Нæ республикæйы Ног азы размæ хорз традици ссис хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан», кæцы уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны паддзахадон телекомпани «Ир»-ы бæстыхайы. Ацы хæрзаудæн телепроект ныр арæзт цæуы æртыккаг аз, кæцыйы автор у журналист Хъуылымбегты Еленæ. «Бæллицты фонтан»-ы нысан у, цæмæй нæ республикæйы скъолаты фыццаг кълæстæй суанг иуæндæсæм кълæсты онг сидзæр ахуыргæнинæгтæн Ног азы размæ сæ зæрдæтæ барухс кæной алыгъуызон лæвæрттæй, ома, цы курынц Митын Дадайæ, уыдонæй. «Ацы проект у цымыдисон проект, уагъд цæуы æртыккаг аз. Раздæр уагъд цыдис бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг, æвæрæз бинонтæн. Ацы аз та йæ уадзæм сидзæр сывæллæттæн, ома, æрмæст интернаттæн нæ, фæлæ ма, æгас республикæйы скъолаты цы сидзæртæ ис, уыдонæн. Мæнмæ гæсгæ, сидзæртæм  хъæуы уæлдай рæвдаугæ æмæ аудгæ ахаст дарын. Мах нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрадæй райстам сидзæр сывæллæтты номхыгъд æмæ сæ бабæрæг кодтам. Уыдонæн сæ нымæц у æртæ сæдæйы бæрц æмæ сæ алчидæр хицæнæй бæллы цавæрдæр лæвармæ. Мах сывæллæттимæ куы ‘мбæлдыстæм, уæд федтам ахæм ныв, цыран сывæллон æнкъардæй зæгъы, зæгъгæ, йæ нæ уырны Митын Дада кæй ис æмæ бæллицтæ кæй æххæст кæны, уый. Сывæллон йæ фыстæджы цы афыста, уый аскъуыдтæ кодта, фæлæ сæ мах æртымбыл кодтам æмæ сæ бавæрдтам науы, кæцы ис иннæ науты æхсæн. Проектмæ мах бахастам чысыл ивындзинæдтæ. Уыцы-иу  рæстæджы аргъау дæр у æмæ «огонек» дæр, цæмæй нын барæсугъд кæна нæ бæрæгбон», – загъта пректы амонджытæй сæ иу Асаты Вандæ.

Телепроект йæ куыст райдыдта 18-æм декабры æмæ ардæм фыццаг чи æрбацыд æмæ сидзæр сывæллæттæн баххуыс кæнын кæй бафæндыд, уый уыд нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Куыд æндæр азты, афтæ та ацы аз уый сæххæст кæндзæнис æртæ сывæллоны бæллицы. Уый «Бæллицты фонтан»-ы æрцахста æртæ чысыл хиаразгæ науы, кæцыты фыст уыдысты сывæллæтты бæллицтæ æмæ пад-дзахады къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй уыдонæн æввахс рæстæджы æххæст æрцæудзысты сæ бæллицтæ. Дыккæгæм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Хох æмæ Уырызмæг Митын Дадайæ æрдомдтой велосипедтæ æмæ иуæндæсæм къласы ахуыргæнинаг Дзанайты Азæмæт та йæ фыстæджы фыссы, цæмæй йын Митын Дада æрхæсса фæндзай килограммы бæрц конфеттæ æмæ сæ байуара интернаты сывæллæттæн Ног азы бæрæгбонмæ. Дзанайты лæппу интернаты сывæллæтты пайдайæн нæ исы йæхицæн лæвар. Уый  чысыл лæппуйы стыр хæрзаудæн хъуыддаг у æмæ йын адæм дæр бацин кодтой йæ хъуыдыйыл. Дзанайты лæппуйы адресыл Президент Бибылты Анатоли загъта бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ йæ хорз хъуыдытæ æмæ фæндты тыххæй, хæларзæрдæ кæстæрæй кæй хъомыл кæны, уый сæраппонд. «Махæн нæ царды нысан сты нæ кæстæртæ. Цы ногазон диссæгтыл баууæндыдысты ацы кæстæртæ æмæ цæмæ бæллынц, уыдон сын уадз æмæ сæххæст уой. Сæ бæллицтæ куы сæххæст уой, уæд уыдзысты амондджын æмæ уый тыххæй та мах хъæуы аудгæ ахаст», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Сидзæр сывæллæтты ног 2020 азы бæрæгбоны хæдразмæ барæвдауын  кæй  фæнды,  уымæн  йæ  бон у æмæ фæуазæг уа телекомпани «Ир»-ы бæстыхаймæ æмæ «Бæллицты фонтан»-ы æрцахса, цал чысыл нау æй фæнды, уал æмæ сæ цы бæллицтæ ис, уыдон сæххæст кæна.

Хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан» уагъд цæудзæнис Ног азмæ. Проекты амонæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ ныфс ис, æмæ та ацы аз дæр чысыл наутæ алкæцы сывæллонæн дæр кæй æрхæсдзысты циндзинад æмæ уыимæ иумæ кæй сæххæст уыдзысты сæ бæллицтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.