Горæты централон библиотекæйы коллектив æрæджы фехуыдтой Галаты Барисы номыл Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы ветеранты  Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Плиты Еленæйы (Лейлæйы) сæргълæудæй, «Симд»-ыл дæр æмæ ансамблы æмкарæн Лейлæйыл дæр 85-гай азтæ кæй сæххæст, уый цытæн. Библиотекæйы кусæг Тедеты Эльзæйы бафæндыд, йæ цард ирон аивадæн чи снывонд кодта, уыдонимæ чиныгкæсджыты фембæлын кæнын.

Ветеран-артисттæй дарддæр мадзалы хайад райстой культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори, министрады минæвар Джиоты Любæ, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат Гæбæраты Фатимæ, ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго.

Йæ раныхасы библиотекæйы директор, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Прокопенко Иринæ цыбыртæй радзырдта паддзахадон ансамблы сырæзты истори æмæ банысан кодта, «Симд» дæр æмæ Плион дæр ирон аивады рæзтмæ уæзгæ хуынтæ кæй бахастой, æппæт уыдæттæ.

«Курдиатджын артисткæ Плиты Лейлæ ирон национ аивады историйы   арф фæд ныууагъта. Йæ аивадон архайд Хуссар Ирыстоны педагогон институты ахуыр кæнгæйæ райдыдта, хайад иста институты кафджыты къорды. Куы йын бакастысты йæ арæхстдзинадмæ, уæд æй фæхуыдтой «Симд»-мæ æмæ уым райдыдта кусын. Уый æрмæст кафгæ нæ кодта, фæлæ ма ансамблы хоры солист дæр уыд æмæ цагъта националон инструменттыл дæр. Лейлæ хъахъхъæдта ирон аивады традицитæ,  бæрзонд ын хаста йæ кад,   фæндыдис æй, цæмæй азæй-азмæ кадджындæр кæна нæ культурæ», – загъта Прокопенко æмæ коллективы æмæ йæхи номæй зæрдиаг арфæтæ ракодта Плионæн йæ юбилейон гуырæн боны цытæн.

«Ды дæ зæрдæйы стыр уарзондзинад хæссыс ирон аивадмæ, дæ Райгуырæн бæстæмæ, дæ ирон адæммæ. Дæ курдиатæй, дæ адæймагдзинадæй ды фæндаг айгæрстай «Симд»-ы табугæнджыты, ирон кафт æмæ зардæн, ирон аивадæн чи кад кæны, уыцы адæмты зæрдæтæм», – банысан кодта Прокопенко Иринæ æмæ библиотекæйы номæй Лейлæйæн дидинджыты бастимæ бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Дарддæр Тедеты Эльзæ лæмбынæгæй радзырдта Лей-лæйы автобиографи, банысан ын кодта йæ цардвæндæгты ирддæр цаутæ, йæ чысылæй фæс-тæмæ йын ирон аивадмæ цы уарзæгой ахаст уыд, æппæт уыдæттæ.

«Симд» æмæ Лейла – æмкарæнтæ

Мамиты Григори дæр йæ арфæйы банысан кодта Лейлæйы фидар удыхъæд æмæ йæ диссаджы курдиат æмæ йын Культурæйы министрады номæй балæвар кодта дидинджыты баст.

«Нацийы цæсгом æвдисæг адæймæгтæ аивады минæвæрттæ сты, уыцы минæвæртты раззагондæртæй сæ иу Лейлæ  у. Уый йæ уд нывæрдта ирон аивады», – арфæйы ныхæстæ загъта юбилярæн Плиты Серго.

Гæбæраты Фатимæ ра-дзырдта культурæ, æвзаг æмæ аивады нысаниуæджы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, уыдон куынæ уой, уæд нацийæн уæвæн нæй.

Юбилярты тыххæй раныхас кодтой æмæ сын арфæйы ныхæстæ загътой библиотекæйы кусджытæ Битарты Нелли æмæ Гуыззыдтаты Этери дæр.

Лейлæйæн фидар æнæниздзинады æмæ царды хæрзиуджыты фæндиæгтæ загътой, бирæ азты дæргъы кæимæ куыста,  йæ уыцы коллегæтæ.

Уыдон радзырдтой, гастролты рæстæджы цы зындзинæдтæ æвзæрстой, æмæ сыл сценæмæкæсджытæ цы овацитимæ æмбæлдысты, æппæт уыдæтты тыххæй.

Уый фæстæ   Колыты Аксойы номыл лицейы ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты Галуанты Людæйы æмдзæвгæтæ. Уанеты Валерия бакаст  «Симд», Быценты Анастасия – «Хонгæ», Тыджыты Елизаветæ та – «Чызджыты кафт».

P.S. Мадзалы хайадисджытæ дæр æмæ ветерантæ дæр банысан кодтой «Симд»-ы юбилейон концерты бæрзонд æмвæзад, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ афтæ фæкаст, цыма  ветерантæ ноджы фылдæр кады аккаг уыдысты.

Арæх вæййы афтæ, æмæ истæмæй кæнæ искæмæй куы феппæлæм, уæд, хъыгагæн, февзæры ацы æнæхайыры дзырд «фæлæ». «Фæлæ»-йы фæстæ цы зæгъынц, уый арæх раст вæййы. Ацы хатт дæр та уыцы «фæлæ»-йæ нæ аивæрзтыстæм. Ветеран-артисттæ «Симд»-ы юбилейон концертæй æппæлынимæ иумæ равдыстой се ‘нæразыдзинад.

Уыдон дзырдтой: «Тынг хорз концерт бацæттæ кодтой «Симд»-ы коллектив, ФÆЛÆ ветеранты дæр хъуамæ æрхъуыды кодтаиккой, равдыстаиккой сæ, сценæмæ сæ схизын кодтаиккой. Уæд концерт мидисджындæр, аивдæр уыдаид».

Афтæ зæгъæм, æмæ  ацы ФÆЛÆ-йы аххосджын нæ уыдысты Культурæйы министрад дæр æмæ ансамблы разамынад дæр, уæд уый раст нæ уыдзæн. Ацы æндыгъд дуджы адæймаджы сæры магъз алцы нал æрцахсы, цыдæртæ – хаттæй-хатт ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр айрох вæййынц. Æвæццæгæн,  концерты организаторты дæр  уыцы хъуыддаг айрох ис. Ныххатыр сын кæнæм æмæ нæ аивады астæумагъз «Симд»-æн ноджы фылдæр æнтыстыты, ветерантæн та фидар æнæниздзинады фæндиæгтæ зæгъæм Ног азы къæсæрыл.

Нæ газеты коллектив дæр «Симд»-ы табугæнджытæ сты æмæ ансамблæн нæ зæрдæ зæгъы сфæлдыстадон æнтыстытæ, Лейлæйæн та – фидар æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджыты фæндиæгтæ Ног азы.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.