Адæймаджы æнæниздзинадæн тамако дымын стыр зиан кæй хæссы, уый зоны махæй алчидæр. Фæлæ йæ ныууадзой, кæнæ йæ дымын ма райдайой, уыцы тых æмæ нæ зонд алкæмæ нæ разыны. Иутæ йæ куыд дымдтой, афтæ йæ дымынц дарддæр, æндæртæ та, уыдонмæ кæсгæйæ, æмхиц кæнынц уыцы мæгуырау цайдагъдзинадмæ.

Тамако куы фæзынд, уæдæй нырмæ йæ зианхæссæг миниуджыты тыххæй кæд зынгæ ахуыргæнд-тæ, медицинон кусджытæ æмæ, æгæрыстæмæй, тамако чи дымы,  йе ‘нæниздзинад дзы чи фесæфта, уыдон сæ хъуыдытæ фæзæгъынц, уæддæр тамакодымджыты нымæц нæ къаддæр кæны. Абон æз нал дзурдзынæн, тамако дымын адæй-маджы æнæниздзинадæн цы стыр зиан хæссы, ууыл, зæгъдзынæн йе ‘ндæр мæгуырау фæстиуджыты тыххæй. Хицæн адæмы æнæниздзинадæй дарддæр ма тамако стыр зиан хæссы æнæхъæн адæмы æгъдау æмæ цардуагæн, генон сыгъдæгдзинадæн. Афтæ мæм кæсы, æмæ æргомæй, адæмы ‘хсæн тамако сисын æмæ дымын худинаг хъуамæ уаид, фæлæ йæ бирæтæ та сæрыстырæй фæдымынц.

Саби йæ цæстæй цы фæуыны, ууыл тагъддæр цайдагъ кæны. Уæдæ тамакодымæгмæ уый куы фæкæсы, уæд æй кæддæр бафæнды тамако йæ къухмæ райсын. Афтæмæй фæлтæрæй фæлтæрмæ  хæлд цæуы æрмæст адæймаджы æнæниздзинад нæ, фæлæ ма æгъдау æмæ нæ алфæмблайы сыгъдæгдзинад хъахъхъæныны фæткойтæ дæр.

Арæх зианы фынджы хистæр бафæдзæхсы адæмы, зæгъгæ, тамако дымын æмæ зианы фынгæн иумæйагæй ницы ис, æмæ цалынмæ фынгыл бадут, уæдмæ уæхи фæуромут. Æмæ, æцæ-гæйдæр, зианы фынгыл тамако сисын æмæ дымын у худинаг.  О, фæлæ, кæд иутæ йæ дзырдтæн скæнынц æмбæлон аргъ, уæд чидæртæ та, цыма хъусгæ дæр ницы фæкæнынц, уыйау цалдæр агуывзæйы фæстæ тамако тамакойы фæдыл райдайынц дымын. Æмæ кæд æрцыдтæ зианджынæн балæггад кæнынмæ, зианы ном ссарынмæ, уæд уым тамако дымынæй хъæуы хиуыл фæхæцын. Фынгыл тамако дымынæй æрмæст зианджын æмæ зианы кад нæ дæлæмæ кæнут, фæлæ ма уæхи адæймагдзинад дæр.

Тамако дымын стыр зиан хæссы нæ алфæмблайы сыгъдæгдзинадæн. Бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты бахизæнты, тротуарты, æрлæууæнты æмæ, æгæрыстæмæй, лифтыты дæр арæх фенæн вæййы тамакоты сыгъдæттæн.  Улæфæн бынæтты бандæтты фарсмæ кæд æвæрд ис бронкалæн асыччытæ, уæддæр сæм тамакойы сыгъдæттæй бацæуæн дæр нал вæййы. Уыцы мæгуырау миниуæг никæй зæрдæмæ цæуы, уæлдай мæгуыраудæр цæстæн-гасæй та йæм акæсынц, фæстаг азты нæ горæтмæ цы бирæнымæц уазджытæ æрцæуы, уыдон, æмæ уый дæр у ахъуыдыйаг. Цæмæй дарддæр афтæ ма уа, уый тыххæй горæты разамынад, йæ тыхон структурæтæ хъуамæ исой хъæуæг мадзæлдтæ æмæ кæм не ‘мбæлы, ахæм бынæтты ма дæттой тамако дымыны бар.

Раздæры азтимæ абаргæйæ, нæ республикæйы рынчындонмæ цæуы фылдæр рынчынтæ. Уыдоны фылдæр хай сты, тамако дымæн бынтондæр кæмæн нæй, ахæмтæ. Рынчындоны алы уæладзыджы дæр ис балкъон. Рынчынтæ рахизынц балкъæттæм æмæ дзы кæд алы уæладзыджы дæр æвæрд ис асыччытæ, уæддæр тамакодымджытæй бирæтæ сæ тамакойы баззайæццаг аппарынц, кæдæм не ‘мбæлы, уырдæм. Уый та æвдисæн у адæймаджы æнæхсæстдзинадæн, аннæмæй та нæ аргъ кæны æфснайæджы куыстæн æмæ ма æрцæуæджы цæсты æфтауынц æгас адæмы дæр.

Ацы фарсты тыххæй ма уый зæгъдзынæн, æмæ бирæ бæстæты,   бирæ адæмтæ карз тох расидтысты тамако дымыны ныхмæ. Цæмæннæ ис гæнæн, æмæ æхсæнадон бынæтты ма уа тамако дымыны бар?

Нæ горæты бирæ рæтты цæрджытæ, уæлдайдæр та фæсивæд изæрыгæтты амбырд вæййынц. Уым мæгуырауæй ницы ис, фæлæ мæ фыдгул дыккаг бон бакæсæд бирæ ахæм бынæттæм. Тамакойы сыгъдæттæ, сыгъд тамакотæ, сæ афтид къоппытæ æмæ æндæр брæттæ ныууадзынц сæ фæстæ. Ахæм ныв арæх фенæн вæййы Нæузæххонты уынджы дæр. Кæд сын хистæр кары æмбæстæгтæ се ‘нæуаг миты тыххæй бауайдзæф кæнынц, уæддæр хатдзæгтæ нæ саразынц.

Бирæ дзырд цæуы æвзæр цайдагъдзинæдтæ скуынæг кæныныл, хи дарыны уагыл, фæлæ æрмæст дзурын фаг нæу, хъæуы архайын, конкретон мадзæлттæ исын æмæ, сæйраджыдæр та кæстæртæн хорз цæвиттон æвдисын.

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.