Фæцыд хъуарийæ æмбæрзт иууæладзыгон хæдзары дуары хъыррыст, æмæ уалдзыгон райсомы сабырдзинад цасдæрбæрцæй æрбайхæлд. Дуарæй, йæ даргъ дзыккутæ сæрыл тухгæйæ, рахызт æмбис кары сылгоймаг, арвы тыгъдадыл ахаста йæ цæст æмæ, «хур уыдзæнис абон дæр æмæ мæ мæнæу куы ахус кæнин» дзургæ, фæстæмæ бахызт хæдзармæ. Сылгоймаг чысыл фæстæдæр ногæй куы рахызт, уæд йæ иу къухы уыд голладжы мæнæу иннæйы та иугъуыз хуртуангарз. Айтыгъта зæххыл Хуртуангарз, æркалдта йыл мæнæу, æрбад йæ иу кæрон æмæ йæ йæ мæллæг æнгылдзтæй сабыргай райдыдта тæнæг кæнын. Фæрсæрдæгæй йæм чи æрбакастаид, уыдонæй, æвæццæгæн, иуæй дæр нæ бауырныдтаид, сылгоймагыл цалдæр мæймæ уал намонддзинæды кæй æрцыд. Азы райдианы фæхъуыд йæ цардæмбал Гæззаты Разден. Разден хъæуы ныфс уыдис, йæ къухтæй цы нæ цыд ахæм нæ уыд, хъæуы цæрджытæй цалдæрæн хæдзæрттæ дæр уый сарæзта. Æндæр хъæутæм дæр ма-иу æй акодтой. Ацы дунейæ цæугæ дæр Хелцуайы хъæуы ахицæн, йæ чызг Тамарæ Бестаутæм мойгонд уыдис, сæ хæдзары уæлхæдзар сын æмбæрзта, бавзæр, «хæдзар фæкæлы, ахизут иуырдæм» хъæргæнгæ ма уæлхæдзары фарсыл уырдыгмæ æрлыгъд, зæххмæ дæр ма æргæпп кодта, фæлæ ууыл фæцис йæ цард.

Йæ цардæмбал Кобесты Гайанэ йæ саутæ нæма систа, йæ зæрдæйы рыст нæма фæрогдæр æмæ та – ног маст. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй æрцыд йæ фырт Викторы сау гæххæт. Мæгуырæг, уый дæр къухджын уыдис, сыхæгтæй ма-иу бирæтæ афтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, «йæ фыды фæстейæ фæуадздзæнис». Хæстмæ 1942 азы уалдзæджы ацыд, чи йæ фæндараст кодта, уыдонæн, йæ къухы талайы садзæн, афтæмæй дзырдта, «мæнæ ацы тала нысадздзынæн цæхæрадоны кæрон, цалынмæ цæуон, уæдмæ йæм дарут уæ хъус, донцух æй ма уадзут».

Уыцы тала сыстыр, æрвылаз лæвæрдта хорз тыллæг, абон дæр ма, кæд скæлæдздзаг, уæддæр тох кæны, цæмæй ма бахус уа, цæра дарддæр. Æрвыл уалдзæг дæр суадзы ног таутæ. О, фæлæ æрцæуынæй ныфс чи æвæрдта, уыцы хæстон, знаджы ныхмæ тохкæнгæйæ, кæмдæр баззад æцæгæлон зæххыл. Цардæмбал æмæ йæ хæстон хъæбулæн Гайанэ афæдзы хист скодта иумæ.

Уыдон дæр куыд нæ, фæлæ йæ ныр та æндавы йæ кæстæр фырт Дзамбеджы хъысмæт. Цалдæр азы тох кодта рæуджыты низимæ. Низ афтæ сытынг, æмæ йын нал дæр дохтырты хостæ æмæ нал дæр хъæууон хосгæнджыты хостæ феххуыс сты. Мад йæ хъæбулæн мæрддзæгтæ цæттæ кæна, уый æнамонды, уæззау хабар у, фæлæ Гайанэ зындзинæдты бахсыст æмæ ма йын чи ис, уыдон тыххæй йæ уд ныффидар кодта. Стæй йæхиау æнамонд мæдæлтæ Стыр Фыдыбæстон хæсты азты цъус нæ уыдысты æмæ хъысмæты фыдæнæн уый дæр лæууыд фидар.

– Хорз ис дæ райсом хорз.

Хуртуанимæ, архайгæйæ Гайанэ фехъуста æнæзонгæ адæймаджы дзырдтæ. Фæуагъта мæнæуимæ йæ архайд æмæ бæлццонмæ сабыргай сзылдта йæ уымæл хъæлæс. Гайанэ сыстад æмæ йæ разы ныхъхъус.

– Æз æфсæдтон къамисариатæй дæн, дæ фырт Герисо мæ хъæуы, хæстмæ йæм сидынц æмæ йæм æрситты гæххæт радтон.

Гайанэйыл раст цымæ ихджын дон басæххæтт кодта, уыйау фæцис. Иудзæвгар дзургæ дæр ницыуал скодта, стæй загъта: «Хъæды иу торнейы фаг, хус сугтæ искуы ‘руидзон».

– Æз ма æндæр кæмæдæрты хъуамæ радтон æрсидты гæххæттытæ, куы æрцæуа, уæд æм æй æнæмæнг радтут, – сдзырдта нæлгоймаг æмæ ацыд дарддæр. Цалдæр боны фæстæ хъæуы цæрджытæ Герисойы хорз фæндиæгтимæ афæндараст кодтой  Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ.

Цыдысты бонтæ, Гайанэ æнхъæлмæ каст йæ хæстон фыртмæ æмæ æппынæ-дзух йæхинымæр дзырдта, «уый мын дзæбæхæй уæддæр куы ‘рæздæхид».

Йæ рынчын фырт Дзамбегæн айразмæ чидæртæ загътой, зæгъгæ, ахæм низæй рынчын адæймагæн райсомы сатæг уæлдæф æвдадзы хос у. Уæдæй фæстæмæ Дзамбег æрвылбон дæр стад раджы. Абон нæма рахызт кæртмæ æмæ йæм йæ мады зæрдæ ахсайдта, бацыд æм. Кæд йæ хуызæй мады зæрдæ нæ барухс, уæддæр йæхи фæфидар кодта æмæ ма цалдæр хъазгæмхасæн ныхасы дæр загъта.

– Гыцци, бæргæ куы сыстин, фæлæ ме уæнгты тых нал ис. Ахъавыдтæн сыстынмæ дæр, фæлæ фæстæмæ сынтæгмæ æрхаудтæн. Лæппуйы цæстытæ доны азылдысты, йæ сæр фæкъул æмæ… Гайанэ ныккуыдта, ныххауд йæ æдзард фыртыл æмæ ма лæхстæгæнæгау дзырд-та «хъæбул иу хатт ма уæддæр сулæф!»

Дзамбеджы амæлæтæй мæй дæр нæма рацыд, хиуæттæ сæ саутæ дæр нæма сис-той, афтæ та ногæй Гайанэйы хæдзары къуымтæ сау æндæрг аталынг кодта. Йæ фырт Герисо знаджы ныхмæ кæм тох код-та, уыцы æфсæддон хайы командæгæнджытæ йын фехъусын кодтой, уæззау тох-ты рæстæджы хъæбатырæй кæй фæмард.

Цалдæр мæймæ цардæмбал æмæ æртæ фырты зиан бавзарæг мадæн æнцон кæм уыдис, фæлæ хиуæттæ, зонгæтæ æмæ сыхæгтæ балæууыдысты йæ фарс-мæ, æппæт хъуыддæгты дæр ын æххуыс кодтой æмæ бонтæ куыд цыдысты, афтæ зæрдæфхæрд сылгоймагæн йæ рыст кодта рогдæр. Æппæт йæ тыхтæ радта, цæ-мæй цы æртæ лæппуйы æмæ цыппар чыз-джы баззадис, уыдон мацы цух уой, æмæ уый хиуæттæ, сыхæгтæ æмæ зонгæты фæрцы йæ къухты æфтгæ дæр кодта.

Рацыд рæстæг, кæстæртæ сыстыр сты æмæ ардтой сæ амæндтæ. Йæ хистæр чызг Еуа моймæ фæцыд Горетмæ Куыдзетæм, Катуша Къоркъуламæ, Джиголатæм, Тамара – Хелцуамæ, Бестаутæм, Нинæ уæллаг Дменисмæ, Æлбортæм. Лæппуты хистæр Сергей цардæмбал æркодта Хъуыриайы хъæуæй Козаты Верæйы, Мухтар та йæ цард сбаста сæ хъæуккаг чызг Уалыты Хадизæтимæ. Лæппуты кæстæр Герсан ус нæ ракуырдта, афтæмæй фыццаг Гайанэ ацыд ацы дунейæ, уый фæстæ та – Герсан.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй 40 азы куы рацыд, растддæр уыцы рæстæджы, 1985 азы, куыд Дменисы хъæуы, афтæ æнæхъæн районы, стæй областы дæр ар-вы нæрдау айхъуыст Гайанэйы хæстон фырт Герисо æгас кæй разынд, æмæ йæ райгуырæн хъæумæ кæй æрцыд, уыцы хабар. Уымæй дæр ма Герисоимæ уыдысты йæ цардæмбал, йæ чызг æмæ лæппу, чындз æмæ сиахс æмæ йæ æртæ хъæбулы хъæбултæ.

Æнæнхъæлæджы хиуæттæн цины æнкъарæнтæ чи хаста, уыцы уазджытæ бацыдысты Дменисмæ. Уым Герисойы æфсымæртæ Сергей æмæ Мухтар аргæвстой род, бакодтой сæдæлитрон сæны боцкъа. Сæвæрдтой фынг, фæдзырдтой хиуæттæ, зонгæтæ, сыхæгтæм æмæ цин кодтой æнæнхъæлæджы æмæ зынаргъ уазджытыл.

Йæхи уæдмæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæн цæмæннæ зонын кодта, нырмæ цæмæннæ искуы æрцыд, уый тыххæй Герисо афтæ радзырдта, зæгъгæ, Польшæйы зæххыл, не ‘фсæддонтæ размæ, стыр тыхтимæ знæгты сæ разæй куы сырдтой, растдæр уыцы рæстæджы фæцис уæззау цæф. «Нæмыджы схъис мын фегом кодта мæ гуыбын, тъæнгтæ ракалдысты, афтæмæй суткæйæ фылдæр уыдтæн тохы быдыры. Фæстæдæр мын куыд загътой, афтæмæй хуылфыдзаумæ хурмæ бахус, ничи æнхъæл уыд æмæ фервæздзынæн, фæлæ бузныг госпиталы дохтыртæ æмæ медицинон хотæн. Госпиталæй куы рацыдтæн, уæд мæ цард баиу кодтон, хос мын чи кодта, уыцы медицинон хотæй сæ иуимæ. Кæстæртæ нын фæзынд æмæ афтæ дард рацæуынмæ нæ ныфс хæсгæ дæр нал кодтам, хъуыды кодтам, куы астыртæ уой, уæд æрцæудзыстæм. Уыимæ ма хæсты рæстæджы знæгтæм уацары кæй уыдтæн, уый тыххæй дæр нæ рахастон мæ ныфс. Тарстæн, куы мыл стæрхон кодтаиккой, ахæстонмæ мæ куы барвыстаиккой, уымæй æмæ абон ацæуон, райсом ацæудзынæн хъуыдытимæ аивгъуыдта рæстæг», – æрæмысыд уый.

Уазджытæ æмæ фысымтæ сæ кæрæдзи кæй нал ферох кæндзысты, кæрæдзи кæй фæрсдзысты æмæ кæрæдзимæ кæй цæудзысты, уый тыххæй дзургæ дæр бæргæ бакодтой, фæлæ…

Фехæлд Советон Цæдис æмæ йемæ дунейы адæмты хорз ахастытæ дæр. Польшæ та ногæй, 80 азæй фылдæр куыд уыд, афтæ знаджы цæстæй кæсы Уæрæсемæ æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстонмæ…

Гæззаты Иван

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.