Индира Ганди историмæ бацыд куыд зондджын æмæ хъаруджын къухдариуæггæнæг, кæцы бирæ сарæзта Индийы дунеон авторитет сфидар кæныны тыххæй. Мах æрымысыдыстæм ивгъуыд номдзыд сылгоймæгты, кæцытæн, куыд Индира Гандийæн, афтæ сæ къухты бафтыд политикæйы къабазы дуне фæивын.

Голда Меир, израилаг политикон æмæ паддзахадон архайæг. Уый уыд Израилы 5-æм премьер-министр. Голда Меир йе ‘ппæт цард снывонд кодта, йæ сабийы бонты йæ чи фæхъыг кодта, уыдоны скуынæг кæныны тыххæй. Голда Меир йæхæдæг уыд иммигранткæ æмæ ссис иунæг сылгоймаг, кæцы бафыста Деклараци Израилы хæдбар-дзинады тыххæй, уыд Уæрæсейы Израилы фыццаг минæвар, фæллой æмæ социалон фæдзæхсты фыццаг министр, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр – фыццаг сылгоймаг, æмæ æппынфæстаг, фыццаг æмæ иунæг сылгоймаг премьер – министр. Æппынфæстаг, уый ссиис фыццаг сылгоймаг – фæтæг. Номхуындæй, Меир ссис цæвиттойнаг фидæны сылгоймæгтæ – лидертæн, куыд Маргарет Тэтчер æмæ Ин-дира Гандийæн.

Индира Ганди у фыццаг сылгоймаг, кæцы цалдæр азы дæргъы лæууыд Индийы хицауады сæргъ. Уый бацыд ацы бæстæйы историмæ. Йæ рæстæджы Инди ссис хæстон блокмæ ма баиукæныны змæлды лидертæй сæ иу. Ганди тох кодта гæвзыкдзинады ныхмæ, уый ауагъта бангты национализаци. Йæ хицауиуæгады рæстæджы бæстæйы тагъд темптæй рæзт сæудæджерад, уыцы нымæцы уæззау сæудæджерад дæр, арæзт æрцыд фыццаг атомон электростанц (Махараштрайы штаты). Хъæууон хæдзарады æрцыд цъæх революци. Уый руаджы паддзахад фыццаг хатт бирæ азты дæргъы ссис хæдбар хæлцадон продуктты импортæй. Ныры онг дæр Индира Гандийы нæ рох кæнынц æмæ йæ мысынц йæ райгуырæн бæстæйы. Æнæхъæн дунейы йын йæ номæн кад кæнынц. 

Глория Стайнем – æхсæнадон æмæ политикон архайæг, феминистон змæлды лидер, АИШ-ы бирæ организациты æмæ проектты бындурæвæрæг. Ацы сылгоймаг стыр хайбавæрд бахаста æмбардзинады тыххæй закъон баххæст кæнынмæ. («Гражданские права для черных в Америке», «Поддержка бедных», «Права женщин»). Уый ма дзырдта традицион сылгоймæгты архайдмæ фылдæр хъусдард аздахынмæ, лæг æмæ усыл бинонты хæслæвæрдтæ адих кæныны демократондзинады тыххæй дæр. 1972 азы йæ «McCallis» схуыдта «Афæдзы сылгоймаг», æмæ фæстæдæр та, 1983 азы нымад æрцыд Америкæйы иууыл дзырддзæугæдæр сылгоймагыл.

Маргарет Тэтчер. Уый уыд Стырбританийы 71-æм премьер-министр.  Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Тэтчер кæй у фыццаг æмæ нырма иунæг сылгоймаг, кæцы ахаста ацы пост. Уый æддейæ ма, уый у фыццаг сылгоймаг кæцы ссис европæйаг паддзахады премьер-министр. Маргарет Тэтчер райста «Æфсæйнаг леди»-йы фæсномыг, советон къухдариуæгады карзæй кæй критикæ кодта, уый тыххæй. Йæ хицауиуæгады рæстæджы уый царды ныббиноныг кодта къорд консервативон мадзалы. Йæ архайдтытæ систы афтæхуыйнæг «тэтчеризмы» политикæйы хуыз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.