Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд уалдзæг райдыдтой хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы фыццаг къæпхæны арæзтады куыстытæ. Уæдæй нырмæ æххæстгонд цæуынц æппæт организацион мадзæлттæ дæр. Арæзтадыл ныхас цалдæр азы цæуы, цыдæр куыстытæ дæр дзы бакодтой, фæлæ хъуыддаг нырмæ размæ нæ цыд. Уымæн æмæ йæ хардз æгæр бирæ лæууыд, фæлæ ныр федералон разамынд йæхимæ райста хæрдзты фылдæр хай æмæ куыст ацыд.

Цæгат Ирыстоны разамынд куыд нымайынц, афтæмæй нæм ныртæккæ «Мамысон»-ы арæзтадæй стырдæр æмæ ахсджиагдæр проект нæй. «Нæ хæс у туристтæн стыр удæнцой чи радта, ахæм нырыккон фадатджын курорт саразын, дунейы тыгъдады нæ куыд нымайой, афтæ. Куыддæр проект царды рауадзæм, афтæ республикæйы туризмы рæзт фæтыхджындæр уыдзæн. «Мамысон» та канд нæхимæ нæ, фæлæ Цæгат Кавказы суыдзæн сæйраг фысымуат æмæ туризмы центр», – фехъусын кодта Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис.

Куысты райдайæны, æмбæлгæ конкурсон мадзæлттæ ауадзгæйæ, хыгъд æрцыдысты тендеры бæрæггæнæнтæ. Конкурсы уæлахиздзауыл нымад æрцыд æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Доппельмайр Раша». Уыдонæн сæ хæс уыдзæн канатон фæндæгты ифтонггæрзтæ самал кæнын æмæ сæвæрын. Проектмæ гæсгæ, фыццаг канатон фæндаджы дæргъ уыдзæн 3, 2 мин метры, дыккаг фæндаджы дæргъ та – 1, 6 мин метры. Подрядчик амынд куыстытæ хъуамæ ахицæн кæна 2023 азы ноябрмæ.

Куыстыты иннæ хай та райдайдзæн ацы азы уалдзæджы. Арæзт дзы æрцæудзæн æппæт уавæртæ дæр кæм уа, ахæм улæфæн центр, 500 бæрц машинæтæ æвæрæн бынат, дуканитæ, фысымуæттæ, мед-пункт…

Цæгат Ирыстоны дæр æмæ федералон хицауады дæр ныфс ис, ацы стыр проект кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд республикæйæн  пайда кæй æрхæсдзæн.

Нæ уацх.