Стæм разындзæн ахæм хъæууон цæрæг, йæ хуымы уырыдзы чи нæ ныссадзы. Ацы халсар уарзынц алы кары адæймæгтæ дæр. Фæлæ бафиппайын хъæуы уый, æмæ хатт цыдæр аххосæгтæм гæсгæ нæ къухты нæ бафты иннæ халсæртты уæлдай уырыдзыйы хъæздыг тыллæг райсын. Уымæн та ис бирæ аххосæгтæ. 

Фыццаджыдæр, стыр нысаниуæг ис тауинагæн. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Тауинаг хъуамæ уа гъæдджын, æлхæнын æй хъæуы сæрмагонд дуканиты кæнæ та ацы куыст чи кæны, уыцы адæймæгтæм. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ тауинагыл ма хъуамæ цæуа 3 азæй фылдæр. Стæйдæр хъуамæ æфснайд уа хус бынаты, науæд кæд сывзæра, уæддæр уыдзæн хуыздæрхъуаг. Къаддæр нысаниуæг нæй, цы мæры йæ байтауат, уымæн æмæ мæйы къæлиндармæ гæсгæ цы бонты, уый дæр. Байтыдтытæ кæй нæ сывзæрынц, уый аххосаг гæнæн ис æмæ уа æгæр хус кæнæ та æгæр умæл зæхх.

Цæмæн афæды, ома, аскъуыдтæ вæййы уырыдзы? Ам йæ сæйраг аххосаг гæнæн ис æмæ уа, æгæр æй кæй донхæр кæнут, уæлдайдæр, хус рæстæджы фæстæ, науæд та йæм цас хъæуы, уымæй фылдæр бахастат азот.

   Вæййы  афтæ, æмæ йæ уæллаг хай куы фæцъæх вæййы. Уый та нысан кæны, æмæ дзы кæй æртымбыл хъæстæ буарад – соланин, æмæ хуыздæр уаид ахæм халсарæй ма спайда кæнын. Уымæ гæсгæ йыл рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы сыджыт æр-басчъил кæнын, цæмæй хурмæ ма судза.

Уырыдзы мах куыд уарзæм, афтæ йыл иузæрдион сты бирæ алыхуызон зулчъытæ дæр, уыдон сты æндæр бирæ хæцгæ низтæ парахатгæнджытæ дæр æмæ сæ ныхмæ хъæуы тох кæнын, науæд фесафдзыстут уæ тыллæджы иу хай. Тыллæг аивæрзын кæныны иууыл æдасдæр фæрæзтæй иу у сапоны донæй сæ бапырх кæнын. Уый тыххæй 300 грамм 72%  хæдзарадон сапон батайын кæнут 2 литры хъарм доны. Стæй уымæ бафтаут 8 литры дон æмæ сæ уы-мæй бапырх кæнут. Уæ бон у æмæ ма ацы тæнгъæдмæ бафтауат 200 граммы хус тамако дæр, науæд та 300 граммы фæнык, тæвд доны рахсидгæйæ.

Мах арæх фенæм зылынтæ æмæ сыкъаджын уырыдзытæ. Ахæм тыллæгмæ та зæрдæ нæ фæрайы. Æмæ уый зылдцухы аххосаг нæу, ахæмтæ гæнæн ис æмæ æрзайой куыд райдайæг, афтæ фæлтæрд халсаркуыстгæнæджы цæхæрадоны дæр. Уымæн та йæ аххосаг вæййы, рæстæгæй раздæр йæ куы байтауай, ома, цалынмæ зæхх нæ схъарм вæййы, уæдмæ. Науæд та йæ куы байтауат хъæбæр кæнæ та уæззау æлыг мæры, уæд афтæмæй рæзгæ-рæзын ныз-зыкъуыритæ вæййы. Йæ иннæ аххосаг та у, хъацæнтæ йæм афоныл æмæ раст куы нæ бахæссат, уый. Уырыдзы нæ уарзы ног фаджыс æмæ пайдагæнæн ис, æрмæстдæр фæнычы хуызæн чи суа, ахæм хъацæнæй. Нæ уарзы азот дæр, ацы хъацæн æй хъæуы, цалынмæ нæрсын нæ райдайа, уæдмæ, науæд стыр кæндзæн йæхæдæг нæ, фæлæ йæ сыфтæ. Бирæ уидагон культурæтæн иу ранæй иннæ ранмæ рахæссæн æмæ ныссадзæн ис, фæлæ уыцы хъуыддаг уырыдзы нæ уарзы, уæд йæ уидæгтæ ныппæлæхсар вæййынц æмæ фесафы йæ товарон хуыз. 

Æмæ, сæйраджыдæр, хъуамæ зонат, цы садзут, уый. Тауинаг та хъуамæ уа гъæдджын, низтæн фидар, цы сорт у, гибрид у æви нæ, уый хынцгæйæ. Стæй цы мæры йæ фæнд кæнут байтауын, уымæн йæ туагад цас у, æмæ цы хъацæнтæ бахæссынмæ хъавут, уыдон сконды ма хъуамæ уа хлор. Уырыдзы хорз зайы, раздæр  пъамидортæ, хъæдындз, салат,  джитъри æмæ картоф цы ран тыд уыд, уыцы зæххыл.  Науæд та дзы развæлгъау байтауын хъуыд сидераттæ. Уыдон мæр кæнынц хæмпус æмæ йæ схъæздыг кæнынц алыхуызон микро æмæ макроэлементтæй. Къаддæр нысаниуæг нæй донхæрæн дæр. Ацы культурæ йæ байтауыны фыццаг рæстæджы уарзы дон, уый фæстæ йæ фæкъаддæр кæнын хъæуы æмæ куы нæрса, уæд та йæ бынтондæр нæ хъæуы донхæр кæнын. Стæй йын иу бынаты садзæн нæй æввахс 5-6 азы.

 ЛОХТЫ Джамбулат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.