2023 азы  6-æм декабры Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» нысан кæны йæ сырæзты 85 азы юбилей. Уый цытæн Цхинвалы зынгæ композиторы хæдзар-музейы уагъд æрцыд цымыдисон изæр «Госансамбль «Симд» им.Б.Галаева. Истоки», зæгъгæ.

Композиторы бындартæ –  Свердловскаг организаци – Фонд «Центр «Содействие»-йы генералон директор Гæбæраты Андрей æмæ Аслан Гирей Галатийы номыл культурæйы фонды сæрдар  Гаглойты Лианæйы фæндæй музеймæ æрбацыдысты РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сослан, РХИ æмæ Республикæ Абхазы сгуыхт артисткæ, ансамбль «Симд»-ы раздæры солисткæ, кафты паддзахадон скъола-студийы директор Четион Мая, Магаданæй уазæг Тæтæрбиты Руслан, æхсæнады минæвæрттæ æмæ æндæр уазджытæ.

Фыццаг хатт композиторы хæдзар-музеймæ чи фæуазæг, уыдонæн Гæбæраты Андрей сарæзта экскурси музейы мемориалон хайы. Музыкалон уазæгдоны æрæмбырдуæвджытæ базонгæ сты музейы фонды архивон æрмæджытимæ.

Композитор  йæ царды  фылдæр  рæстæг кæм æрвыста, йæ музыкалон уацмыстæ кæм фæлдыста, уыцы хатæнмæ бахизгæйæ, адæймаг аныгъуылы иу æнусы размæйы рæстæджы. Цæстытыл ауайы – мæнæ æнусыккон пианинойы раз бады Галайы фырт æмæ та арæхстджынæй йæ къухты æнгуылдзтæ æруагъта клавишæтыл, кæнæ та цæгъды йæ хъисфæндырæй. Хатæны цы рагон музыкалон инструменттæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ, цыма хъустыл ауайынц ирон музыкæйы æхцон зæлтæ… Мемориалон хатæны æвæрд сты 18-æм æнусæй райдайгæйæ музыкалон инструменттæ, чингуытæ æмæ нывтимæ витринæтæ. Реставраци æрцыд композиторы кусæгон стъол, хатæны ма сты йæ уацмыстимæ стеллажтæ æмæ витринæтæ, къулыл конд  ис персаг гауыз, кæцыйы уæлæ ауыгъд сты ирон музыкалон инструменттæ æмæ  бинонты нывтæ. Хæдзар-музейы ис Галайы фырты æнусыккон пианино, фонограф, магнитофон, патефон æмæ æндæр инструменттæ.

Уазджытæ базонгæ сты уыцы рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзты мыхуыргонд уацтимæ. Куыд, зæгъæм, Магъы æфцæгыл инструменттæ æмæ костюмтимæ хъайтарон ахызты тыххæй Харебаты Димитр, Дзугаты Гиуæрги, Асаты Реуазы уацтимæ. Афтæ ма ансамблы тыххæй Гаглойты Владимир, Джыгкайты Акимы фыст уацтимæ дæр. 1934 азы паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хайадисджытæ къахæй ахызтысты Магъы æфцæгыл.  Проект хуынд «Экскурсия-Культпоход – Гастроли в Ленинград».

Харебаты Димитр, педагогон зонæдты кандидат йæ мысинæгты фыста: «Оркестртæ фаг æхца куы æрæмбырд кодтой, уæд 1934 азы июны ацыдыстæм экскурсийы Ленинградмæ. Галайы фырт уый размæ ацыд уырдæм æмæ бацæттæ кодта хæрзуаг цардæн æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ. Балцыл къухдариуæгад кодта Галаты Барис йæхæдæг æмæ йæ гармонист, оркестрты æмæ ансамблы  организацийы фæдыл йæ активон æххуысгæнæг Къорнаты Барис. Фыццаг бон автобусыл бацыдыстæм Дзаумæ, æмæ уырдыгæй та къахæй цыдыстæм Дæллаг Рукъы онг. Уым ныл тынг хъармæй сæмбæлдысты Рукъгомы æппæт хъæуты цæрджытæ. Сихорафон сын радтам концерт. Нæ зарджытæ æмæ музыкæ зæлыдысты æнæхъæн комы. Иууылдæр баззадысты райгондæй.

Уыцы бон изæрæй къахæй ныццыдыстæм Дзомагъмæ. Хъæуы цъус цæрджытæ уыд, фæлæ нæ уыдон дæр райстой тынг хорз. Дыккаг бон райсомæй раджы нæ фæндаг акодтам Магъы æфцæгыл Къостайы райгуырæн хъæу Нармæ. Изæры скъолайы бæстыхайы радтам концерт, æрæмбырд бирæ адæм. Уыцы бон сихормæ бахæццæ стæм Мызурмæ. Тынг хорз ныл сæмбæлдысты. Ам дæр нæ концерт ацыд бæрзонд æмвæзадыл.

Дыккаг бон нæ æрзæткъахæн управленийы къухдариуæгад автобустыл арвыста Алагирмæ. Уым нæ сбадын кодтой поездыл æмæ цыбыр рæстæгмæ бацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Изæры нæм уазæгдонмæ æрбацыд нæ уарзон фыссæг Фæрниаты Къоста (Фæрнион). Уый цалдæр азы куыста Цхинвалы æмæ нæ алкæимæ дæр хорз зонгæ уыд. Ахизын нæ кодта поезды онг. Æртæ бонмæ уыдыстæм Мæскуыйы æмæ уырдыгæй та æхсæвы 11 сахатыл ацыдыстæм Ленинградмæ. Ацы горæтмæ ныхæццæ стæм дыккаг бон сихорафонмæ».

Æрæмбырдуæвджытæ базонгæ сты «Симд»-ы раздæры курдиатджын солист Æрсойты Владимиры (Саго) уацимæ. Æрсойы фыртимæ æрæмбырдуæвджытæ ныхас кодтой видеобастдзинады фæрцы. Уый загъта:  «Галаты Барисы номыл нæ уарзон зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ыл æххæст кæны 85 азы æмæ йын 1938 азы бындур æвæрд куы æрцыд, уыцы бонæй нымайгæйæ та – 92 азы. Юбилейон аз ын у, 1938 азы ноябры мæйы йын Паддзахадон статус куы радтой, уыцы бонæй нымайгæйæ. Фæлæ Барис Александры фырт 1931 азы æрæвнæлдта педагогон техникумы цур æмхæццæ 4-хъæлæсон хор хъисджын оркестримæ саразынмæ. Колектив конд уыд хор, хъисджын æмæ духовон къордтæй, фæстæдæр сæм æрбаиу кодтой кафджыты къорд, кæцыйыл къухдариуæгад кодта уыцы рæстæджы зынгæ кафæг Тототы Ясон.

Галаты Барис йæ боныджы фыста, зæгъгæ, педагогон техникумы зард æмæ кафты ансамбль 1932 азы уыд реалон коллектив. Уый 1931 азы Ленинградæй æрласта инструменттæ, кæд алцы нæ, уæддæр 52 адæймаджы скондæй сарæзта оркестр. Райдыдтой концерттæ дæдтын театры сценæйыл. Уæдæ цæмæннæ хъуамæ нымайæм, коллективæн 1931 азы бындур æвæрд кæй æрцыд, уыцы бон. Сывæллоны райгуырæн бон нымад цæуы, райгуырды тыххæй йын бæлвырдгæнæн куы раттынц, уæдæй нæ, фæлæ а-дунемæ куы фæзыны, уыцы бонæй. Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы æппæт коллективтæ дæр сæ Райгуырæн боныл нымайынц, паддзахадон статус сын куы радтой, уæдæй нæ, фæлæ сæ сырæзты бонæй».

Иу изæр Галаты Барисы хæдзар-музейы

Зынгæ фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Дзугаты Георги та йæ уац «Зардæмбæлццон»-ы фыста: «1934 аз. Сæрды тæмæн. Ленинград. Ам, Таврическийы бæласдоны сæ кæронбæттæн концерт æвдыстой Сталиниры педагогон техникумы зард, кафты æмæ тæнон фæндырты оркестры къордтæ. Адæмæй къухбакæнæн нæ уыдис, канд сценæмæ кæсæн бандæттыл нæ, фæлæ æмткæй æппæт бæласдоны дæр. Нæ номдзыд уæздан «Симд», нæ лæппуты зынгбазыр кæфтытæ, нæ сæрибаруарзаг цъæхснаг ирон зарджытæ сæхимæ æркæсын æмæ æрæхъусын кодтой аивадуарзаг адæмы. Се ‘мдзæгъдæй бæстæ сæ сæрыл истой, кæрæдзийы сæрты кастысты. Мах дæр куыннæ ныббуц стæм æмæ не ‘ппæт арæхстдзинæдтæ, не ‘ппæт хъарутыл нал бацауæрстам.

Концерт куы фæцис, уæд нæм сценæмæ æрбахызт бæзæрхыгтæ конд, тымбылдзæсгом лæг æмæ худæндзастæй сдзырдта: – Æгас цæут, ме ‘мбæстаг хæлæрттæ! Стæй комкоммæ бацыд Галаты Барисмæ æмæ йын йæ къух райста. Загъта йын зæрдиаг арфæйы ныхæстæ. Галайы фырт ын йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ загъта: – Стыр бузныг, Сергей Мироны фырт!

Махæн уыцы ном фехъусгæйæ, нæ сæры хъуын барц абадт, нæ зæрдæтæ фырцин, фырдиссагæй нæ риуты сгуыпп-гуыпп кодтой æмæ кæрæдзийæн ныллæг-хъæлæсæй ахъус-хъус кодтам: – Киров, Киров, Киров. Галайы фырт нæ цæсты уæлдай тынгдæр фæкадджындæр. Иуæй уымæн, æмæ йын С.Киров æфсымæрау йæ къух зæрдиагæй кæй нылхъывта, иннæмæй та  нæ Къорниаты Барисимæ ахæм æрдхæрæны балцы кæй ракодтой, уый тыххæй».

Йæ мысинæгтæ радзырдта Четион Мая дæр. у «Симд» азы дæргъы концерттæ радта 130 хатты. Бирæ хатт-иу гастролтæм ацыдысты æртæ мæйы æмгъуыдмæ. Гастролты уыдысты Дард Хурскæсæны, Астæуккаг Азийы æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта РХИ-йы сгуыхт артисткæ, РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг.

Композиторы бындартæ ма сорганизаци кодтой равдыст дæр. Уым, æгæрыстæмæй, уыдысты рагон стæм къамтæ,  алы æмæ алы азты концертты программæтæ, хонæн билеттæ театры  раздæры директор Хетæгкаты Владимиры цыбыр фыстæджытæ æмæ бирæ æндæртæ. Изæр рауад цымыдисон æмæ  арфæйаг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.