Керчь у дунейы рагондæр горæттæй сæ иу. Уый сæвзæрд Римæй æрмæстдæр иу аз фæстæдæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы фронты хахх цыппар хатты цыд Керчыл, горæт æххæстæй ныппырх. 320 боны æмæ æхсæвы цыдысты карз тохтæ Керчы зæххыл. Советон хæстонтæ стыр аргъ бафыстой сæ къухты цы уæлахиз бафтыд, ууыл. Керчы хæст райдыдта авиабомбæты æркалдæй 1941 азы 30-æм августы. Уæд горæт бахъахъхъæнын сæ бон не ссис æмæ 16-æм ноябры Керчь æххæстæй оккупаци æрцыд. Уыцы рæстæджы æрцыд бирæ тугæйдзаг цаутæ, немыцаг фашисттæ мардтой бынæттон цæрджыты, хъизæмар сын кодтой. Афтæхуыйнæг Олендорфы штандартенфюреры «Д» оперативон къорд райдыдта регистраци æмæ коммунистты, дзуттæгты, хъырымæгты, цыганты куынæг кæнын. Фашистты Керчæй фæсырдтой 1941 азы 30-æм декабры Керчаг-Феодосийаг операцийы рæстæджы. Уый уыд фыццаг сæрибар. Фæлæ немыцæгтæ нæ састысты, куыстой ног плæнттæ æмæ стратегитæ, арæзтой нырыккон хæцæнгæрзтæ, сæхи цæттæ кодтой размæбырстмæ.

Æмæ сæ тыхтæ æрæмбырд кæнгæйæ, 1942 азы 10-æм апрелы немыцаг тыхæйисджытæ сæххæст кодтой егъау æмæ тугæйдзаг атакæ Керчмæ. Горæт ногæй оккупаци æрцыд 1942 азы 15-æм майы. Горæты ма цы цæрджытæ баззад, уыдон сæ хæдзæрттæй нæ хызтысты. Гитлеронтæ сын истой сæ хæлцадон фæсауæрцтæ, æмæ-иу сæ чи бамбæхста, уыдоны-иу фехстой. Афтæ уыд 1943 азы ноябры онг. Керчы хæстон истори фæивта  Цæгат Кавказы фронты, Сауденджызон флоты æмæ Азоваг æфсæддон флотилийы десантон æфсæдты Керчаг-Эльтигенскаг егъаудæр десантон операци. 40 боны дæргъы цыдысты карз тохтæ Эльтигены зæххыл. Ацы операцийы сæ хъæбатырдзинады тыххæй 60 хæстонæй фылдæр систы Советон Цæдисы хъайтартæ. «Уый уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджыты егъаудæр десанттæй иу, кæцы фадат радта Керчы плацдарм бацахсынæн æмæ уый фæстæ та апрелы мæйы Хъырымаг размæбырсæн операцийы рæстæджы горæт оккупанттæй ссæрибар кæнынæн. Хъысмæт скъуыддзаггæнæн къахдзæф ссис Хъырымаг размæбырсæн операци 1944 азы март-апрелы мæйты. Апрелы райдианы Хицæн Примораг армийы æфсæдтæ, кæцыйы сконды уыдысты денджызон фистæгæфсады 83 æмæ 255-æм бригадæтæ, сарæзтой контрразмæбырст æмæ 11-æм апрелы ссæрибар кодтой Керчь æмæ порт. Керчы ссæрибар стыр циндзинад æрхаста, куыд хæстонтæн, афтæ æппæт советон адæмæн дæр.  Керчы сæрибар ссис Хъырымы ссæрибар кæныны бындур. Уымæй чысыл раздæр – 8-æм апрелы та ссæрибар кодтой горæт Армянскы, кæцы ис Хъырымы цæгаты. 13-æм апрель та у Симферополь, Феодоси æмæ Евпаторийы ссæрибаргæнæн бон. 14-æм апрелы та сæрибар æрцыдысты Судак, Алушта æмæ Бахчисарай. Æмæ 16-æм апрелы та – Ялтæ.

Керчь æмæ Хъырымы ссæрибар кæныны тыххæй мысынадæн 1944 азы æртæ мæймæ Митридаты хохы арæзт æрцыд йæ бæрзæнд 23 метры кæмæ уыд, ахæм обелиск, цыран 1959 азы ссыгъд Æнусон арт Уæлахизы тыххæй чи фæмард, уыдоны мысынадæн. 1973 азы 14 сентябры Советон Цæдисы уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй Керчæн лæвæрд æрцыд «Горæт-Хъайтар»-ы бæрзонд ном Ленины орден æмæ йын «Сырх Стъалы»-йы майдан радтгæйæ.

Керчы æрдæгсакъадахы Багеровойы поселочы гитлерон æфхæрджытæ фехстой 7 мин адæймаджы. Оккупацийы фыццаг бонтæй фæстæмæ горæты цæрджытæ сыстадысты æмæ тох кæнын райдыдтой немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Партизанты æмбæхсæндон систы Аджимушкайскы æмæ Старокарантинскы дурсæттæнтæ. Фашистты ныхмæ чи хæцыд, уыдон ‘хсæн уыдысты сывæллæттæ дæр. Уæрæхæй йæ ном зындгонд у пионер-хъайтар Володя Дубининæн. Уый йе ‘мбæлттæ Ваня Гриценко æмæ Толя Ковалевимæ æххуыс кодта партизантæн. Лæппутæ цыдысты развæдсгæрсты, амал сын кодтой хæлцадон продукттæ, хæстон æрмæджытæ æмæ афтæ дарддæр.

Сырх армийы æфсæдтæ фæстæмæ алæууыдысты Таманскы æрдæгсакъадахмæ. Чи сæ хъахъхъæдта, уыцы хай бахаудта æрхъулайы. 10 мин адæймаджы скондæй гарнизон æрбынат кодта Стыр дурсæттæнты, командæ сыл кодта булкъон П. Ягунов. Чысыл дурсæттæнты та уыд 3 мин хæстоны. Хæстонтæй дарддæр ма уым æмбæхстысты  Керчы бынæттон цæрджытæ – зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Нæ сын уыд хæстон æрмæжытæ, афтæ ма хæлц дæр æмæ, æгæрыстæмæй, дон дæр.

Цалдæр хатты немыцæгтæ бафæлвæрдтой дурсæттæнмæ баирвæзыныл, фæлæ сын алы хатт дæр ныхкъуырд лæвæрдтой. Знæгтæ сæм мидæмæ æппæрстой гранатæтæ, сæхгæдтой-иу сын сæ рахизæнтæ. Зæххыбын уæлдай зындæр адæмæн уыд, фашисттæ сæ ныхмæ газы атакæтæ куы райдыдтой, уæд. «Умираем, но не сдаемся!», – загъта йæ радиограммæйы командир Ягунов. 1942 азы 8 июлы уый фæмард карз тохы. Йæ бынаты слæууыд булкъон Г. Бурмин. 1942 азы октябры кæронмæ аххæссыд æнæмсæр тох æнæхонгæ «уазджытимæ». Бирæ адæм фæмард дурсæттæнты. Фашисттæ сæм баирвæзтысты æрмæстдæр ма уым бынтон цъус лæмæгъ адæймæгтæ куы баззад, уæд, кæцытæн сæ бон нал уыд хæцæнгарзыл хæ-цын дæр. Æмæ сæ ракодтой уацары.

Абон Аджимушкайскы дурсæттæнты кусы музей. Уазал ныккæндтæм экскурсийы бацæугæйæ, адæм сæ цæстысыг нæ бауромынц. Керчы нывты галереяйы иннæ нывыты ‘хсæн ис æвзонг чызг – Советон Цæдисы хъайтар Галина Петровайы скульптурон портрет. Уый ахуыр кодта Новочеркасскы æмæ йæ уым æрæййæфта хæст. Уый фæстæ бацыд Краснодары фельдшерон скъоламæ. 1942 азы скъола каст куы фæцис, уæд æй арвыстой Новороссийскы госпиталмæ, уый фæстæ та службæ кодта денджызон фистæг-æфсæдты. Уырдыгæй, Эльтигенскы десанты сконды ацыд Керчмæ. Тохты рæстæджы æвзонг медицинон хо хъайтаронæй ирвæзын кодта цæфты. Йæ уæндондзинадыл ын дис кодтой денджызонтæ. Дæсгай салдатты кæй аирвæзын кодта, уый тыххæй йын  1943 азы 17-æм ноябры лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Уый фæстæ, 7-æм декабры Галинæ фæцæф æмæ йæ арвыстой госпиталмæ. Дыккаг бон 8-æм декабры госпиталыл бомбæтæ æркалдтой фашисттæ æмæ чызг уым фæмард иннæ цæфтимæ.

Керчь чи сæрибар кодта, уыдоны ‘хсæн уыд «æхсæвыгон кæлæнгæнджытæй» иу – тæхæг Евгения Руднева. Ахуыр кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты, уыд хуыздæр студенттæй иу. Бантыст ын æртæ курсы каст фæуын. Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Арвмæ йе стыр уарзондзинад æй сразæнгард кодта штурманты скъоламæ бацæуынмæ.

Уый фæстæ службæ кодта 46 Гвардион  бомбæзгъалæн авиаполчы сконды. Сарæзта 645 хæстон атахты. Баныст ын Советон Цæдисы хъайтары ном райсын. Керчы сæрыл тохты хайад исгæйæ, 9-æм апрелы фæмард йе ‘мбал чызг Пана Прокопьеваимæ. Сæ хæдтæхæг сын æрæппæрстой фашисттæ.

Керчы немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныны моментмæ горæтæн ныппырх кодтой йæ бæстыхæйтты 85 проценты. Сабыр цæрджытæ ма дзы баззад тынг цъус – бирæтæ алыгъдысты кæнæ та сæ амардтой оккупанттæ, кæнæ та сæ тыхæй атардтой Германмæ. Уыцы уалдзыгон бон, 11-æм апрелы саладттæ цыдысты хъыгдардбаййафæг хæстæфхæрд уынгты æмæ хæдзæрттæй сæ иуы цур федтой зæронд лæджы. Уый уыд 84-аздзыд Кузьма Панько. Уый схызт æвæргæ асиныл æмæ раппæрста къулдуарæй немыцаг табличкæ. Уый фæстæ йе тарæй ралвæста сырх тырыса æмæ йæ æрцауыгъта хæдзары сæрмæ. Абон горæт-хъайтар Керчь, кæцы ис дыууæ – Сау æмæ Азовы, денджызты ‘хсæн, хъахъхъæны уыцы карз æмæ хъайтарон азты мысынад. Æмæ хъырымаг хур та рухс кæны Эльтигенскы десанты цытæн сæвæргæ цыртдзæвæны.

Æрвылаз дæр Керчы цæрджытæ уæрæхæй банысан кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы немыцаг-фашистон тыхæйисджытæй ссæрибар кæныны бон. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстонæй фронтмæ цы хæстонты акодтой, уыдонæй бирæтæ немыцаг тыхæйисджытимæ номхуындæй кæй хæцыдысты Керчы. Куыд зæгъæм, Котолиты Илья, Æрсойты Павел, Гасситы цыппар æфсымæры Ефим, Георги, Димитр, Христафор, Бежанты Димитр, Басаты Хазби, Гæбæраты Димитр, Гæбæраты дыууæ æфсымæры Бессарион æмæ Илья æмæ бирæ æндæртæ. Ирон хæстонтæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау Керчы тохты рæстæджы. Уыдонæй бирæтæ тохы быдырæй сæ райгуырæн уæзгуытæм æрæздæхтысты инвалидтæй. Зæгъæм, Котолиты Ильяйæн йæ иу къах баззад хæсты быдыры, Гæбæраты Ильяйæн та йæ къухыл сæмбæлд нæмыг æмæ йе ‘нгуылдзтæ нал къæдз кодта, афтæмæй фæцард йæ амæлæты боны онг.  Бежанты Димитр хæсты быдыры ныууагъта йæ рахиз цонг. Ирон хæстонтæ сæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыдысты бæрзонд паддзахадон хорзæхтæй.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.