Зынаргъ æмбæстæгтæ!

1989 азы 23 ноябрь у Хуссар Ирыстоны историйы ахсджиаг бонтæй сæ иу.

Æртын æртæ азы размæйы цаутæ сбæлвырд кодтой Хуссар Ирыстоны адæмы хъысмæт, хуссарирыстойнаг национ-сæрибаргæнæн змæлды идеологи аразыны хъуыддаджы сын ахсджиаг нысаниуæг кæй уыд, уый тыххæй.

1989 азы 23 ноябры ирæттæ, горæт Цхинвалы цæрджытæ æхсарджынæй æмæ ныфхастæй архайгæйæ, уæндонæй æмæ æргомæй слæууыдысты знаджы раз æмæ бахъахъхъæдтой сæ Райгуырæн зæхх.

Хуссар Ирыстоны цæрджыты уæды фæлтæр цы фæндаг равзæрстой, уый уыд сæрибардзинады пайдайæн, мадæлон æвзагыл дзурыны бары æмæ национ рæзты бæрæггæнæг фæндаг. Уыцы бон нæ хистæр фæлтæр равдыстой стыр сгуыхтдзинад.

Гуырдзиаг неформалтæ 1998 азæй активонæй архайдтой Хуссар Ирыстоны ныхмæ, уагътой ирæтты ныхмæ пропагандон митингтæ, ирæтты хуыдтой Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы знæгтæ. Уæды рæстæджы официалон прессæйы мыхуыр цыдысты ирон адæмы æфхæрæн статьятæ. Уыдон цадæггай рахызтысты адæймаджы бартæ массон æгъдауæй халынмæ, уый фæстæ та — Хуссар Ирыстоны ныхмæ тугкалæн хæстмæ, Гуырдзыстоны ССР-йы æппæт территорийыл ирæтты геноцид æмæ сæ этникон æгъдауæй скуынæг кæнынмæ.

Практикон æгъдауæй партион-паддзахадон номенклатурæйæн йæ бон нал уыд къухдариуæгад кæнын æмæ бахауд нацистон зондылхæст неформалон баиугæндты æндæвдады бын. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмæ цы 40-минон гæрзифтонг гуырдзиаджы хъавыдысты æрбацæуын, уыдоны ’хсæн уыдысты партийы секретартæ æмæ алы æмвæзады чиновниктæ. Гуырдзиаг националисттæ хъавыдысты сæ акцийы руаджы ирон адæмы фæтæрсын æмæ ныддæлдзиныг кæнын, фæлæ Цхинвалмæ æрцæуæны гарзджын агрессоры ныхмæ, сæ къухты рæмбынтыл ныххæцгæйæ, æрлæууыдысты æртын лæппуйы бæрц æнæ хæцæнгарзæй. Уайтагъд сæм æрбацыдысты æндæр æмбæстæгтæ дæр, кæцытæ цæттæ уыдысты сæрибардзинад, кад æмæ нацийы фидæныл тох кæнынмæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Мах нæ зæрдыл хъуамæ дарæм Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Аланийы арæзтады фæндаг кæй райдыдта 1989 азы 23 ноябры хуымæтæг цхинвайлаг лæппуты сгуыхтдзинадæй, кæцытæ слæууыдысты гуырдзиаг нацизмы ныхмæ.

Уыцы боны цаутæ равдыстой адæмы æнгомдзинадæн бирæ кæй у йæ бон. Мах хъуамæ хъуыды кæнæм уыцы фæлтæрддзинад æмæ йæ адæттæм кæстæр фæлтæрмæ. Æрмæстдæр кæрæдзимæ æнгом балæугæйæ æмæ быхсгæйæ махæн нæ бон бауыдзæн эффективонæй дуджы æртхъирæнты ныхмæ фæлæууын æмæ нæ разылæууæг хæстæ æмæ фæндтæ æнтыстджынæй æххæст кæнын.

Ацы бон мах æрымысæм не ’мцæдисонты, бæлвырддæрæй та — Уæрæсейы Федерацийы, кæцы Хуссар Ирыстонæн зын историон дуджы балæууыд нæ фарсмæ æмæ нын баххуыс кодта æмæ абон онг дæр æххуыс кæны. Абон мах æрмæст нæ историйæ не стæм сæрыстыр, фæлæ ма ныфсджынæй аразæм нæ фидæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, царды хуыздæр фæндиæгтæ æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан