Советон Цæдисы историйы уыд Советон Цæдисы æртæ хатты æртæ хъайтары: Семен Буденный, Александр Покрышкин æмæ Иван Кожедуб. Абон уæ цыбыртæй базонгæ кæндзыстæм Александр Покрышкины егъау сгуыхтдзинæдтимæ.  Уый уыд – тæхæг-ас, авиацийы маршал. Фыццаг адæймаг, кæцыйæн æртæ хатты саккаг кодтой Советон Цæдисы хъайтары ном. Уымæн фашисттимæ уыд 160 уæлдæфон тохы, æрæппæрста ныхмæлæууæджы 59 хæдтæхæджы æмæ ноджы æхсæз хæдтæхæджы та – къордон тохы. Знæгты хæдтæхджытæ скуынæг кæнынæй йæ разæй фæцис æрмæстдæр иу тæхæг-куынæггæнæг Иван Кожедуб.

Александр Покрышкин райгуырд 1913 азы 6-æм марты Томскы губернийы горæт Новониколаевскы (ныртæккæ Новосибирск). Лæппуйы 12-аздзыдæй  цымыдис кæнын райдыдта авиаци. Авдазон скъола каст фæуыны фæстæ  райдыдта йæ фæллойадон биографи, куыста арæзтады. Уыцы азты æгæрон кад кæнын райдыдтой тæхæг-куынæггæнæг Валерий Чкаловæн, кæцы Покрышкины сразæнгард кодта æмæ бæллын райдыдта арвы хъæбысмæ. 1930 азы Александр ацыд йæ хæдзарæй æмæ ссис бынæттон техникон ахуыргæнæндоны студент. Уый фæстæ уыд хъæууон-хæдзарадон машинæарæзтады изæры ахуыры институты студент. Лæппу бонæй куыста слесарæй «Сибкомбинатстрой»-йы заводы æмæ изæры та цыд ахуырмæ. 1932 азы июны барвæндæй ацыд Сырх Æфсадмæ. Æмæ æппæт уыцы рæстæджы æвзонг адæймаг хъуыды кодта арвмæ атахтыты тыххæй.

АВИАЦИ

Уыцы аз Покрышкин æрвыст æрцыд æмæ ссис Пермы 3-аг авиацион скъолайы курсант. Уый тынг цин кодта уый тыххæй, фæлæ уый уæд нæма зыдта ацы скъолайы тæхджытæ кæй нæ цæттæ кæнынц, фæлæ техниктæ, уый. Покрышкин аныгъуылд йæ ахуыры. Фæстæдæр æй бамбардзæн ацы скъолайы фæрцы хорз кæй базыдта хæдтæхджыты арæзты сусæгдзинæдтæ, райста техникон фæлтæрддзинад, кæцы йын хæсты рæстæджы бирæ хæттыты бахъахъхъæдта йæ цард. Покрышкины раздæрау нæ истой тæхджыты скъоламæ, фæлæ уæддæр йæхи цæттæ кодта æппынфæстагмæ йæ бæлицц кæй сæххæст уыдзæн, уымæ. Гæпп кодта парашютæй. Æмæ æрмæстдæр 1938 азы тæхын райдыдта У-2, кæд-иу фидæны тæхæгмæ арвмæ атæхыны амонд арæх не ‘рхаудта, уæддæр ахуыр кодта теори.  Фæлæ йын йæ курдиат фæхатыдысты æмæ 1938 азы ноябры ссис Качинскы тæхджыты скъолайы курсант, кæцыйы каст фæцис иу азы фæстæ сырх диплом æмæ тæхæг-куынæггæнæджы дæсныйад райсгæйæ. Александры урæдтой ацы скъолайы инструкторæй бакусынмæ, фæлæ не сразы ис категорион æгъдауæй. Уымæн æмæ уый бæллыд  арвмæ тæхын.

СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ

Александр Покрышкин хæсты уыд йæ райдайæнæй йæ фæудмæ, суанг 1945 азы 9-æм майы Уæлахизы бонмæ. Æхсарджын тæхæг знаджы фыццаг хæдтæхæг æрæппæрста хæсты дыккаг бон. Уæлдæфон тохты хайад исгæйæ, уый катайгæнгæйæ нысан кодта, зæгъгæ, йæ райгуырæн бæстæйы сæрмæ арв тынг лæмæгъ хъахъхъæд у знагæй. Лæмæгъ уыд техникон ифтонгад дæр. Цæмæ æнхъæлмæ кæсæн уыд, кæд æмæ уыцы рæстæджы авиацион куырдадзты куыстой танкæтæ рауадзыныл, уæд. Бирæ азты фæстæ Александр зæгъдзæн, зæгъгæ, 1941-1942 азты фронты чи нæ уыд, уый нæ зоны æцæг хæст цы у, уый. Йæ фыццаг хорзæх – Ленины орден Покрышкин райста ныхмæлæууæджы ахсджиаг бæрæггæнæнтæ кæй сбæрæг кодта, уый тыххæй. 1941 азы декабры æппынæдзух уарыд мит, кæцы хъыгдардта зæххы развæдсгæрсты хæстæ сæххæст кæнынæн. Сæ бон не ссис Пауль фон Клейсты танкон хайад кæм дислокаци кæны, уыцы бæлвырдæй сбæрæг кæнын. Уæд развæдсгæрсты ацыд Покрышкин, кæд æй тымыгъ хъыгдардта зæххыл исты фенынæн æмæ йæ хæдтæхæджы æртаг та фæуынхъус уыд, уæддæр уымæн бантыст хæслæвæрд сæххæст кæнын. Æмæ райсгæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ Сырх Æфсад фæстæмæ байста Ростовы.

1943 аз  фæсæттæн этап ссис æрмæст Покрышкины хъысмæты нæ, фæлæ æнæхъæн авиацийы дæр. Уый размæйы тохтæн лæмбынæг анализ саразгæйæ, тæхæгкуынæггæнæг бакуыста тох уадзыны æмæ уæлдæфон тыгъдад хъахъхъæныны уни-калон амæлттæ. Йæ сæйраг нысан ныр ссис, разæй цы хæдтæхæг цæуа, уый, уымæн æмæ сæйраг хæдтæхæджы æрæппаргæйæ, знаджы эскадрили сæфта йæ хæстхъомдзинад. Покрышкин дарддæр æгъатырæй дæрæн кодта знаджы авиацийы. 1943 азы апрелы уый æрæппæрста фашистты дæс хæдтæхæджы æмæ йын уый тыххæй фыццаг хатт лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Иу мæймæ уый ноджы æрæппæрста знæгты 12 хæдтæхæджы.

1943 азы августы цыд удуæлдай тохтæ Кубаны, цыран Покрышкин æрæппæрста 22 немыцаг хæдтæхæджы. Йемæ уæлдæфы тох кодтой йæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Александры уæндондзинад æмæ хъæбатырдзинад нысан æрцыд радон хорзæхæй –  дыккаг Стъалыйæ. Ныр ын йæ ном зыдта алы советон адæймаг дæр. 1944 азы 19-æм августы Александр Покрышкины ногæй схорзæхджын кодтой Сыгъзæрин Стъалыйæ æмæ уый ссис советон хæстонтæй фыццаг, кæцыйæн æртæ хатты саккаг кодтой Советон Цæдисы хъайтары ном. Журнал «Смена»-йы фæзынд статья  нывимæ зынгæ тæхæджы тыххæй. Александры хуыдтой уæларвы хъæрццыгъа (Ястреб). Ахæм раст ном ыл сæвæрдта америкæйаг рауагъдад True Comics, æмæ уый уыд  раст.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст Покрышкинæн фæцис 1945 азы 24 июны. Уæд уый слæууыд 1-аг украинаг фронты колоннæйы сæргъ æмæ йемæ рацыд Сырх Фæзуаты Уæлахизы парады рæстæджы. Официалон статистикæмæ гæсгæ, Покрышкин хæсты рæстæджы сарæзта 650 атахты, знагимæ ауагъта  156 тохы, скуынæг кодта знæгты 59 хæстон хæдтæхæджы.

САБЫРАДОН РÆСТÆГ

Уæлахизы фæстæ Покрышкин адарддæр кодта йе службæ. Александр Иваны фырт ма активон хайад иста бæстæйы æхсæнадон-политикон царды дæр, уыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы 2-10 æрсидтыты депутат, 9-æм æрсидты Уæлдæр Советы Президиумы уæнг. Хорзæхджын ма уыд Ленины æхсæз орденæй, Октябры Революцийы орденæй, Сырх Тырысайы цыппар орденæй, 2-аг къæпхæны Суворовы дыууæ орденæй æмæ æндæр хорзæхтæй. Фыдыбæстæйон æфсæддон литературæйы сыгъзæрин фондмæ бацыдысты Покрышкины чингуытæ: «На истребителе», «Крылья истребителя», «Небо войны», «Твоя почетная обязанность», «Познать себя в бою», кæцы мыхуыры рацыд йæ амæлæты фæстæ.

50-æм азты уый рахызт службæ кæнынмæ ПВО-мæ, дарддæр цыд йæ карьерæйы рæзты къæпхæнтыл æмæ отставкæйы ацыд, Советон Цæдисы ПВО-йы æфсæдты сæйраг командæгæнæджы хæдивæджы бынаты службæ кæнгæйæ. Уый никуы хъаст кодта йе ‘нæниздзинадæй, йæхи æнкъардта тынг хорз. Куыста суанг йæ амæлæты боны онг, уыд Советон Цæдисы хъахъхъæнынады министрады кусæг. Зынгæ тæхæг цардæй ахицæн 1985 азы 13-æм ноябры 72- аздзыдæй зæрдæ низæй. Ныгæд æрцыд Мæскуыйы Новодевичийы уæлмæрды. Уым ын æвæрд æрцыд бюст Хъайтары æртæ Стъалыимæ. Тæхæг-куынæггæнæджы тыххæй мысынад цæры йæ чингуыты, цыр-тыты. Йæ номыл ис уынгтæ  æмæ тæхджыты ахуыргæнæндæттæ.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.