Советон Цæдисы рæстæджы алкæцы скъоладзау дæр зыдта Зоя Космодемьянская, Павлик Морозов, Павел Корчагин, Олег Кошевой, Ульяна Громова æмæ æндæрты  сгуыхтдзинæдты тыххæй. Фæлæ ныр афтæ нал у, абоны скъоладзуатæ ацы хъайтарты тыххæй бирæ ницы зонынц. Фæлæ 40-50 азы размæ алы скъолайы дæр конд уыдысты сæ нывтæ. Афтæ уыд Дзауы скъола-интернаты дæр. Кæд абон Дзауы скъола-интернаты æртæ уæладзыгон бæстыхайæн йæ кой дæр нал ис, ныппырх зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, уæддæр абоны онг дæр мæ цæстыты раз лæууы 1-æм уæладзыджы ацы æвзонг хъайтартæн цы егъау нывты стенд уыд, уый.

Адæмы алы фæлтæртæн дæр ис йæхи хъайтартæ, кæцытæ Райгуырæн бæстæйæн уæззау рæстæджыты цæттæ вæййынц йæ бахъахъхъæныны сæраппонд сæ цард радтынмæ дæр. Советон Цæдисæн иууыл уæззаудæр фæлварæн ссис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уый уыди Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинады, адæймаджы хъæддыхдзинад сбæрæг кæныны фæлварæн. Иумиаг Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæрыл тох кодтой æрмæст хистæр кары адæм нæ, фæлæ бынтон æвзонг адæймæгтæ дæр. Уыдонæй сæ иу у, абон мæ дзырды сæр кæуыл у уый, – 18-аздзыд Зоя Космодемьянская. Уый ссис Советон Цæдисы фыццаг сылгоймаг-хъайтар. Ацы æвзонг чызджы сгуыхтдзинад советон адæмы бирæ фæлтæртæн ссис удуæлдайдзинады æмæ æхсардзинады цæвиттон. Уый зыдта, мæлæты фæндагыл лæуд кæй у, фæлæ нæ фæтасыд æмæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл бафыста стыр аргъ – царды йын иууыл зынаргъдæр цы уыд, уый – йæ цард. Æмæ йын Райгуырæн бæстæ дæр аккагæй банысан кодта йе сгуыхтдзинад.

Зоя Космедемьянская райгуырд 1923 азы 13 сентябры Тамбовмæ æввахс чысыл хъæу Осинов Гайы. Йæ ныййарджытæ Анатоли æмæ Любовь уыдысты ахуыргæнджытæ. 1929 азы бинонтæ ацыдысты Сыбырмæ æмæ æрцардысты чысыл хъæу Шиткинойы. Фæлæ ам дæр бирæ нæ баззадысты,  ацыдысты Мæскуымæ æмæ цардысты горæтгæрон Тимирязевы паркы цур. Зоя ахуыр кодта 201-æм скъолайы, цыран каст фæцис фараст къласы. Ныр уый у гимнази æмæ йын лæвæрд æрцыд Зоя æмæ Александр Космодемьянскийы ном. Чызг ахуыр кодта тынг хорз, фылдæр уарз-та литературæ æмæ истори. Бæллыд Литературон институмæ бацæуын. 1938 азы бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Фæлæ институтмæ бацæуыны тыххæй йæ бæллиц нæ сæххæст, Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæй райдыдта, уымæ гæсгæ. Зоя аскъуыддзаг кодта, иуварс кæй нæ лæудзæн  æмæ 1941 азы 31-æм октябры дыууæ мин фæскомцæдисонты нымæцы лæууыд æрсидæн пункты, кæцы куыста кинотеатр «Колизей»-ы. Уым æмбырд кодтой курсантты диверсион скъолайæн. Уæздæттæконд чызджы, кæцы хæрзæрæджы уыд менингитæй рынчын, нæ фæнд кодтой райсын, фæлæ уый  æгæр фæндвидар разынд. Æмæ кæд фыццаг рады спортсменты – тыхджынты истой, кæцытæн сæ бон уыд цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизын, уæддæр Зояйы дæр райстой. Уайтагъд сæ бафæдзæхстой, зæгъгæ, диверсион куыст у æцæг мæлæты хуызæн, уымæн æмæ знаджы фæсчъылдыммæ кæй барвитынц, уыдонæй  сæрæгасæй баззайы æрмæстдæр 5 проценты. Иннæтæ гæнæн ис æмæ бахауой уацары æмæ ныхмæлæуджы къухæй амæлой.

Зоя рацыд цæттæдзинад æмæ йæ арвыстой Ныгуылæн фронты диверсионразвæдсгарæн къордмæ. Иннæ диверсанттимæ чызг бахауд знаджы фæсчъылдыммæ, фæлварæн хæслæвæрдимæ, кæцыйы рæстæджы хъуамæ минæтæ сæвæрдтаид Волокаламскмæ æввахс фæндагыл. Къорд йæ хæслæвæрд сæххæст кодта тынг хорз.

Зоя Космодьемянскаяйы сгуыхтдзинад

Къорды раз æрæвæрдтой ног хæс – 5-7 боны дæргъы дæс цæрæн пункты скуынæг кæнын, цыран æрбынат кодтой немыцæгтæ.  Ацы дæс хъуамæ мачиуал уыдаид, фæлæ цæрджытæн сæ бон не ссис эвакуаци скæнын. Къорды хæстонтæй алчидæр райста зынгæфтауæн хæццæимæ авг. Партизантæ архайдтой 0428 номыры бын Сталины Бардзырдмæ гæсгæ, кæцымæ гæсгæ знагæн хъуамæ сарæзтаиккой «сыгъд зæххы» политикæ. Фашисттæ бырстой æппæт здæхтыты дæр, æмæ сæ хъуыд куыдфæндыйæ дæр æруромын æмæ уый тыххæй та хъуыд немыцаг фашистты æнæ цардуагон объекттæй ныууадзын. Бирæтæ Сталины ацы бардзырд нымадтой тынг  æгъатыр æмæ æнæбындуроныл, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд. Немыцæгтæ лæууыдысты Мæскуымæ бацæуæны, æмæ æппæт тыхтæй дæр спайда кæнын хъуыд, цæмæй столицæйы ма бацахстаиккой. Развæдсгарджытæ хæслæвæрд сæххæст кæ-нынмæ рацыдысты 1941 азы 21-æм ноябры, уæд ма тохтæ цыдысты Можайск, Волоколамск, Тихорецкы сæрыл дæр. Арæзт æрцыд дыууæ къорды фæйнæ дæс адæймаджы скондæй. Зоя уыд 2-аг къорды сконды. Головковойы хъæумæ æввахс развæдсгарджытæ бахаудтой æрхъулайы. Хæстонты иу къорд фæмард бынаты, иу хай та дзы уацары бахауд. Цы хæстонтæ ма дзы баззад, уыдон æрбаиу сты иу къорды Борис Крайновы сæргълæудæй  æмæ бамбæхстысты хъæды. Уыдон райстой уынаффæ хæслæвæрд сæххæст кæныны тыххæй.

1941 азы 27 ноябры Борис Крайнов, Василий Клубков æмæ Зоя Космодьемянская бацыдысты Петрищевойы хъæумæ, кæцыйæ фашисттæ пайда кодтой, куыд транспорт æрвитынæн, афтæ. Зоя басыгъта æртæ хæдзары, кæцытæй иу уыдис бастдзинады æлхынцъ æмæ иннæты та æрбынат кодтой немыцæгтæ. Чызджы къухтæй фæмард сты 20 бæхы, кæцыты хъуамæ арвыстаиккой фронтмæ. Партизантæ бадзырдтой снысангонд бынатмæ æрæмбырд уæвыны тыххæй, цæмæй бадзырдтаиккой дарддæры архайдтыты тыххæй. Фембæлды бынатмæ æрбацыд Крайнов, фæлæ никæмæ банхъæлмæ каст æмæ ацыд фæстæмæ. Клубков бахауд уацары. Зоя иунæгæй дарддæр æххæст кодта хæслæвæрд.

Уацар æмæ фыдæвзарæнтæ

28-æм ноябры изæрæй æвзонг диверсанткæ бацыд хъæуы хицау Свиридовы мæнгагъуыстмæ, цыран æхсæвиуат кодтой немыцæгтæ, фæлæ йæ фæхатыдысты. Хъæуы хицау сыстын кодта немыцæгты æмæ æхсарджын чызджы æрцахстой. Æрбакодтой йæ Куликы бинонты хæдзар-мæ, кæцытæ уый фæстæ радзырдтой, чызгæн куыд хъизæмар кодтой, уый тыххæй. Фарст ыл уагътой æртæ фашистон афицеры æмæ тæлмацгæнæг. Зояйы акодтой æмæ йæ райдыдтой рæттæй нæмын, уый фæстæ йæ бæгънæгæй ракодтой æддæмæ тыхджын уазалы. Василий æмæ Прасковья Куликтæ радзырдтой, зæгъгæ, Зояйæн иу ныхас дæр йæ дзыхæй не схаудта, æгæрыстæмæй, иууыл тæссагдæр фыдæвзарæнты рæстæджы дæр. Уый æрмæстдæр загъта йæ ном – Таня. Афтæ йæхи схуыдта æмбæстагон хæсты хайадисæг Татьяна Соломахы цытæн, кæцы Зояйæн уыд стыр сгуыхтдзинады цæвиттон. Чызгæн хъизæмар кодтой хъæуы дыууæ цæрæджы дæр – Солина æмæ Смирнова, кæцыты хæдзæрттæ басыгътой партизантæ. Ацы сылгоймæгтыл стæрхон кодтой фæстæдæр æмæ сæ фехстой, куыд фашисттæн æххуысгæнджытæ, афтæ.

Æфхæрд

1941 азы 29-æм ноябры райсомæй раджы Зояйы ракодтой уынгмæ. Чызг уыд тынг над, йæ къæхтæ басыдысты. Бакодтой йæ, уый размæ цы ауындзæн æрцæттæ кодтой, уымæ, йæ риуыл ын бакодтой табличкæ, цыран уырыссаг æмæ немыцаг æвзæгтыл фыст уыд – «хæдзæртты судзæг», зæгъгæ. Уырдæм æрбамбырд сты æрмæст немыцæгтæ нæ, фæлæ хъæуы цæрджытæ дæр. Фашисттæ йын райдыдтой йæ нывтæ  исын. Уыцы рæстæджы Зоя æрсидт хъæуы цæрджытæм, зæгъгæ, иу ран ма лæуут, фæлæ ацыт фронтмæ æмæ марут фашистты. Загъта, зæгъгæ, Советон Цæдисыл ничи фæуæлахиз уыдзæн. Ацы æвзонг чызгмæ уыйбæрц хъару æмæ æхсардзинад кæцæй разынд æмæ, ингæны уæлхъус лæугæйæ, йæхиуыл нæ хъуыды кодта, фæлæ советон адæммæ æрсидт удуæлдайдзинадмæ, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Йæ хъуырыл ын бæндæн куы бакодтой, уæд Космодьемянская загъта, легендарон чи систы, уыцы ныхæстæ. Зæгъгæ, алкæйы æрцауындзын уæ бон нæ бауыдзæн æмæ, зæгъ, уæ мæ маст райсдзысты. Уыдон уыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Фæскомцæдисон чызджы мардбуар ауындзæныл лæууыд иу мæйы дæргъы. Фашисттæ дзы мардæй дæр хынджылæг кодтой. Ног 1942 азы размæ чызджы мард буар райстой æмæ йæ радтой хъæуы цæрджытæм баныгæныны тыххæй. Зояйæн фæкодтой æнахуыр фыдмитæ, ралыг ын кодтой йæ риутæ. Стыр Уæлахизы фæстæ æхсарджын фæскомцæдисоны мард буар раластой Мæс-куымæ æмæ ныгæд æрцыд Новодевичьийы уæлмæрды.

Зоя Космодьемянскайы ном ссис дуджы символ, хъайтарон адæмы ирд фæлгондз.

Хъайтаронæй фæмард сты Зояйы æмбæлттæ дæр, уыцы нымæцы – Зояйы кæстæр æфсымæр Александр дæр. Йæ хойы амæлæты тыххæй куы базыдта, уæд Сашæйыл цыд æрмæстдæр 17 азы. Лæппу ацыд фронтмæ, бахаудта танкæйон хайадмæ. Йæ танк КВ-йыл ныффыста: «За Зою», зæгъгæ. Уый рацыд æнæхъæн хæст. Фæмард Кенигсбергмæ бацæуæны. Уымæн дæр лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Уыдон цардæй ацыдысты бынтон æвзæнгтæй хисæрмагонд царды амонд  æнæ бавзаргæйæ.

Зоя Космодьемянскайы ном сæнусон кодтой бирæнымæц цыртыты, монументты. Йæ номыл уынгтæ ис æппæт постсоветон бæстæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.