Советон Цæдисы историйы уыд Советон Цæдисы æртæ æртæ хатты хъайтары: Семен Буденный, Александр Покрышкин æмæ Иван Кожедуб. Абон уæ цыбыртæй базонгæ кæндзыстæм Иван Кожедубы егъау сгуыхтдзинæдтимæ.

Иван Никитайы фырт Кожедуб райгуырд 1920 азы. Ацы аз 8-æм июны йæ райгуырдыл сæххæст 100 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты уый уыд иууыл фæстиугæгджындæр тæхæг-куынæггæнæг æрмæст Сырх Æфсады уæлдæфон тыхты нæ, фæлæ антигитлерон коалицийы бæстæты тæхджытæ-куынæггæнджыты ‘хсæн дæр. Астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уый тынг цымыдис кодта авиацимæ. Горæт Шосткайы уый сарæзта йæ фыццаг къахдзæфтæ арвмæ. 1938 азы Кожедуб бацыд бынæттон аэроклубмæ æмæ 1939 азы апрелы сарæзта йæ фыццаг атахт. 1940 азы Иван тынг хорз нысæнттыл каст фæцис аэроклуб. Уый фæстæ йæм æрсидтысты Сырх Æфсады уæлдæфон тыхтæм æмгъуыдон службæмæ. Æрвыст æрцыд бæстæйы иууыл егъаудæр  Чугуевскоейы æфсæддон авиацион ахуыргæнæндонмæ. Уый дæр каст фæцис тынг хорз нысæнттыл æмæ йæ уагдонмæ фæхуыдтой кусынмæ ахуыргæнæг-инструкторæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр æй æрæййæфта ахуыргæнæндоны кусгæйæ. Хистæр инструктор Иван Никитайы фырт курсанттимæ эвакуаци æрцыд Хуссар Казахстанмæ. Уым уый ахуыр кодта сæдæгай ног тæхджыты, кæцытæ-иу курсыты фæстæ атахтысты фронтмæ. Кожедуб йæхæдæг дæр йæхи тыдта фронтмæ, фæлæ курдиатджын инструкторы нæ уагътой фæсчъылдымы тæхджыты кæй цæттæ кодта, уымæ гæсгæ.

Фæлæ уæддæр 1943 азы фæззæджы йæ куыр-диат æххæст æрцыд æмæ йæ арвыстой Воронежы фронты 302 авиадивизийы 240-æм куынæггæнæг авиаполкмæ тæхæг-куынæггæнæгæй. Йæ фыццаг уæлдæфон тохы рæстæджы  кæстæр лейтенант, чысыл ма бахъæуа, фæмард уыдаид. Куынæггæнæг хæдтæхæг Ла-5 хæстон хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, уый æрæппæста немыцаг бомбæкалæн хæдтæхæг Юнкерс Ме-109. Фæлæ йæ хæдтæхæг дæр тынг бахъыгдард, уыимæ ма йæ аэродроммæ тæхгæйæ, фехстой сæхи зенитонтæ дæр. Йæ фыццаг тохы уый равдыста фидар характер, иунæгæй æхсæз хæдтæхæджы сатакæ кæнгæйæ. Кæд йæ хæдтæхæг иууылдæр нæмгуытæй хуынчъытæ уыд, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, тæхæгæн йæ бон ссис хæдтæхæджы аэродромы æрбадын кæнын. Иван Кожедуб хæцыд Воронежы, Степной, 2-аг Украинæйаг, 1-аг Белорусаг æмæ 3-аг Прибалтион фронтты. Кожедуб ссис фыццаг советон тæхæг, кæцы командæкæнынады хæслæвæрдтæ æххæст кæнынæй дарддæр, тахт «сæрибар цуанмæ» дæр.  Уый æввахсæй атакæ кæнын нæ уарзта, уымæн æмæ уыд рæстдзæвин. 200-250 метрæй æввахсдæр нæ цыд знагмæ, цæмæй пырхæнты бын ма бахаудтаид.

Уæлдæфон тохы йæ фыццаг уæлахиз йæ къухты бафтыд Курскы къæлæтауы тохты рæстæджы 1943 азы 6-æм июлы. Куынæггæнæг хæдтæхæг Ла-5-ыл Кожедуб хæцыд 1943 азы мартæй 1944 азы апрелмæ. Ацы иубынатон куынæггæнæг хæдтæхæг арæзт æцыд Горькийы æмæ йæ рауагътой егъау партийæ – практиконæй 10 мин хæдтæхæджы. 1944 азы майæ 1944 азы августмæ Иван тох кодта куынæггæнæг хæдтæхæг Ла-5ФН, кæцы уыд раздæры куынæггæнæг хæдтæхæджы баххæстгонд вариант. Кæд раздæры куынæггæнæгæн йæ тагъдад уыд сахаты мидæг  580 километры æмæ атахты дæрддзæг та – 1190 километры, уæд баххæстгонд хæдтæхæгæн та йæ тагъдад уыд 648 километры. Цымыдисон ма у уый дæр, æмæ Кожедуб цы ног куынæггæнæг хæдтæхæг Ла-5ФН тахт æмæ хæцыд, уый арæзт кæй æрцыд Сталиниры областы колхоз «Большевик»-ы мыдгæс Ва-силий Коневы финансон фæрæзтæй. Номхуындæй, ацы хæдтæхæгыл тæхгæйæ, иу къуыримæ Румыны арвы уæлдæфон тохты тæхæг æрæппæрста знаджы 8 хæдтæхæджы.

Иван Кожедуб хæст фæуд кодта куынæггæнæг Ла-7, кæцы уыд Ла-5ФН баххæстгонд вариант æмæ йыл йæ фыццаг атахт сарæзта 1944 азы 23 январы. Ацы хæдтæхæгыл тæхгæйæ, уый æрæппæрста ныхмæлæууæджы 16 хæдтæхæджы. Æхсызгон у уый дæр, æмæ тæхæг-ас цы хæдтæхæг Ла-7 тахт, уый хъахъхъæд кæй æрцыд абоны онг дæр æмæ кæй ис УФ-йы Æфсæддон-уæлдæфон тыхты централон музейы экспозицийы.

 Европæйы Сырх Æфсады хæстон архайдтыты фæудмæ,  гвардийы майор æмæ 176 гвардион куынæггæнæг полкы командиры хæдивæг Кожедуб сæххæст кодта 330 хæстон атахты, ныхмæлæууæгимæ ауагъта 120 уæлдæфон тохы, уыимæ 64 хæдтæхæджы æрæппаргæйæ. Йæ фыццаг майдан «Сыгъзæрин Стъалы» æмæ Советон Цæдисы Хъайтары ном  Иван Кожедуб райста 1944 азы 4-æм февралы 240 куынæггæнæг авиаполкы эскадрилийы командир уæвгæйæ, уыцы рæстæгмæ 146 хæстон атахты сæххæст кæнгæйæ æмæ 20 уæлдæфон тохы фæуæлахиз уæвгæйæ. Дыккаг, ахæм бæрзонд хорзæх та райста æрдæг азы фæстæ  Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы указмæ гæсгæ, 256 хæстон атахты саразгæйæ, уыимæ знаджы 46 хæдтæхæджы æрæппаргæйæ.

Æртыккаг «Сыгъзæрин Стъалы»-йæ гвардийы майор  хорзæхджын æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ, 1945 азы августы – бæрзонд æфсæддон дæсныдзинады, хисæрмагонд хъайтардзинады æмæ ныфсхастдзинады тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Иван Кожедубы хæдтæхæджы  хæсты рæстæджы знæгтæй кæй никæйы бон бацис æрæппарын. Уыимæ тæхæджы дæсныдзинад уæлдай тынгдæр æвдыст цыд уымæй, æмæ-иу уымæн алы хатт дæр йæ къухты кæй бафтыд хъыгдардбаййафæг куынæггæнæг хæдтæхæджы зæххыл æрбадын кæнын. Номхуындæй, Иван Кожедуб сæвæрдта хисæрмагонд рекорд уæлдæфон тохты уæлахизтæй.

Зынгæ тæхæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ  хæцыд Кореяйы дæр. Афтæ ма службæ кодта  советон Уæлдæфон æфсæддон тыхты къухдариуæггæнæджы бынæтты. 1985 азы райста авиацийы маршалы кадджын ном. Уымæй дарддæр ма фыста чингуытæ, кодта æхсæнадон æмæ политикон архайд. Иван Кожедуб цардæй ахицæн 1991 азы 8-æм августы 71-аздзыдæй.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.