Майрæмбоны, Уæрæсейы Федерацийы делегаци, УФ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровы сæргълæудæй кусæгон балцы  æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Сергей Назаровы йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ райдыдта кусæгон æмбырд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстоны министрты кабинет æмæ уæрæсейаг делегацийы минæвæртты хайадистæй.

Уæрæсейы ‘рдыгæй æмбырды хайад райстой Федералон таможнæйон службæйы минæвæрттæ, Фæллойады министрад, Рухсады министрад, Базарады министрад, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад æмæ Экономикон рæзты министрады минæвæрттæ. Мадзалы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, Хуссар Ирыстонмæ се ‘рцыды æмæ республикæмæ сæ хъусдарды тыххæй.

«Ахæм цытджын делегацийы æрцыд баст у Хуссар Ирыстоны алыварсон рæзтыл. Уый у куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Ис ма дзы таможнæйон службæимæ  баст фарстатæ дæр. Уынаффæ ма кæндзыстæм товартæ ласыны фарстаты фæдыл дæр», – загъта Президент.

Сергей Назаров банысан кодта, зæгъгæ, «дыууæ фарсы ‘хсæн хорз æвæрд у диалог. Иумæйаг тыхтæй скъуыддзаг кæндзыстæм, цы проблемæтæ нæм ис, уыдон».

«Мах æркастыстæм, аскъуыддзаг кæныны стадийы цы проблемон фарстатæ сты, уыдонмæ. Нæ хæс у оперативонæй сæ аскъуыддзаг кæнын. Мах, Уæрæсейы фарсæрдыгæй, нæ тыхтæ ратдзыстæм уыцы фарстатæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ коллегæтæн дæр сæ нысан уый у», – загъта уый.

Дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, проблемон фарстатæ цас оперативондæрæй æмæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæнæм, уыйас нын нæ фембæлдтыты фæстиуæг сæхиуыл тагъд-дæр  банкъардзысты  республикæйы цæрджытæ.

Йæ рады Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй Сергей Назаров тынг хорз зоны Хуссар Ирыстоны, зоны йын йæ проблемон фарстаты дæр, зонгæ у, Инвестпрограммæйы реа-лизаци æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты тыххæй цы къахдзæфтæ арæзт цæуы, уыдонимæ дæр.

«Ногæй ницæуыл дзурдзыстæм. Уынаффæ кæндзыстæм æрмæстдæр фидæны планкæнынады фарстатыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйæн иууыл серьезон фарстатæ сты Инвестицион программæйы реализаци, паддзахадон æмбæстагон службæйы кусджытæн æмæ бюджетон куыстуæтты кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын. Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцæудзысты цалдæр боны фæстæ. Къахдзæфтæ аразын хъæуы Уæрæсеимæ арæныл уæзтæ æмæ товартæ ласыны, транспортон фæрæзты цæуыны хъуыддаг фæрогдæр кæныны тыххæй. Уыдоныл дæр уынаффæ кæндзыстæм. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2015 азы арæзтæрцæуæг бадзырды нысан цы интеграцион процесстæ æрцыдысты, уыдон реализаци цæуынц, æмæ уый тынг æхсызгон хъуыддаг у», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уæдæй фæстæмæ цы позитивон къахдзæфтæ арæзт цæуы, уыдон реализаци цæуынц.

«Мах цæуæм размæ, æмæ мæ фидарæй уырны, уыцы размæцыд кæй фæтыхджындæр уыдзæн», – банысан кодта Президент æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийæн, уæрæсейаг коллегæтæн, Инвестпрограммæйы фæлгæтты республикæйы цы инфраструктурæйы объекттæ, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, фæндæгтæ арæзт æрцыд æмæ цæуы, уый тыххæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.