Зынаргъ æмзæххонтæ!

1992 аз 20 май ссис ирон адæмы нырыккон историйы иууыл тугкалæндæр æмæ æбуалгъдæр бонтæй сæ иу. Уыцы бон гарзджын гуырдзиаг бандитты къухæй æхст æрцыдысты сабырцæрæг  адæм, кæцытæ сæхи ивæрзыны охыл цыдысты горæтæй Зары фæндагыл. Уыцы æбуалгъ фыдракæнд ныры онг дæр дисы æфтауы йæ æгъатырдзинадæй æмæ дзы адæм баризынц. Иууыл трагикондæр уый у, æмæ гуырдзиаг æнæадæймæгты амæттæгтæ кæй систы сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ. Уый у нæ  рыст æмæ байгасгæнæн кæмæн нæй, уыцы хъæдгом, æнаххос адæммæ фыдзæрдæдзинад. Уый у иумæйаг рис, фæлæ нæ нæ басаста, æрбангом кодта адæмы æмæ сфидар кодта сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ тырнындзинад.

Мах нæ зæрдæты дардзыстæм Зары трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Уый æрбангом кодта нæ адæмы, æмæ афтæ нымайын, мах не знæгты фыдæнæн  хъуамæ размæ цæуæм æмæ фидар кæнæм, æцæгæй дæр дидинæфтаугæ паддзахад саразæм.

Уадз, æмæ ахæм фыдракæнд ирон зæххыл мауал уа, уадз, æмæ нæ хæдзæртты уа сабырдзинад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.