1-æм май – Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон, Фæллойы бон, Уалдзæджы бон, Фæллойгæнджыты æхсæнадæмон æмзæрдæдзинады бон нысан цæуы бирæ бæстæты. Советон Цæдисы 1-æм май  бирæ азты дæргъы нымад цыд сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй иуыл. Уыцы бон-иу уагъд цыдысты фæллойгæнджыты демонстрацитæ æмæ  парадтæ. Бæрæгбоны дыккаг бон та, куыд фæтк, афтæ æппæт бæстæйы дæр уагъд цыдысты, афтæхуыйнæг «маевкитæ» – æрдзы хъæбысы дзыллон бæрæгбонтæ.

1-æм май æрвылаз дæр нысан кодтой Хуссар Ирыстоны дæр. Горæт Цхинвалы уынгтæ-иу афтæ срæсугъд кодтой æмæ-иу сæ уындæй зæрдæ рухс кодта. Уыимæ-иу уæдмæ бæлæстæ сыфтæр рафтыдтой, стæй ма бæрæгбоны цытæн алыгъуызон плакаттæ æмæ сыгъдæг уынгтæ æнахуыр рæсугъд бæрæгбонгъуыз лæвæрдтой горæтæн. Адæмæн-иу уыд хъæлдзæг зæрдæйы равг, иууылдæр-иу уыдысты бæрæгбонвæлыст. Парады-иу рацыдысты автономон областы организацитæ æмæ куыстуæтты кусджытæ. Алчидæр тырныдта бæрæгбонон парадмæ исты ног уæлæдарæс балхæнынмæ. Парадмæ бакæсынмæ-иу æрцыдис бирæ адæм, уыцы нымæцы районтæ æмæ хъæутæй дæр. Æгæрыстæмæй-иу ацæр-гæ адæмы дæр фæндыд горæтмæ æрцæуын æмæ парад фенын. Парады фæстæ-иу адæм агуылф кодтой стыр паркмæ, цыран куыстой алыгъуызон хиирхæфсæн каруселтæ æмæ-иу адæм хъæлдзæг рæстæг арвитгæйæ, райгондæй сæ хæдзæрттæм здæхтысты, систой-иу къамтæ дæр.

Абон, 1-æм май, нырыккон Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны дæр нал у демонстрациты, лозунгты, тырысаты æмæ резинæ къориты бæрæгбон. Раздæр, Советон Цæдисы рæстæджы, ацы бæрæгбон кæд фæллойгæнджыты дунеон æмзæрдæдзинады бон хуынд, уæд куыдфæстагмæ фесæфта йæ политикон характер æмæ ныр та бирæ бæстæты 1-æм май нысан кæнынц, куыд Фæллойы бон, афтæ. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы 1-æм май уыд революцийы, къласон тохы символ, уыдис ын политикон нысаниуæг æмæ уымæ гæсгæ нысан цыд демонстрацитæй, цыран демонстранттæ сæ къухты хастой политикон архайджыты, кондады раззагонты портреттæ, афтæ ма лозунгтæ, плакаттæ æмæ диаграммæтæ адæмон хæдзарады, зонады, культурæйы къабæзты æнтыстыты тыххæй. Демонстранттæ ма-иу сæ къухты хастой куыд удæгас дидинджытæ, афтæ гæххæттæй арæзт дидинджытæ дæр æмæ сабырдзинады символ – хъæдæрмæгæй арæзт бæлуæтты. Демонстрантты цæсгæмттыл-иу зынд цины æнкъарæнтæ, сæ уæхсчытыл-иу хастой сæ чысыл сывæллæтты. Зындис-иу сыл бæрæгбонон зæрдæйы равг-иу сын кæй уыд, уый.1990 азы 1-æм майы Советон Цæдисы æмæ Коммунистон партийы къухдариуæгад фæстаг хатт схызтысты Мавзолейы трибунæмæ, цæмæй фæстаг хатт райстаиккой 1-æм майы цытæн демонстрацийы. 1992 азæй фæстæмæ адæмы уарзон бæрæгбон ивд æрцыд Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбонмæ æмæ нымад цæуы улæфтбоныл. Официалон æгъдауæй ацы бон Уæрæсейы Федерацийы Фæллойадон кодексы 112-æм статьяйы фидар æрцыд 2001 азы 30 декабры. Фæлæ куыдфæнды ма хоной ацы бæрæгбоны, фæнды Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады бон, фæнды Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон, уæддæр бирæтæн 1-æм май традицион æгъдауæй баззад уалдзæджы символæй. Эмоционалондзинад хæссæг бæрæгбон баст у æрмæст уалдзæджы æрдзы райхъалимæ нæ, фæлæ ма куыд иумиаг цытджын бæрæгбон, афтæ, кæцы иу кæны æппæт уæрæсейæгты. Уæрæсейы профцæдистæ, партитæ æмæ алыгъуызон здæхты змæлдтытæ фæуадзынц лозунгтимæ акцитæ.

Уæрæсейы империйы 1-æм май фыццаг хатт нысан æрцыд 1891 азы Санкт-Петербурджы, уæд уагъд æрцыд кусджыты нелегалон æмбырд. 1897 азæй фæстæмæ та майы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой политикон характеримæ массон демонстрацитæй. 1917 азы 1-æм майы ацы бæрæгбон фыццаг хатт нысан æрцыд æргомæй. Бæстæйы æппæт горæтты милуангай кусджытæ рацыдысты уынгтæм коммунистон партийы лозунгтимæ – «Вся власть Советам», «Долой министров-капиталистов», зæгъгæ. Фыццаг хатт 1-æм майы парад уыд 1918 азы Ходынаг быдыры æмæ Советон Цæдисы ссис дзыллон бæрæгбон. Æмæ æцæгæйдæр, уый уыд фæллойгæнджыты бæрæгбон фылдæр хатт дыууæ улæфтбонимæ.

Фыццæгæм майы æнæхъуаджы не схуыдтой Фæллойы бон. Йæ равзæрд баст у мурттаттаг динимæ. Раджы, æртæ мин азы размæ, Рагон Италийы цæрджытæ куывтой сылгоймаг зæд Майамæ – зæхх æмæ хъæздыг тыллæг æрзайыны аудæгмæ. Майайы цытæн схуыдтой майы мæй дæр, æмæ мæйы фыццаг бон та тезгъо кодтой, цæмæй зæхх бахуым кæнын æмæ тауыны куыстытæ æнæхъуаджы ма фæуой, æмæ сын уа хъæздыг тыллæг райсыны фæстиуджытæ. Алчи йæ нæ зоны ацы популярон социалистон бæрæгбонæн йæ райдиан Америкæйы кæй ис, уый. Ацы «сырх боны» истори баст у 1886 азы Чикагойы æрцæугæ цаутимæ. Уыцы аз 1-æм майы Чикагойы фабрикæты кусджытæ расидтысты куыстурæд 15-сахатон кусгæ боны ныхмæ æмæ сын сæ хицæуттæй æрдомдтой 8-сахатон кусгæ бонмæ рахизын. Демонстрацитæ уагъд цыдысты цыппар боны дæргъы. Уый фæстиуæгæн æрцахстой æмæ стæрхон кодтой сæдæгай митинггæнджытыл, амардтой æхсæз кусæджы æмæ цæфтæ та фесты 50 адæймаджы. Фæлæ уый дæр нæ баурæдта кусджыты. 1889 азы 2-æм Интернационалы 1-æм Конгресс Парижы рахаста уынаффæ, цæмæй 1-æм май нымад æрцыдаид æппæт бæстæты пролетариты æмзæрдæдзинады дунеон боныл æмæ 8-сахатон кусгæ боны тыххæй тохы дунеон боныл.

Æрфарсты фæстиуджытæ куыд фенын кодтой, кæцыйы рæстæджы бафарстой 2 мин уæрæсейаджы, уымæ гæсгæ уæрæсейæгты 41,1 процентæн 1-æм майы бæрæгбон фыццаг рады у Уалдзæг æмæ Фæллойы бон. 22,4 проценты респонденты та ацы бон нымайынц фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады дунеон боныл æмæ æмбæстæгты 13,3 проценты та – 1-æм май схуыдтой хуымæтæджы улæфтбон. Ныр цалдæр азы Уæрæсейы уагъд æрцæуынц демонстрацитæ. Фæлæ ацы аз бæрæгбоныл æндæр форматы, æнæ парадтæй сæмбæлдзысты бирæ горæтты  Мæскуыйы, Санкт-Петербург, Тюмены, Омск, Волгоград, Самарæйы, Екатеринбург, Воронежы, Хъырымы æмæ афтæ дарддæр. Сæйраг про-фессионалон баиугæнд – Уæрæсейы хæдбар профцæдисты федераци рекомендаци кæны бæрæгбоны цытджын æмбырдтæ-концерттæ ауадзыны тыххæй.

                                ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.