Адæймаджы цæст æй зæгъын нæ уарзы…  Йе скойæ хъæлæс къуырма кæны… Ӕнæзæгъгæ та йæ нæй… Ирыстоны бæрзонд, æрттивгæ арвæй 2021-æм азы 24-æм бон рахаудта, пæр-пæргæнгæ йæм чи стахт, сыгъзæрин дамгъæтæй йыл йæ ном æмæ нæ Фыдыбæстæйы ном чи ныффыста, æрмæст Кавказы нæ, фæлæ кæцыфæнды адæмы æхсæн куы уыдаид, уæддæр сæм нæ кады ном чи уагъта, нæ уыцы стыр курдиатджын поэт, драматург, тæлмацгæнæг, Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон æмæ “Нарты фæткъуыйы” премиты лауреат, Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Гимны автор æмæ æцæг лæгаулæг Ходы Камал.

Камал нæ дзыллæйы фарнæн райгуырд Ирыстоны цæгат хайы Рахизфарсы районы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты райдайæн азы, 1941-æм азы тъæнджы мæйы 26-æм бон. Фæлæ йын ницы сæ бон баци тъæнджы мæйы цæвæнтæн дæр, фыдхæсты фыдæвзарæнтæн дæр, хæстоны сидзæры тыхст бонтæн дæр. Астазон скъолайы фæстæ куыста Беслæны хойраджы комбинаты æмæ ахуыр кодта кусæг фæсивæды скъолайы. Каст æй фæцис 1959-æм азы. Акуыста Дзæуджыхъæуы Ирон театры, активон хайад иста газетты куысты, уыд телеуынынады хистæр редактор. Фæлæ йæ поэзи йæхимæ тынгæй-тынгдæр кæй æлвæста, уый тыххæй ацыд Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1970-æм азы.

Литинститут бирæ хæрзты бацыд нæ фысджытæй иу къордæн. Аивады сусæгдзинæдтæй уым бирæйæ базыдтой, семæ – Ходы Камал дæр.

Камал уыйфæстæ зæрдæбынæй куыста журнал «Мах дуг»-ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй, рауагъдад «Ир»-ы редакторæй, Цæгат Ирыстоны Министрты Советы цур Мыхуыр æмæ чингуыты базарады комитеты сæрдарæй, Цæгат Ирыстоны ирон театры директорæй, 1990-æм азæй уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, 2013-æм азы Ирыстоны фысджыты II-аг уанелы æвзæрст æрцыд Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдарæй. Цæргæ-цæрæнбонты та уыд йæ адæмæн лæггадгæнæг.

Йæхи дæр нæма базыдта, афтæ йыл сæмбæлд фыддуджы фыдцæф уыцы уæззау бонты Фыдыбæстæйы хæстæй, йæ зæрдæ баззад хъæдгомæй йæ хæстон фыды тыххæй:

 

Нымадæй мыл нæма цыд аз дæр,

Æмæ куы слæууыдтæн мæ къæхтыл,

Ды уæд æмдзæхгæр лыг бæласау

Æрхаудтай тохæй арыд зæххыл. 

 

Фæлæ цардæй трагеди никуы арæзта. Йæ поэзи у ныфсдæттæг, тыхдæттæг. Æмæ йæм уыцы тых æмæ арæхстдзинад æрцыдысты йе ‘взонджы бонты.

1962-æм азы Джыккайты Шамил æмæ Хуыгаты Сергеимæ цы иумæйаг æмбырдгонд ра­уагъ­той, «Бонвæрнон», зæгъгæ, уым дæр разындысты, æвзонг сфæлдыстадон кусджыты фидæны поэтикон фæндæгтæ кæуылты зилынмæ хъавыдысты, уыдæттæ. Фæлæ Ходы Камал, стыр  поэт кæй уыд, иттæг хорз поэтикон уацмыстæ сфæлдисын йæ бон кæй уыдис, уый бæлвырд-бæрæгæй равдыста 1966-æм азы йæ фыццаг чиныг «Цæхх æмæ кæрдзын»-ы. Стæй йæ фыццаг чиныгæй рахызтысты, уыйфæстæ цы чингуытæ рауагъта, уыдонмæ: «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц» (1970), «Кар» (1974), «Ном» (1979), «Æрттигъ» (Хъодзаты Æхсар æмæ Малиты Васоимæ иумæйаг æмбырдгонд (1983), «Мыртæ» (1992), уырыссаг æвзагыл «Белые искры» («Современник», 1976), «Своим чередом» («Советский писатель, 1989). Йе сфæлдыстад уæлдай ирддæрæй разынд йæ “Уацмысты 2 томоны”, стæй – “КАМАЛ”-ы.

Уыдон сты Камалы уды фæллой. Цард аивадонæй кæм сныв кодта, йæ уыцы нывæфтыд фæллæйттæ. Ирон аив литературæйы историйы ирон адæмы æхсæн кæд исчи йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй ныффыста æмæ æнустæм дзыллæйы æхсæн баззайдзæнис цæргæйæ, уæд уыдон фыццæгтæй у Ирыстоны æнувыд патриот, Стыр Поэт æмæ лæгау-лæг Ходы Камал.

Камал, дæ бынат уæлæрвты ис. Уырдыгæй хæрзаудæн кæн дæ хиуæттыл, кæугæйæ кæй уадзыс, дæ уыцы уарзон Ирыстоныл.

Хорз лæджы ныхас дæм хæццæ кæнæд, æвзæры ныхас дæм макуы фехъуысæд.

ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИС

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.