Бирæтæ йæ зондзысты курорт Мамысоны арæзтадыл ныхас кæдæй цæуы, уый. Проект ын арæзт æрцыд цалдæр хатты, рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ, фæлæ…

Ныр республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бæстонæй æрæвнæлдта, Мамысоны тыххæй цы ног проект бацæттæ кодтой, уый царды рауадзынмæ. Уый тыххæй цалдæр хатты фембæлд федералон разамындимæ. Бауырнын сын кодта, хæххон лыжæты курорт зымæгон спорт уарзджытæн стыр цин кæй æрхæсдзæн æмæ республикæйæн та стыр пайда.

Мамысоны арæзтадон куыстытæ райдайыны тыххæй æрæджы бардзырд бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Фыццагдæр уал бавнæлдтой Мамысонмæ автомобилон тунелы арæзтадмæ, уый фæстæ райдайдзæн курортмæ иннæ фæндæгты арæзтад проект «Безопасные и качественные дороги»-йы фæлгæты. Нæ разамынды хъуыдымæ гæсгæ, курортмæ фæндæгтæ арæзт куы ‘рцæуа, уæд хæххон хъæуты дæр цард базмæлдзæн.

Фæлæ курорты арæзтады сæйрагдæр нысан у, йæ алыварс ын историон- федералон нысаниуæджы цыртдзæвæнтæ реконструкци кæнгæйæ сæ ис-торион хуыз  бахъахъхъæнын. Уый тыххæй бæрæггæнæнтæ æрвыст æрцæудзæн профилон ведомствотæм. Битарты Вячеслав культурон бынтæ бахъахъхъæнын бахæс кодта Архитектурæ æмæ арæзтады комитеты сæрдар Цæллагты Александрæн æмæ Культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ пай-да кæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилияйæн. Хицауады Сæрдар Тъускаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй лæмбынæг сахуыр хъæуы цырт-дзæвæнты фæзынды истори æмæ йæ реконструкцийы рæстæджы уыцы хуызы ныууадзын. Уыдон сты мæсгуытæ, кувæндæттæ, рагон цыртытæ, минералон дæтты гуырæнтæ…  Æдæппæт дæс объекты. Проектыл чи кусы, уыдон нымадмæ гæсгæ ацы историон бынæттæм тынг зæрдиагæй цæудзысты Мамы-соны улæфæг туристтæ.

Фæндæгты арæзтад æмæ цыртдзæвæнты реконструкцийы фæстæ райдайдзысты æндæр арæзтадтæ: дон бауадзын, сантехникон хызæг æмæ  интернеты бастдзинад саразын,  фысымуæттæ,  хæрæндæттæ… Уыдон арæзтады тыххæй нæм ныридæгæн се ‘ргом раздæхтой немыцаг, австриаг æмæ французаг инвестортæ, кæцытæ цæттæ сты туристтæн æппæт уавæртимæ городок саразынмæ.

Проекты автортæ куыд нымайынц, афтæмæй хæххон лыжæтыл бырыны  комплекс туристты исын райдайдзæн 2022 азы, куыстæй та сифтонг кæндзæн æртæ мин адæймаджы бæрц. Зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыцы туристтæ та нæм цæудзысты дунейы алы къумтæй. Уыдон цæмæй хорз баулæфой, уый тыххæй сын Мамысоны, стæй æмткæй Ирыстоны уыдзæн æппæт уавæртæ дæр.

                                                                    Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.