Æвзæр дзыхæй дзурын, зæгъгæ,мачи ахъуыды кæнæд, фонтан пырхмызт куы рахонон, уæд. Ирон дзырдуаты «фонтан» афтæ тæлмац кодтой иурæстæджы. Скъоладзаутæн – худæджы хос, ахуыргæнджытæн дæр – афтæ. Мæ дзырды сæр тæлмацыл нæу,фæлæ горæты æндæр æмæ æндæр бынæтты цы  фонтантæ уыд, уыдоныл.

«Уыд» хуымæтæджы нæ зæгъын. Фæлæ-иу йæ сатæджы пырхæнтæй сæрдыгон æнтæф адæймаджы буарæй чи æрæхсадта, уыцы фонтантæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ байсыстысты. Советон Цæдисы дуг ма чи хъуыды кæны, уый нын Театралон фæзуаты нæ аив фонтан дæр нæ ферох кодтаид. Уый абон нал ис, йæ бынаты æндæр, ноджы аивдæр хъуамæ сырæза.

Фæзынд нæм ног фонтантæ дæ. Фæлæ сæ «цардуалдзæджы» мæлыны къахыл ныллæууыдысты. «Мæлгæ» дæр дзы акодта ныридæгæн… Уый диссаг у, фæлæ сæ куы арæзтой, уæд-иу телеэкраныл бæрнон кусджытæ ард хордтой, дзæнæтон фæлладуадзæн бынат кæй ныззылдтой.   Куыдфæстагмæ сæ доны бардуаг ралгъыста. Нал сты. Басур сты. Бауымæл вæййынц æрмæст къæвдайы æртæхтæй. Сæ донæмбырдгæнæнтæ та броны бын кæнынц. Мæ цæстыты раз иу ахæм фонтанæй  сывæллон йæ мадмæ æрбадавта иу цыдæр æмæ йæ фæрсы, ай циу, зæгъгæ. Æрыгон сылгоймаг цæхæртæ акалдта, сабийæ   уыцы «хæзна» байста æмæ йæ фæстæмæ фонтаны къуырфмæ фехста. Стæй сывæл-лоны æрбадæнтæ радзæхст кодта æмæ йæ йæ фæдыл æдас бынатмæ акодта.

Цымæ цæмæн афтæ у? Ау, дон сæм баиу кæнын афтæ стыр хæрдзтæ домы?! Кæмæн æмæ сæ цæмæн аразынц уыцы фонтантæ, кæд æмæ сын цæрæнбон  бирæ нæ вæййы?!

Цал æмæ цал баисты нæ горæты уыцы «мард» фонтантæ?! Дæлæ Мамсырайы-фырты уынджы фонтан йæ цыхцырджытæ арвмæ куы сарæзта, уæд мæхимидæг бацин кодтон: ацы хатт, зæгъын, кæд цардхъом разынид. Фæлæ та йæ уд систа уый дæр… Дон дзы нал ис,   рохуаты аззад…

Уæдæ ам ногсагъд бæлæстæ дæр уыййас къабузджын нæма сты, æмæ сæ аууоны бамбæхсай. Фонтаны сатæгхæссæг цыхцырджытæ адæмæн цæмæн хæлæг кæнынц?!

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.