СОВЕТОН ЦÆДИСЫ ХЪАЙТАР ОСТЪАТЫ АЛЕКСИЙЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 115 АЗЫ

Æвæццæгæн, æхсардзинад æмæ лæгдзинад ирон лæг йæ мады гуыбынæй рахæссы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хæстонтæ равдыстой стыр сгуыхтдзинæдтæ. Стыр Фыдыбææйон хæст… кæй цард, кæй хъысмæт ныууагъта йæхи адыл. Кæмæн радта йæ зæрдæйы фæндтæ сæххæст кæныны фадат?

Йе стыр сгуыхтдзинæдтæй ирон лæджы кад бæрзонд чи систа, уыдонæй иу у Остъаты Алекси Егоры фырт. Уый у фыццаг ирон адæймаг, кæцыйæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. Райгуырд 1905 азы 15-æм декабры Дзауы районы Сохты хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Авд кълас каст фæуыны фæстæ куыста Орджо-никидзейы æфсæнвæндаджы кусæгæй. 1927 азы Алекси барвæндæй бацыд Кавказы национ полкмæ сырхæфсæд-донæй, фæлæ йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ иу азы фæстæ ныууагъта йе службæ.  Бацыд кусынмæ «Гизельдонстрой»-мæ слесырæй. Фæлæ æдзухдæр бæллыд æфсады, авиацийы службæ кæнынмæ. Йæ сæрибар рæстæг иууылдæр каст æмбæстагон хæсты фæдыл чингуытæ авиацийы тæхджыты сгуыхтдзинæдты тыххæй.  Цал-дæр мæйы фæстæ фæсауæрцон командирты скъолайы хъусæг хаст æрцыд æфсæд-дон тæхджыты скъолайы курсантæй, кæцыйы æнтыстджынæй каст фæци 1933 азы. Алексийы бæллиц сæххæст – лейтенант Остъайы фырт ссис æфсæддон тæхæг, уый фæстæ та – бомбæзгъалæн авиацион звенойы командир. Ацы бынаты службæ кæныны рæстæджы йæ æрæййæфта  советон-финаг хæст. Теоретикон зонындзинæдты ныр хъуыд тохы равдисын. Авиаци хъуамæ фехæлдтаид ныхмæлæууæджы эшелоны хъахъхъæнынады «Маннергейма»-йы хæххытæ.

Фыццаг хæстон атахтæй Остъаты Алекси йæхимæ аздæхта 58-æм авиацион полчы командæкæнынады хъусдард. – Бæдæйнаг, æмбал Остъайы фырт! – раарфæ кодта полчы командир булкъон Удонин хистæр лейтенантæн. – Æз фехъусын кæндзынæн дивизийы командæкæнынадæн дæ хæстон хæсæлæвæрд иттæг хорз кæй сæххæст кодтай, уый тыххæй. Удонин фыста дивизийы командирмæ: «Æмбал Остъайы фырт тынг хорз зоны техникæ æмæ йæ хъуыддаг. У хъæбатыр æмæ уæндон тæхæг. 1939 азы 19-æм декабры йæ хæстон хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, йæ хæдтæхæг фæцис 49 цæфы. Остъайы фыртæн фæцæф йæ къах, фæлæ уæддæр сæххæст кодта йæ хæс. Цы уыд йæ сæххæстгонд хæслæвæрды мидис? Фистæгæфсад рацыд ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынады хахх «Маннергейма»-мæ. Знаг æхста градæй. Артиллерийæн йæ бон нæ уыд фистæг æфсадæн баххуыс кæнын. Уæд сæм æххуысмæ фæзынд авиаци. Остъайы фырты уæлдæфон нау фæзынд казематы сæрмæ. Бæрзонд бæрзæндæй бомбæтæ æркалынæн нæ уыд эффективон фадат. Уæд уый цæхгæр бынмæ æртахт, цæмæй афтæмæй знаджы ныццавтаид. Знæгты зенитон снарядты схъистæ æмбæлдысты хæдтæхæжы корпусыл. Нысанмæ ма сæдæ метры куыд баззад, афтæ  тæхæг ныххæцыд бомбæзгъалæн кнопкæйыл. Дзотты сæрмæ сыстадысты  чъизи-сау фонтантæ. Нысан къухты бафтыд. Хæдтæхæгæн ма куыста æрмæстдæр йæ иу мотор æмæ йæ афтæмæй æнтыстджынæй æрбадын кодта. Экипажы уæнгтæ иугай хызтысты хæдтæхæгæй. Хæстон кабинæйæ нæ хызт æрмæстдæр науы командир, уый фæцис уæззау цæф æмæ бауадзыг. Йæ цæф уыд серьезон æмæ йæ схуыссын кодтой госпиталы».

Йæ  хъæбатырдзинады тыххæй тæхæг Остъайы фырт хорзæхджын æрцыд  «Сырх Тырысайы» орденæй. 1940 азы Остъаты Алекси сног кодта йæ атахтытæ. Иу бон дæр афтæ нæ уыд æмæ уый знаджы тыхджын цæф ма ныккодтаид. Уый-иу йæ хæдтæхæгыл фæзынд Выборгы, Грангунды, Керкулайы, Силиомайы, Кяморяйы районты. 30 хæстон атахты, 40 сахаты уæлдæфы – ахæм у йæ тохты статистикæ Остъайы фыртæн. 1940 азы 19-æм февралы развæдсгарджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Выборгы æфсæнвæндаджы æлхынцъы районы æрæмбырд сты бирæнымæц знаджы æфсæдтæ. Куыдфæндыйæ дæр хъуыд æвæстиатæй ныхмæлæууæджы удæгас тыхты æмæ техникæ скуынæг кæнын, уымæй сын сæ фронт слæмæгъ кæнгæйæ. Ацы хæс æвæрд æрцыд Остъайы фырты экипажыл. Æрдæг сахат хъæбатыр хæстонтæ мæлæтхæссæг уæзтæ калдтой знæгты ахсджиаг объектыл. Хъæбатыр экипажы хæдтæхæг фæстæмæ куы тахт, уæд станц уыд зынджы уацары, сыгъдысты бæстыхæйттæ, æфсæнвæндаджы вагæттæ, сыгъд зæхх дæр. Хæслæвæрд æххæст æрцыд тынг хорз. Фæлæ бомбæзгъалæн хæдтæхæг дæр æвыдæй нæ аирвæзт, фæцис 42 цæфы, фæлæ та Остъайы фырт ацы хатт дæр хæдтæхæг æрбадын кодта æнтыстджынæй.

Удонин фыста: «Цæмæй хæдтæхæджы тагъддæр сцалцæг кодтаиккой, уый тыххæй Остъайы фырт тыхджын уазæлттæм нæ кæсгæйæ, йæхæдæг активонæй æххуыс кодта техникон скондæн». Остъайы фырты Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ куы бавдыстой, уæд полчы командир фыста: «Æмбал Остъайы фыртæн сæрмагонд сконды ‘хсæн ис аккаг авторитет. У тынг уæндон æмæ хъæбатыр тæхæг, алыхатт дæр цæттæ у цахæмфæнды хæстон хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ дæр».

1940 азы 21-æм марты Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Указæй фыццаг хатт не ‘мзæххонтæй иуæн – Остъаты Алекси Егоры фыртæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. 1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæст ирон адæмы фыццаг хъайтары æрæййæфта 208-æм авиацион полчы авиаэскадрилийы командиры бынаты. Хæсты райдианæй дыууæ мæйы фæстæ Остъайы фырт командæ кодта ацы полкыл. «Мах сæрыстыр стæм дæ цардæмбал Остъайы фыртæй – фыстой йын йе ‘мкъай Ткаченко Мариямæ. Цахæмфæнды сæрмагонд хæслæвæрд дæр æххæст кæны стыр æнтыстимæ. Иууыл уæззаудæр тохты дæр фæуæлахиз вæй-йы».

Кæд æмæ немыцаг фашисттæ сæфтой бирæ адæмы, уæддæр уыдонæн сæ нымæц уыд бирæ фылдæр. Немыцаг-фашистон æфсæдты командæкæнынад бацæттæ кодта специалон «Зондеркомандæ», кæцыты хæслæвæрд уыд Мæскуыйы Кремль æмæ æндæр ахсджиаг объектты ныппырх кæнын. Уыцы критикон бонты Сырх Æфсад равдыста æнахуыр хъайтардзинад. «Фæстæмæ алæууæн нæй, нæ фæстæ ис Мæскуы». Ацы ныхæстæ систы Мæскуыйы хъахъхъæнджыты бирæнацион Райгуырæн бæстæйы æппæт адæмты минæвæртты девиз. Иумиаг Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æмхуызонæй тох кодтой уырыссæгтæ, украинæгтæ, белорусæгтæ, узбекæгтæ, ирæттæ æмæ æндæр нацийы минæвæрттæ. Уым удуæлдайæ райгуырæн бæстæйы сæйраг горæты хъахъхъæдта Советон Цæдисы Хъайтар Остъаты Алекси дæр. «Зынаргъ Мария, æппæт фæмардуæвæг æмбæлтты, нæ мæдты æмæ идæдзты цæссыгты, сидзæрты тыххæй æз мæ маст райсдзæн гитлерон тыхæйисджытæй. Ма ку мæн тыххæй, ма мыл маст кæн. Æз æгъатырæй куынæг кæндзæн знæгты», – фыста йæ цардæмбалмæ Остъаты Алекси.

Йæ фæстаг сулæфты онг Алекси æнувыд уыд йæ Райгуырæн бæстæйыл. Æхсæвæй-бонæй уый бомбæтæ згъæлста знаджы позицитыл. 1941 азы 6-æм декабры Ныгуылæн фронты æфсæдтæ райдыдтой историон контрразмæабырст Мæскуыйы цур. Остъаты Алексийы полчы эскадрилитæ бомбæтæ калдтой знаджы æфсæдтыл Клины æмæ Солнечногорскы, Рузы, æмæ Волоколамскы, Наро-Фоминскы æмæ Калугæйы районты.

1942 азы 7-æм январы Остъайы фырты полкæн бардзырд радтой, фæстæмæлæууæг ныхмæлæууæджы фронтон аэродромты бомбæты цæф ныккæныны тыххæй. Ацы хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, Остъаты Алексийы хæдтæхæг серьезонæй бахъыгдард. Фæлтæрдджын тæхæджы архайдтытæм  нæ кæсгæйæ, хæдтæхæг нал каст йæ коммæ. Тыхæйты аэродроммæ атæхгæйæ, хæдтæхæг æрхауд зæххыл æмæ ныппырх. Остъайы фырт фæцис мæлæтдзаг цæф. Уый фæмард, фæлæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй  уæлæуыл йæ ном æнустæм цæргæйæ баззад.

Хъайтары номыл уынгтæ ис Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы. Ныгæд æрцыд Мæскуыйы. 2015 азы Стыр Уæлахизы бонмæ Остъаты Алексийæн йæ райгуырæн Сохты хъæуы æвæрд æрцыд цырт.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.