6-æм декабры изæры нæ республикæйы культурон царды æрцыдис стыр æмæ æнæферохкæнинаг цау. Легендарон Паддзахадон ансамбль «Симд» Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл равдыстой диссаджы юбилейон концерт. Ирыстоны аивадуарзджытæ банысан кодтой ансамблы 85 азы юбилей.

Уыцы изæр зымæгон уазал къæвдатæ дæр нæ баурæдтой ирон концертуарзджыты æмæ фондз сахат дæр нæма уыдис, афтæ æмбырд кæнын райдыдтой театры бæстыхайы алыварс.

Концертмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, афтæ ма æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Зал адæмæй байдзаг, нал дзы баззад иу афтид бынат дæр. Концертуадзджытæ Хуриты Батрадз æмæ Биазырты Стеллæ кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой, зæгъгæ, паддзахадон ансамбль «Симд» арæзт куы æрцыдис, уæдæй абонмæ йæ арæхстдзинæдтæ æмæ æнтыстытæ кæнынц хуыздæр æмæ фылдæр. Уыимæ ма æрымысыдысты ансамблы чи арæзта, абонмæ йæ сæргъ чи лæууыд, цы хистæр фæлтæртæ дзы рацыд æмæ дзы абон цы æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ кусы, уыдоны.

Уый фæстæ сценæмæкæсджытæн рав-дыстой документалон киноныв «Симд».

Юбилейон концерт байгом ирон удварны хæзна «Симд»-æй. Афтæ рæсугъд æмæ йæ хорз сæххæст кодтой æмæ артисттæ кафт цалынмæ кæронмæ æххæст кодтой, уæдмæ концертмæкæсджытæ цалдæр хатты къухæмдзæгъд самадтой.

Уыцы изæр ансамблы коллектив сæххæст кодта дæс кафты бæрц æмæ се ‘ппæт дæр уыдысты иттæг хорз, никæцы кафтмæ   ис дзы уыдис фау æрхæссæн «Зилгæ», «Хонгæ», «Хъаматимæ», «Абхазаг», «Цæцæйнаг», «Адыгейаг», «Чызджыты кафт» æмæ æндæртæм. Хореографтæ  цы ногдзинæдтæ бахастой, уыдон сын сæ аив-дзинад уыйбæрц фæхъæздыг æмæ фæ-мидисджын кодтой, æмæ сæ алкæцыйæ дæр зæрдæ рухс кодта.

Концерты фæстæ сценæмæкæсæг Коцты Людмилæйы куы афарстон, зæгъгæ, нæ артистты арæхстдзинад дæ зæрдæмæ цас бæрцæй фæцыд, æмæ нæ артистты арæхстдзинадæн цахæм аргъ кæныс, уæд банысан кодта: «Уый гæнæн нæй æмæ абоны концерт, нæ артистты дæсныйад æмæ арæхстдзинад искæй зæрдæмæ ма фæцæуа. Кастæн залы бадæг адæммæ æмæ сæ алкæй цæсгомæй дæр ирдæй зынд концертæй райгондæй кæй баззадысты, уый. «Симд»-ы концерттæм нырмæ дæр куыннæ цыдтæн, фæлæ ныр афтæ фæхъæздыг кодтой сæ репертуар, афтæ сырæзт сæ дæсныйад æмæ стыр бузныгæй баззадтæн. Фæнды ма раарфæ кæнын ансамблы аивадон разамонæг Коцты Сергейæн, стæй, кæй зæгъынæй хъæуы, артисттæн се ‘ппæтæн дæр.

Иннæ концертмæкæсæг Зассеты Элинæ та банысан кодта, зæгъгæ, концерт æнæхъæнæй дæр фæцыд мæ зæрдæмæ, Æгæрыстæмæй фырцинæй мæ кæуындзæг дæр æрцахста. Æмæ куыннæ  хъуамæ уой ахæм хорз æнкъарæнтæ, кæд æмæ артисттæ  сæ алы номыр дæр æххæст кодтой тынг рæвдз. Иунæг иу хатт дæр нæ рахатыдтон æмæ дзы исчи чысылдæр фæцудыдта. Ноджы ма йæ зæгъон, кæфтытæ се ‘ппæт дæр фæцыдысты мæ зæрдæмæ, нæ мæ уырны æмæ ма дунейы искæцы артист Дудайты лæппуйау афтæ рæсугъд акафа «Хъаматимæ кафт».

«Симд»-ы коллективæн сценæмæ дидинджытæ барвыстой Хуссар Ирыстоны Хицауад, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар, «Россотрудничество» æмæ æндæр уагдæттæй.

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йæхи æмæ залы уæвджыты номæй арфæйы ныхæстæ загъта артисттæн, чи сын разамынд кæны, уыдонæн æмæ банысан кодта: «Раныхас кæныны тыххæй никуы фæтыхстæн, алы хатт дæр мын вæййы цы зæгъон уый, фæлæ абон ахæм бæрзонд æмвæзадыл аивад фенгæйæ цы зæгъон уый дæр мын нал ис. Мæхицæй тынг ныббуц дæн, ахæм диссаджы коллектив нын кæй ис, уый тыххæй». – загъта бæстæйы сæргълæууæг. Уый фæстæ Президент æрымысыд æмæ раарфæ кодта «Симд»-æн бындур чи æрывæрдта æмæ йæ къахыл чи слæууын кодта æмæ йæ абонмæ чи æрхæццæ кодта, уыцы ветерантæн. Сæрмагонд бузныджы ныхæстæ ма загъта Æлборты Иналæн, ныр æхсай азæй фылдæр ансамблыл йæ зæрдæ кæй нæ сивта æмæ дзы æнæзæрдæхудт куыст кæй кæны, уый тыххæй. Раарфæ ма кодта абон ансамблы ном кадимæ чи хæссы, ирон аивад бæрзонд чи исы, уыцы æрыгон артисттæн дæр.

Уый фæстæ Президент «Кады орден»-тæй схорзæхджын кодта ветерантæ Тъехты Петр æмæ Хъотайты Кларæйы. Æрыгон артисттæй Тъехты Павел, Æлборты Алан æмæ Багаты Шота Президенты къухтæй райстой Хуссар Ирыстоны «Сгуыхт артист»-ы  нысæнттæ.

Юбилейон концерты кæрон цалдæр артисты Культурæйы министрады «Кады грамота»-тæй схорзæхджын кодта министр Зæгъойты Рада.

Концерты ма раныхас кодтой «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сергей æмæ паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Сæ дыууæ дæр банысан кодтой паддзахадон ансаблы нысаниуæг æмæ арфæ ракодтой «Симд»-ы коллективæн йæ юбилейы цытæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.