын хъæуы донæй æмæ сæ хъæуы басур кæнын.

Таугæйæ дзыхъхъæй дзыхъхъы ‘хсæн дæргъырдæм хъуамæ уа 1,5 метры, уæрхæрдæм та – 1 метры. Алы дзыхъхъы дæр хъуамæ уа 3-5 тауинаджы æмæ тырнын хъæуы уымæ, цæмæй æндæр æмæ æндæр æрфæнты уой. Цæмæй куы фæсæла, уæд байтыдтытæ иууыл ма амæлой. Тауинæгтæ хъуамæ сагъд уой 8-10 сантиметры æрфæн. Афтæ куынæ уа, уæд дзы бирæтæ мæрæй разынынц æмæ сæ мæргътæ æруидзынц. Æвзартæ куы сзыной æмæ рæз хæссын куы райдайой, уæд дзы ныууадзын хъæуы æрмæстдæр иу кæнæ дыууæ æвзары.

Цæмæй дæ хæдзаргæрон фадыгæй фылдæр тыллæг райсай, уый тыххæй пайда хъæуы иумæ байтыдтытæй, фæлæ ахæм культурæтæ тыллæг ратдзысты æрмæстдæр уæд, кæд æмæ кæрæдзийæн зиан нæ хæссой. Цæвиттон, пъамидор хорз рæзы, хъæдындз, къабускæ æмæ цъæхыгты фарсмæ, фæлæ нæ быхсы, бæрзонд чи рæзынц, ахæм халсарон культурæты. Джитъри та нæ быхсы картоф æмæ тæфгæнаг кæрдæджыты. Цæхæрайæн хорз “сыхæгтæ” сты хъæдындз, джитъри, сыфджын салаттæ. Пъамидор æмæ джитъриты садзынц нуры æмæ булчъы фарсмæ, уымæн æмæ уыдонæй тæрсынц зианхæссæг уырынгонтæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ амындæуы, цæмæй куыд хуыздæр у, афтæ тыд æрцæуой æндæр æмæ æндæр культурæтæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы, афтæ ма сæм æмбæлон уагыл бахæссын хъæуы хъацæнтæ.

Байтыдтыты донхæр кæнын нæ хъæуы, цалынмæ æвзартæ сæвзæрой, уæдмæ. Алы культурæмæ базилынæн дæр ис йæхи хиæдтæ, фæлæ уыимæ иумæ æппæт зайæгойтæн дæр ис иумæйаг фæткойтæ, кæцыты хъæуы æххæст кæнын. Цæвиттон, нæ сæ хъæуы уазал донæй донхæр кæнын. Доны температурæ хъуамæ ма уа уæлдæфы температурæйæ къаддæр. Æмæ, цæмæй ахæм дон дæ къухты бын уа, уый тыххæй йæ ныккæнын хъæуы гуырахстджын донгарзы æмæ афтæ хъуамæ фæлæууа 2-3 боны. Донхæр кæныны хуыздæр рæстæг у райсомæй раджы кæнæ та, хур куы аныгуылы, уæд. Донхæр кæнын сæ хъæуы регулярон æгъдауæй.

Байтыдтыты рæстæгæй рæстæгмæ хъæуы рувын дæр. Фаг у къуыри иу хатт мæр схырыз кæнын. Цас байтыдтытæн сæ уидæгтæ арфдæр ацæуынц мæры, уыйас сæ хъæуы арфдæр рувын. Ахсджиаг у, тæрккъæвдаты кæнæ донхæры фæстæ мæры цъар куы фæхус вæййы, уæд сæ барувын, фæлæ хъæуы арæхстджынæй архайын, цæмæй халсæрттæн, стæй сæ уидæгтæн дæр ма разианчындæуа. Хæмпæлгæрдæгыл дзырд куы цæуа, уæд уыдоны хуыздæр у къухæй стонын, кæд фылдæр рæстæг æмæ хъарутæ хардз цæуы, уæддæр. Уымæй байтыдтытæ тагъддæр рæздзысты æмæ сын сæ хæринаг дæр нæ исдзысты. Байтыдтыты хæмпæлгæрдæгæй ссæрибар кæнын хуыздæр у къæвда кæнæ донхæр кæнынæй иу бон куы рацæуа, уæд.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.