Цытджын æмбæстæгтæ!

1991 азы 28 апрель у хъынцъымы бон. Ленингоры районы Цъинагары хъæуы уæд авд æнæгарзджын цæрæджы мард æрцыдысты.

Сабыр цæрджытæ сæ Райгуырæн зæххыл хъахъхъæдтой сæ фосы сæрвæтæй атæрынæй æмæ сæ гуырдзиаг фашисттæ амардтой.

Не ‘мзæххонтæ – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъойты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймуразы рухс нæмттæ Хуссар Ирыстоны рох никуы уыдзысты.

Ирæтты ныхмæ гуырдзиаг националистты фыдмиты факттæ, сабыр цæрджытæ, хистæр кары адæм, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты æбуалгъ æфхæрдтытæ абоны онг нæдæр дунейы æхсæнады, нæдæр æхсæнадæмон тæрхондоны ‘рдыгæй зылынджыныл нымад не ‘рцыдысты. Уымæн æмæ уыдон кæддæриддæр æвдыстой ирæтты æрдæм дискриминацион ахаст.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ фыдракæндтæ цы Гуырдзыстон сарæзта, уый абон дæр йæ реваншистон хъуыдытæ нæ ныууагъта. Нæй æмгъуыд уыцы фыдракæндтæн æмæ ирæтты геноциды хайадисджытæ иууылдæр хъуамæ баййафой карз æфхæрд.

Бирæ азты дæргъы фашизмы ныхмæ лæууыдысты Хуссар Ирыстоны хъæбатыр фырттæ, иу æмæ дыууæ хатты не слæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ сæ цард лæвæрдтой нæ адæмы фидæны сабыр æмæ дидинæфтыды сæраппонд.

Мах хæсджын стæм, цæмæй Фыдыбæстæйы сæрибардзинады, нæ зæххыл цæрыны бары, нæ сывæллæттæ хъомыл кæнын æмæ фидæны пълæнттæ аразыны барты сæраппонд цы æцæг хъайтартæ, цы хуымæтæг æмбæстæгтæ радтой сæ цард, уыдоны рухс нæмттæ ма рох кæнæм.

Уадз æмæ нæ бæстæ уæд сабыр æмæ фæрнджын. Историон мысынад та уадз æмæ ныры æмæ фидæны фæлтæртæн суæд фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл фæдзæхст.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.