Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ, цытджын æмбæстæгтæ, нæ иумæйаг Ирон Фарн æмæ Æгъдау дарддæргæнджытæ!

Æрæввахс кæны 2022 азы 10 апрель — Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ. Нæ бæстæйы мингай æвзарджытæ хъуамæ аскъуыддзаг кæной, сæ хъæлæстæ кæмæн радтой, уый, æмæ уый æмрæстæджы гæнæн ис чидæртæ сæвæрой ахæм фарст дæр — хайад райсой æвзæрстыты æви нæ, кæцыйы бар махæн нæй, кæд Хуссар Ирыстон — Аланийы фидæныл хъуыды кæнæм, уæд. Æниу махмæ ахæмтæ дæр ис, кæцытæ бынтондæр нал æууæндынц хицауиуæгадыл, истæмæн ма фæивæн ис æви нæ, ууыл. Афтæмæй та 2022 азы æвзæрстытæ фактон æгъдауæй нысан кæнынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ чи хъавы, уыдонæй сæ иуыл баууæндыны фæдыл референдум.

Мах хъуамæ равзарæм ахæм адæймаджы, кæцымæ ис æнæлаз фæндтæ, у фæндвидар, архайынхъом, хъуамæ не ‘ууæнк бафтауæм ахæм адæймагыл, кæцы нын нæ хъæлæстæ тыхæй нæ домы, ома, æцæгæй аккаг чи у, ахæмтæ афтæ нæ кæнынц: æвзарджытæ хъуамæ зоной сæ кандидаты, кæцыйы нæ хъæуы, йæхи адæмæн тыхæй æвзарын кæна, уый сæр!

Æрмæстдæр активондзинад æмæ солидарондзинад равдисгæйæ бауыдзæн махæн нæ бон, бирæ дзургæйæ мацы аразыны принципыл хæст чи у, ахæмты нæ, фæлæ нын нæ интерестæ, куыд æмбæлы, афтæ чи хъахъхъæндзæн, ахæм адæймаджы уæлахиз къухы бафтын кæнын. Æмæ ахæмтæ та, мацы аразгæйæ бирæ чи дзуры, ада-гъа исты пайда æрхæссой нæ фидæны цардæн. Фидæнæн бамбарæн нæй, нæ ивгъуыдæй нæхи куынæ атонæм, уæд. ССР Цæдисы ныппырх, кæцыйы хай уыдис Хуссар Ирыстон дæр, стыр трагеди уыди, кæцы бандæвта æмæ æндавы нæ æхсæнады цардархайд æмæ цæрдхъомдзинадыл, æмæ уæлдай ахсджиаг та у, цардæн аргъ кæныны æмбарынад, кæцы у идеологи, æмæ нæ фаг кæны постсоветон тыгъдады!

2022 азы 10 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æрбацæудзысты æвзарæн фадгуытæм æмæ сæ равзæрст сараздзысты ахæм политикы пайдайæн, кæцы æввахс фондз азы дæргъы хъуамæ уа нæ бæстæйы сæргълæууæг, æхсæндунеон аренæйыл нын размæ кæна нæ интерестæ, скъуыддзаг æмæ бæлвырд кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон æмæ æддагон политикæйы приоритеттæ.

Æрмæст Республикæ Хуссар Ирыстоны, нæ цæрæн пунктты рæзты перспективæтæ нæ, фæ-лæ алы бинонты, алы адæймаджы, æмбæстаджы фидæн дæр кæнгæ у уымæй, махæй алчи дæр йæ равзæрстыл куыд ахъуыды кæна, куыд сбара, æмæ бæрн-дзинад куыд банкъара, уымæй, уый хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æв-зæрстытæ аккагæй ауадзын æр-мæст æвзарæн къамисты æнгом куыстæй кæнгæ кæй нæу, фæлæ уыцы æвзарæн процессы хайад райсынмæ махæй алкæй тырнындзинадæй дæр.

Мæн уырны, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй сараздзысты раст равзæрст, нæ интерестæ нын чи хъахъхъæна, экономикон фарстатæ чи æвзара, кризисон уавæртæ аиуварс кæнынмæ чи арæхса, нæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын кæй бон бауыдзæн, фидæны фæлтæртæн æй чи бавæрдзæн, Райгуырæн бæстæйы идеологийы фарстатæм æмбæлон хъусдард чи здахдзæн, нæ адæмы нын хорз чи æмбардзæн, æмæ йын æрмæстдæр рæстдзинад чи дзурдзæн, йæ архайдтыты æвзарджыты, ома националон интерестæй чи къухдаруæг кæндзæн, уыцы нымæцы нæ адæмы царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл чи архайдзæн, ахæм адæймаджы тыххæй схъæлæс кæнгæйæ.

Æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы алы хатт дæр куыд вæййы, афтæмæй та æхсæнады сæвзæрд бæлвырд æндыгъддзинад, иу кæнæ иннæ политикон интонаци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ иу кæнæ иннæ кандидатмæ ахасты фæдыл, уый æмрæстæджы иуæй-иу æмбæстæгтæ адæймаджы моралон миниуджытæ, этикæ, боныфæстаг-мæ культурæмæ цъынд цæстытæй кæсгæйæ райдыдтой кæрæдзийыл цъыфкалæн кæнын со-циалон хызæгты, уæлдайдæр та Feisbuk-ы, уыцы америкæйаг дам-думтæ æмæ чъизидзинæдты бырондоны.

Ау, бирæ æндæр адæмтæн сæ бон раппæлын кæмæй нæу, ахæм ивгъуыд, ахæм хъæздыг истори кæмæн ис, уыцы адæмæн сæ бон нæ бауыдзæн йæ политикон æмæ адæймагадон культурæ фенын кæнын, йæ æмбæстагон активон позици раст, барадон хуызы равдисын?

Ау, ма хъуамæ хъуыды кæнæм æрмæст æхсæнадон нæ, фæлæ æрмæстдæр махмæ чи ис, уыцы моралон нормæтæ, Æгъдау, Намыс бахъахъхъæныныл, уымæн æмæ æвзæрстыты иууыл бæр-зонддæр мидис у — адæмы фæндон равдисын!

Мах хъуамæ рахæцæм нæ адæмы фæндондзинады факт æмæ фæстиуджыты æвварс.

Схъæлæс кæнут, кæуыл æууæндут уый тыххæй!

Схъæлæс кæнут Паддзахад Аланийы фидæны тыххæй!

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы
Хуссарирыстойнаг хайады сæрдар Гаглойты Роберт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.