Ног азы хæдразмæ  нæ республикæйы уæвæг интернатты, Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ æмæ сидзæр сабитæ  райсынц лæвæрттæ. Развæлгъау Митын дадамæ ныффыссынц чысыл фыстæджытæ, иууыл тынгдæр сæ цы хъæуы, уый тыххæй. Уый фæстæ сæ фыстæджытæй саразынц чысыл наутæ æмæ сæ сæхи къухæй ауадзынц «Бæллицты фонтан»-ы. Ацы хæрзаудæн акци уагъд æрцæуы Бибылты Анатолийы инициативæмæ гæсгæ, финансгонд дæр цæуы йæхи сæрмагонд фондæй. Мадзалы автор æрвылаз дæр вæййы Хъуылымбегты Еленæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй ацы бонты та бавнæлдтой ацы проект æххæст кæнынмæ. «Бæллицты фонтан» нæ республикæйы уæвынад кæны 2017 азæй фæстæмæ. Бибылты Анатоли Президентæй æвзæрст куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ. Сидзæр сывæллæттæм уый йæ хъус дардта, Парламенты сæргълæууæг куы уыд, уæд дæр. Фæлæ-иу уæд сабитæ лæвæртты хуызы райстой адджинæгтæ, æмæ скъолайы иууыл тынгдæр цы дзаумæттæ хъæуы, уыдон. «Бæллицты фонтан»-ы формат егъаудæр у, уый фæрцы уæлдæр ранымадгонд категорийы сывæллæттæн сæххæст вæййынц, иууыл тынгдæр цæмæ фæбæллынц, уыцы бæллицтæ. Ацы акцийы фæрцы бирæ сывæллæттæ систы зынаргъ смартфонтæ, компьютертæ, телевизортæ, велосипедты хицæуттæ. «Фарон хъавыдыстæм, фонтаны цы чысыл наутæ ис, уыдоны хицæуттæй алкæмæн дæр сæ бæллицтæ сæххæст кæнын, фæлæ нын цыдæр аххосæгтæм гæсгæ нæ рауад. Лæвæрттæ райстой, æрмæстдæр  сах сæ хъул кæмæн абадт, уыдон. Фæлæ ацы аз паддзахады разамонæг ныфс дæтты, алы науы хицауæн дæр йæ фæнд кæй сæххæст кæндзæнис æмæ æнæ лæвар кæй ничи баззайдзæнис», – загъта Хъуылымбегты Еленæ.

Хъуылымбегты Еленæ ма куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз чысыл фæивтой хæрзаудæн акцийы формат. Фæлæ уыцы сусæгдзинад нæма раргом кодта. Зæгъы, зæгъгæ, кæд фарон уагъд цыд Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы телестудийы, уæд ныр та алæвæрд трансляци цæудзæн æндæр ранæй, фæлæ телерадиокомпани «Ир»-ы эфиры лæмбынæг æвдыст цæудзæн. Уымæй дарддæр ма проекты автор куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз «Бæллицты фонтан»-ы ленк кæндзысты нæ республикæйы гуырцæй сахъат рынчын сывæллæтты наутæ дæр.

Хъуылымбегоны ныхæстæм гæсгæ, проектыл чи кусы, уыдон сæ хъус дардзысты, цæмæй Митын дадайæн сабиты бæллицтæ сæххæст кæнын ма фæзын уа, сабитæ сæ фыстæджыты ныффыссой реалон бæллицтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.