Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы 8-æм август у Хъынцъымы бон, – Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны æххæстмасштабон аргессийы райдиан.

Цæуынц азтæ. Фæлæ фæмардуæвджыты тыххæй рыст нæ къаддæр кæны, 2008 азы августы трагикон бонты цаутæ, æнæадæймагон хъизæмæрттæ æмæ маст, кæцы нæ адæм бавзæрс-той Гуырдзыстоны тугкалæн агрессийы рæстæджы, мысинагæй баззадысты хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæты. Уыцы тæссаг хæсты фæстиуæг систы сабыр цæрджыты, зæрæдты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты бирæнымæц амæттæгтæ, пырх скъолатæ, сабидæттæ, хосгæнæн уагдæттæ, культурон бынты объекттæ, хъæутæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ. Ацы агрессийæн нæ адæм сдзуапп кодтой хъæбатырæй, удуæлдайæ слæууыдысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Æмæ знаджы æнæнхъæлæджы æрбабырст, æмæ нымæцæй дæр фылдæр кæй уыдысты, уымæ нæ кæсгæйæ, нæ адæмы æхсардзинад æмæ Уæрæсейы æххуысы фæрцы нæ бон ссис тугмондаг агрессоры æруромын æмæ йын йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын кæнын, ирон адæмы ирæтты зæххæй асыгъдæг кæныны фæдыл.

Мах никуы ферох кæндзыстæм фондзбонон хæсты, нæ зæххыл сабырдзинады, нæ адæмы фидæны сæраппонд йæ цард чи радта, уыдоны нæмттæ.

Æнусон мысынад – фæмардуæвæг хъайтартæн!

Æнусон кад, сабыр рæстæджы нæ хæдбар республикæйы фæрныгадæн чи фæллой кæны, æппæт уыдонæн, цæмæй не ‘взонг республикæ суа дидинæфтаугæ æмæ хæрзвадат бæстæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.