Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери йæ фыццаг кусæгон фембæлд ауагъта Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг информацион-координацион центры директор Васили Шепелевимæ. ИКЦ-йы директор Министрæн бæстон æрдзырдта куыстуаты структурæйыл æмæ сæ разы цы фыццаградон хæстæ лæууы, уыдæттыл.

Æмгуыст кæныны фарстатыл дзургæйæ банысан кодтой, ныридæгæн хуыздæр кæй кæны куыст, бонæй-бонмæ сæ архайд кæй у æнтыстджындæр. Уымæй уæлдай ма æрдзырдтой æндæр актуалон фарстатыл, куыд æхсæнадæмон æвзæрдзинæдтæ æмæ бæрндзинадæй сæхи цы фыдгæнджытæ бааууон кодтой, уыцы фæстиуджытыл. Фембæлды рæстæджы сплан кодтой сæ дарддæры æмгуысткæнынады къахдзæфтæ

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.