2016 азы скульптор Бекъойты Алан Мамсырайы фырты уынджы фонтан, «Уарзæгой удтæ», сарæзта, фæлæ бирæ нæ акуыста. Скульптор районы цæрджыты размæ рахаста дыууæ уарзæгой уды фæлгонцтæ: уыдон сæхи бааууон кодтой, фонтаны дон та згъордта дыууæ уарзоныл æмæ калд чысыл бассейнмæ. Дардæй бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма уарзæттæ æхцондзинад исынц «къæвдайы» бын ныхас кæнгæйæ. Сæ хорз зæрдæйыравг æнхъæвзт сæ фæрсты чи цыд æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæй сæ улæфт фонтаны бын чи æрвыста, уыцы адæмыл. «Уарзæгой удты» фарсмæ къамтæ исынмæ цыдысты чызджытæ æмæ лæппутæ. Ам сæрдыгон тæвд бонты сæ рæстæг æрвыстой фæсивæд. Сабитæ бассейнмæ цыдысты сæхи схуылыдз кæнынмæ. Бон-изæрмæ-иу уым тъыбар-тъыбур кодтой. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй фонтаны бассейн æдас нæ уыд. Йæ быны цы механизм уыд, уый хъуамæ арæзт æрцыдаид фæсвæд ран æмæ уыдаид æхгæд. Уымæ гæсгæ ацы скульптурон композици йæ бакондæй цалдæр мæйы фæстæ æнæдон баззад. Йе сцалцæг кæнын не ‘нтыст æхсæз азы дæргъы.

9-æм майы бæрæгбонмæ Хицауады амындмæ гæсгæ Паддзахадон-унитарон куыстуат «Водоканал»-æн хæсгонд æрцыд, цæмæй скусын кодтаиккой нæ горæты цы фонтантæ ис, уыдон иууылдæр. Ныр «Уарзæгой удты» фонтанæй дарддæр кусы Театралон фæзуаты «Сур фонтан», Хъаныхъуаты Ремзийы номыл скверы цы фонтан ис æмæ Ногдзауты парчъы цы дыууæ фонтанты ис, уыдон дæр. Бæстонæй цалцæг æрцыд Къостайы цырты цур «Фатимæйы» фонтан. Уыдон канд бæрæгбонты нæ кусдзысты, фæлæ æнæхъæн сезон.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал» ма горæты сæвæрдта нуазыны доны чысыл фонтантæ дæр. Ахæм фонтантæ нæ горæты уыд Советон дуджы, стæй æрбайсæфтысты. «Водоканал»-ы сæргълæууæг Сиукъаты Иван зæгъы: «Цалдæр азы размæ басыгъдгонд центр универмаг «Ир»-ы бынаты зынгæ ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы номыл цы сквер сарæзтой, уым арæзт æрцыд чысыл доннуазæн фонтан. Адæм тынг райгонд уыдысты æмæ куы фехæлд, уæд хъынцъым кодтой, æрбахатыдысты мах куыстуатмæ, цæмæй сын æй сцалцæг кæнæм. Уый адыл сфæнд кодтам, цæмæй нуазыны доны чысыл фонтантæ ноджыдæр нæ горæты фылдæр адæм кæм змæлы, ахæм бынæтты сæвæрын. Ногдзауты парк, Вокзалгæрон фæзуат, Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн паркы, æхсæзæм æмæ фæндзæм скъолаты кæртыты дæр фæзындзæн ахæм чысыл доннуазæн фонтантæ. Уыдонæй донбаназыны фадат ис алкæмæндæр. Фонтантæй цы дон цæуы, уый у сыгъдæг. Хæтæлтыл æвæрд æрцыд донсыгъдæггæнæн хызтæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.