КАВКАЗ – АХСДЖИАГ РЕГИОН

1942 азы 25-æм июлы райдыдта Кавказы сæрыл тох, кæцы аххæссыд 14 мæйæ фылдæр. Кавказ, кæцы иу кæны Европæ æмæ Æввахс Хурскæсæны, рагæй фæстæмæ нымад цыд стратегион æгъдауæй ахсджиаг регионыл. Афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты дæр. Регион ахсджиаг уыд, чи йæм бырста æмæ йæ чи хъахъхъæдта, уыдонæн дæр. Германæн ахсджиаг уыд йе ‘рдзон хъæздыгдзинæдты тыххæй. Румынаг нефть нал æххæст кодта Æртыккаг рейхы домæнтæ æмæ 1942 азы Гитлер басаст, вермахты æртагæй ифтонгад критикон кæй ссис, ууыл. Нацистон къухдариуæгад æргомæй дзырдта, зæгъгæ, æнæ майкопаг æмæ грознæйаг нефтæй дарддæр хæстон архайдтытæн уадзæн нæй. Уымæй дарддæр ма, Кавказы æнтыстджын операци хорз æфсон суыдаид Турчы сæ фарсхæцынады тыххæй хæстмæ æрбакæнынæн.

Советон Цæдисæн Кавказы фесафын уыдаид æцæг катастрофæ, уымæн æмæ уый дæтта бæстæйы нефты 90 проценты, ифтонг кодта хæлцадон продукттæй, афтæ ма Севастополь фесафыны фæстæ Сау денджызы флоты базæтæ рацыдысты Кавказмæ. Нацистон къухдариуæгад уый æмбаргæйæ, зæгъгæ, Кавказы фесæфт кардиналонæй фæивдзæн хæсты цыд, сæйраг цæфы здæхтытæй сæ иуæн равзæрста, сæрмагондæй, кавказаг здæхт. Уымæй бон раздæр, советон æфсæдтæ Ростовы куы ныууагътой, уæд Гитлер йæ къух æрфыста 45-æм директивæйыл, кæцымæ гæсгæ вермахты тыхтæ дих кодтой дыууæ хайыл – «А» æмæ «Б» æфсæдты къордыл, кæцытæ хъуамæ адарддæр кодтаиккой размæбырст дыууæ здæхты дæр. «А» æфсады къорды раз лæууыд Сау денджызы скæсæн донбылгæрттæ бацахсын æмæ Сау денджызы флот скуынæг кæныны хæс, Майкоп æмæ Грознæйы районы нефты гуырæнтæ бацахсын æмæ дарддæр Бакуйы онг бацæуын. Кавказ æмæ Фæскавказ бацахсыны фæдыл ног планæн уыд кодон ном «Эдельвейс». 

1942 азы 23-æм июлы гитлерон æфсад бацахста Ростовы, уымæй Кавказмæ комкоммæ фæндаг байгом кæнгæйæ. Афтæ райдыдта Кавказы сæрыл тох, кæцы аххæссыд 1943 азы 9-æм октябры онг æмæ ссис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы иууыл дæргъвæтиндæр тохтæй сæ иу. Кавказы сæрыл тохты хайад истой Хуссар, Цæгат-Кавказы æмæ Фæскавказы фронтты æфсæдтæ, Сауденджызы флот, Азовы æмæ Каспы æфсæддон флотилитæ.

ТОХÆЙ ТОХМÆ

Кавказы сæрыл тохы фыццаг этапы рæстæджы гитлерон æфсад бацахста ахæм горæттæ, куыд Ставрополь, Армавир, Майкоп, Краснодар, Элиста, Мæздæг. Афтæ бацахстой Новороссийскы иу хай. Фæлæ 1942 азы сентябры Малгобекы районы знаг сæмбæлд советон æфсæдты тыхджын ныхмæлæудыл æмæ урæд æрцыд. Кавказы сæрыл тохы фыццаг этапы ныхмæлæууæджы къухты бафтыд Кавказы рагъы хохрæбынтæм æмæ цæугæдон Теркмæ бацæуын. Фæлæ Советон æфсадæн йæ бон ссис афоныл ацы размæбырст æруромын. Гитлермæ æххуысмæ нæ фæзынд Турк дæр.

ОПЕРАЦИ ЦЫД ДЫУУÆ ЭТАПÆЙ

 1942 азы 25-æм июлæй 31-æм декабрмæ немыцаг æфсæдтæ бырстой размæ æмæ сын бантыст территориты хай бацахсын; 31-æм декабрæй 9-æм октябрмæ советон æфсæдты райдайгæ контрразмæбырсты фæрцы фашистты бахъуыд фæстæмæ алæууын æмæ фæстæмæ бацахстой знæгтæ цы территориты байстой, уыдоны. Фæззæджы райдианмæ знаг бацахста Кубань æмæ Цæгат Кавказы стыр хай… Советон             æфсæдты ныхмæлæуды сæрты ахизгæйæ, 1-æм ноябры немыцæгтæ бацахстой Алагир æмæ ахызтысты цæугæдон Æрыдоны сæрты. Сæ авиаци бомбæтæ калдта Орджоникидзейыл. Уæлдæфы цыдысты карз тохтæ, кæцыйы рæстæджы æрæппæрстой знаджы 18 хæдтæхæджы.  2-æм ноябры райсомæй ныхмæлæууæг 100 танкæйы æххуысæй атыдта Орджоникидзейы хъахъхъæнынадон район Фиагдоны фадыджы æмæ æрбацыд Орджоникидзейы горæтгæронмæ. Уыцы бон изæрмæ бацахста Джызæлы. Немыцæгтæ тарстысты æрхъулайæ, фæлæ, хъыгагæн, советон Сæйраг командæкæнынад цы операци сплан кодта, уый æнтыстджын нæ рауад, кæцыйы фæстиуæгæн ныхмæлæууæг хъуамæ бахаудаид æрхъулайы æмæ пырх æрцыдаид Кубаны территорийыл. Фæлæ Сталинграды тохы фæстæ гитлеронты бахъуыд фæстæмæ алæууын, стыр зиæнттæ сыл æрцыд, афтæмæй.

Кавказмæ хъуамæ бацыдаиккой «А» къорды æфсæдтæ инæлар-фельдмаршал В. Листы къухдариуæгадæй, цыран хайад истой 167 мин адæймаджы, 1130 танкæйы, 1000 хæдтæхæджы онг. Сæ ныхмæ лæууыдысты Хуссар фронты тыхджын слæмæгъгонд авд æфсады инæлар-булкъон Р. Малиновскийы командæйы бын, кæцымæ уыд æрмæстдæр 112 мин адæймаджы, 121 танкæйы, 130 хæдтæхæджы. Малиновскийы фæсауæрцы уыд æрмæстдæр 2 дивизийы. Советон æфсæдтæн рæстæг нæ уыд æххæстæй сæ хъахъхъæнынадон позицитæ бацæттæ кæнынæн, карзæй æййæфтой хæстон æрмæджыты æмæ æртаджы хъуагдзинад. 25-æм июлы немыцæгтæ райдыдтой размæ бырсын æмæ дыууæ суткæмæ размæ ацыдысты 80 километры.

Сæ танкон хæйттæ рахызтысты Краснодары крайы быдыртæм, уымæй Цæгат Кавказмæ бабырсынæн тæссагдзинад саразгæйæ. 28-æм июлы Ставкæ Хуссар фронты æфсæдты бакодта Цæгат Кавказы фронты командæйы бынмæ (командæгæнæг маршал Буденный). Фронты раз æвæрд æрцыд хæслæвæрд цыфæнды уавæрты дæр Доны хуссар былгæрæтты уавæр сæндидзын кæнын.

Райдианы немыцаг æфсæдты размæбырст цыд цырд темптæй. Августы æмбисмæ советон хæйттæ фесæфтой бирæ адæмы æмæ фæстæмæ æппæрст æрцыдысты Донæй Кубаны цæугæдонмæ æмæ уый фæстæ та Кавказы ныгуылæн хохрæбынтæм. 5 августы ныхмæлæууæг бацахста Ставрополь, 9-æм августы – Майкоп, 12 августы – Краснодар æмæ Пятигорск. Фæлæ уæддæр Сæйраг Кавказы рагъы хох-рæбынтæй Сау денджызы донбылгæрæттæм атонын немыцæгты бафæлвæрд æнтыстджын нæ рауад. 25 августы «А» æфсады къорды хæйттæ бацыдысты Мæздæгмæ. 31 августы адарддæр кодтой размæбырст грознæйаг нефты район бацахсыны тыххæй, фæлæ советон æфсæдты цæгат къорды баиугæндтæ аккаг ныхкъуырд радтой знагæн. 6-12 ноябры советон æфсæдты контрцæфты фæстиуæгæн немыцæгтæ фæс-тæмæ алæууыдысты. Советон æфсæдтæ 1942 азы кæронмæ ацы здæхты фесæфтой 192 мин адæймаджы. 24 январмæ Цæгаттаг къорд ссæрибар кодта Мæздæг, Минеральные Воды, Пятигорск, Ставрополь æмæ Армавир.

ТОХТÆ ЦЫДЫСТЫ ФЕВРАЛЫ ÆМБИСЫ ОНГ

Цæгат Кавказмæ æрбабырсыны хæстон архайдтытæ цыдысты февралы æмбисты онг. Уæдмæ æртæ фронты æфсæдтæ Сау денджызы флоты æмæ Азовы æфсæддон флотилийы æххуысæй размæ ацыдысты 160 километрæй 600 километры онг æмæ ссæрибар кодтой Цæцæн-Мæхъæлы, Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Ростовы областы, Ставрополы крайы стыр хай æмæ Краснодары крайы территорийы сæйраг хайы. «А» æфсады къордыл æрцыд стыр зиæнттæ. Фæмард 275 мин салдаты, 6 мин салдаты æмæ афицерæй фылдæры та амынæты ракодтой. Знаг фесæфта æфсæддон техникæйы æмæ хæцæнгæрзты стыр нымæц. Фæлæ уæддæр фæстæмæ алæууыны рæстæджы немыцаг командæкæнынад бахъахъхъæдта йæ тыхты бирæ хæйтты, кæцытæй уый фæстæ спайда кодтой советон-немыцаг фронты хуссар фадыджы.

 Кавказы нефтмæ немыцæгты кæй не ‘рбауагътой, уый тыххæй 1944 азы советон хæстонты схорзæхджын кæныны тыххæй фидар æрцыд майдан «За оборону Кавказа», кæцыйæ хорзæхджын æрцыдысты 600 мин адæймаджы. Горæт Новороссийск та 1973 азы райста «Горæт-хъайтар»-ы кадджын ном.

КАВКАЗЫ СÆРЫЛ ТОХЫ НЫСАНИУÆГ ÆМÆ ХАТДЗÆГТÆ

Советон æфсадæн йæ бон ссис æрмæст бацахсгæ территоритæ æмæ амынæты бахауæг адæмы раздахын нæ, фæлæ ма бæрæг сфидардæр кодта йæ тыхтæ. Кавказы хуызæн ахсджиаг регион ссæрибар кæнын у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Сырх Цæдисы иууыл стырдæр уæлахизтæй сæ иу. Ныгуылæнмæ Советон æфсады дарддæры цыд райдыдта сæрмагондæй Сталинграды цур уæлахизæй æмæ Кавказы сæрыл тохæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.