Мæ зæрдæ нæ хæссы

                                                                                 Мæн ардыгæй дард.

                                                                                 Ирыстон, Ирыстон –

                                                                                 Мæ авдæн, мæ мад.

                                                                                      Агуыбе

Ирон литературон зиууæттæ Мамсыраты Темырболатæй абонмæ дзæвгар сты. Зонд æмæ хъаруйæ æххæст уыдысты, фæлæ царды хæрзиуджытæй, царды бонтæй се ’ппæт хайджын нæ фесты. Дзæвгар у сæ нымæц, æдзардæй мæрдтæм чи бацыд, йæ хосгæрсты уис æрдæгыл кæмæн баззад, йæ зарæг арвмæ кæмæн нæ фехъуыст. Уыдонæй иу уыд зынгæ поэт æмæ тæлмацгæнæг Плиты Ароны фырт Агуыбе.

Курдиатджын ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг. Агуыбе æрдзæй стыр курдиаты хицау уыд, фæлæ йæ бæлас дидинæг рафтауын, дыргътæ раттын нæ бафæрæзта, царды бонты кадавардзинад ын йæ рухс фæндæгтæ ныкъкъуылымпы кодта. Æрдзон стыр курдиат ын уыд æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ. Йæхи æвзагыл мæлгъæвзаг уыд, хорз зыдта уырыссаг, англисаг, гуырдзиаг æвзæгтæ, фыста сыл æмдзæвгæтæ дæр, тæлмац кодта уыцы æвзæгтæй иронмæ дæр.

Раивта Роберт Бернсы, Эрнест Сетон Томпсоны, стæлмац кодта Хетæгкаты Къостайы этнографикон очерк «Особа»-йы англисаг æвзагмæ. Дзæвгар æмдзæвгæтæ ратæлмац кодта Есенинæй, хъавыд æй æнæхъæнæй стæлмац кæнынмæ, тæлмац кодта гуырдзийаг поэзи иронмæ.

Райгуырд Цхинвалы 1923 азы, йæ сабион бонтæ дæр ам арвыста, фæлæ йын фыдыуæзæг уыд Дзомагъгом, йæ фыды райгуырæн къуым Саджджынкъуырф, арæх цыд уырдæм дæр æмæ Тбилисмæ дæр. Бирæ уарзта йæ мад Гаглойты Раисæйы райгуырæн хъæу Къусчытæ дæр. Сæрды бонты ацы дыууæ хъæумæ цыд кæддæриддæр. Дзауы ком, Иры хæхтæ уыдысты йæ удæн иууыл адджындæр бæстæ. Уырдæм цæугæйæ йæм афтæ каст, цыма йыл дуне уæлдай тынгдæр ныррухс, мæргъты зарæг дæр уыд рæсугъддæр.

Йæ мад Раисæ уыд Ирыстоны номдзыд лæг Гаглойты Рутены хо. Дзауы район уæлдай рæсугъддæр каст Агуыбемæ, сæрыстырæй-иу рафæлгæсыд Саджджынкъуырфы рындзæй, кæнæ Къусджыты рагъæй, æмæ-иу сæрыстæрæй ныззарыд:

 

Ирыстон, Ирыстон, –

Мæ райгуырæн зæхх, –

Дæ цъуппамад хæхтæ –

Цъæх айнæг къæдзæх!

 

Дæ арф кæмтты дæттæ

Æрра богъ кæнынц;

Дæ сæрмæ æврæгътæ

Сындæггай цæуынц.

 

Зæйнад кæмттæ, фæхстæ

Сæрд адарынц цъæх.

Ирыстон-мæ бæстæ,

Мæ райгуырæн зæхх!

 

Агуыбейæн йæ фыд Арон рæстæй байсæфт 1937 азы. 14-аздзыдæй баззад йæ мад Раисæйы ‘вджид. Мад æмæ фырт уыдысты советон хицауады «фыдызнаджы» бинонтæ. Дзурын никæмæ уæндыдысты, сæхимæ дæр сын ничи уæндыди, «троцкисты» хæдзарвæндагæй тæрсгæйæ. Иу хуыцау хорз æмæ Агуыбейæн йæ мад баззад йемæ.

Дуг ахæм уыд, дугимæ зын хæцæн у. Мад уæддæр йæ тыхтæ радта йæ иунæг хъæбулы адæмы рæгъмæ ракæнынмæ. Æнтыстджынæй каст фæцис Агуыбе астæуккаг скъола. Ссис Æппæтцæдисон базарадон институты студент. Ацы рæгъытæ фыссæг Агуыбеимæ зонгæ уыд 1955 азæй йæ амæлæты бонмæ. Арæх не мбæлдыстæм, уымæн æмæ уый цардис Тбилисы. Цы йæ базыдтон, уымæй йæ тыхтæ фылдæр лæвæрдта гуманитарон предметтæм. Йæ мадæлон æвзаджы фæстæ йæ хъысмæт сбаста англисаг æвзагимæ. Уыцы хаххыл ын фæуд уыдис фæсарæйнаг æвзæгты Уæлдæр курсытæ. Чи йæ зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, Агуыбе хорз зыдта англисаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

Литературæйы жанртæй иууыл фылдæр уарзта поэзи. Йæ ирон æмдзæвгæтæ сты хæрзгъæд, нуарджын, аив ирон æвзагæй фæлыст. Зæгъгæ дæр æй кæны:

 

Æз дæр фæхъазын рифмæтæй, –

Æз царды дæн артист!..

Йæ адæм, йæ Ирыстон, Дзомагъгом æмæ Саджджынкъуырф, Къусджыты цæргæсбадæн – нæ сыл æфсæст цин кæнынæй, зæгъы сын æргом æмæ уæзданæй йæ ныхас Ног боны къæсæрыл:

 

Уæ цинæн ма уæд ацы зæххыл тайæн,

Уæ алы ног аз уыл фæрнæй цæуæд!

Йæ хæрзиуджытæ уыл хæларæй тауæд,

Уадз, дидинæй уæ цард рæсугъддæр уæд.

Агуыбе бирæ уарзта царды рахæцæнты – æвзаг æмæ æгъдау. Ног азон арфæтимæ фæдзæхсы йæ Ирыстоны, Иры дзыллæйы;

Сæйрагдæр та-æдзух уæ удтау уарзут

Ирон æвзаг! Уæхи йыл хъарут тынг.

Ирыстонæн йæ уд у уый, йæ хъару,

Куы цæра уый – нæ ахуысдзæн уæ зынг.

 

Йæ дуджы уылæнтæм кæсгæйæ, автор хорз æмбæрста, цардыуаг цы уавæры ис, уый. Æмбарын æй кæны йæ адæмæн, кæны сæ фæдзæхсгæ дæр:

 

Тæхы уæ сæрмæ карз рæстæг фæдисæй,

Сымахмæ ‘взæрæй макуы дарæд бар.

Цæрут æнгомæй, ма скæнут уæхицæн

Æрцæуæггагæй макæдбон æлдар.

 

Ног азы къæсæрыл Агуыбе æппæт йæ фæндиæгты фæдзырдта, спайда ма кодта куырыхон Къостайы ныхæстæй дæр – кæрцæн йе ‘мпъузæн йæхицæй хъуамæ уа.

Домы сæ, йæ сæйраг бæллицц та у:

Цæрут ныфсхастæй, макуы ут æгуыдзæг,

Нæртон лæгау уæд уе ‘мдзæрин æхсар! –

Кæны уын арфæтæ Агуыбе –

Уæхи æмтуг, уæ иузæрдыг хæлар!.

(æмдз. «Ногазон арфæтæ»).

 

Поэты царды бонтæ цъус уыдысты, бирæ литературон бынтæ йын нæ баззад, фæлæ нæм дзы цы ис, уыдон хæрзгъæд сты. Цæмæ бавналы, уый йын бантысы бакæнын. Рæхсы цардæй темæтæ исынмæ, уыдон фæдыл йæ зæгъинæгтæ снывæндынмæ.

Аккаг бынат æрцахста йе сфæлдыстады уарзондзинады лирикæ. Уарзæгой удты сагъæстæ, бæллицтæ, зæгъинæгтæ – реалонæй сæ æвдисы автор.

Йе ʻмдзæвгæ  «Н-мæ»-йы лирикон хъайтар ныхас кæны, иухатт кæй федта, мыдгъуыз цæстытæ кæмæн уыд, ногæй фембæлынмæ кæмæ бæллы, уыцы чызгимæ. Уый куы уа, уæд.

Фестъæлфыд дæуæн дæр уæд дæ туг,

Сусæг уарзтæй нал кæныс хуыдуг.

Уадзиккой мыдгъуыз цæстытæ арт,

Уарзты номæй бахæриккам ард.

 

Уыцы темæ рæсугъддæр æмæ бæстондæрæй автор æвдисы æндæр æмдзæвгæйы дæр –  «Цæуыл мæм тæргай дæ, Надинæ», зæгъгæ, уым.

Поэт уæздан æмæ хиуылхæцгæйæ ныхас кæны йæ уарзон Надинæимæ, кæй йæм нал фыссы фыстæджытæ, уый фæдыл. Чи зоны дын рæстæг нæй, науæд та дæхи министры бынаты сæвæрдтай.

Æвзонг удты сагъæс æмæ тырнындзинæдтæ автор дарддæр фæлгъауы æмдзæвгæ «Кæддæр мæ уырныдта»-йы. Кæддæры уарзондзинадæн абон йæ ахуырст кæй ссыд, уыдæттæ ныр мысы усгур лæппу æмæ йæ зæгъгæ дæр кæны:

Ныр ахауд мæ удæй

Æууæнчы ныфс, ахауд,

Нæ уарзт ма ысног уа,

Нæ уырны уый мæн.

 

Поэты уарзондзинад егъау у цардмæ, федта йын йæ фæзилæнтæ, бахауд сæ уылæнты, циндзинадимæ дзы федта бирæ сау бонтæ, тухитæ æмæ хъизæмæрттæ, сæ хæдзарвæндаг рæстæй куыд бабын, хæдзарвæндаг знæгты номхыгъдмæ куыд бахауд. Æргомæй йæ зæгъы поэт:

Уымæн æмæ царды

Бавзæрстон фыдбонтæ, –

Хæдзары уæз хастон

Раст цыма æргъом.

(æмдз. «Уарзын æз нывæндын»).

 

Поэт йе ‘мдзæвгæтæй иуы схуыдта «Цыбыр хъуыдытæ». Конд у æдæппæтæй 5 куплетæй. Алы куплет дæр дзы дзуры поэты сагъæстæ æмæ рæсугъд фæндтыл.

Агуыбе Дзомагъмæ цыд рæстæггай, йæ сæры магъзы-иу ленк кодтой алыгъуызон хъуыдытæ. Уыдоны баста боныгъæдимæ, рæстæджы комулæфтимæ: мигъджын бонтæ, зынг хуры цæст, цъæх сыфтæртæ – бирæ сæ уарзы, алы хатт дæр æм йæ зæрдæ афтæ дзуры:

 

Цъæх сыфтæрты ‘хсæн уæртæ

Уæлдæфон рудзынг – гом

Ыскалы дзы цæхæртæ

Дæ хурæнгæс цæсгом.

 

Ацы æмдзæвгæйы дæр æргом у поэты ныхас Ирыстонмæ, Дзомагъмæ цæугæйæ йæм бирæтæ æцæгæлон цæстæй кæй кастысты, бирæ кæй уарзта, æрвылбон уарзондзинад кæмæн хъардта, уыцы чызг дæр æм йæ чъылдым кæй фездæхта, фыстæджытæ дæр æм кæй нал æрвиты.

Кæронбæттæны цы зæгъæн ис; стыр хъару æмæ курдиаты хицау уыд Агуыбе. Æвзонгæй йæхи аппæрста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цæхæрмæ. Сыздæхт дзы уæлахиздзауæй, фæцард æмæ фæкуыста Тбилисы, нæ бафсæст йæ адæм æмæ Ирыстоны уындæй. Фæфыста сыл зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Цалдæр æмдзæвгæйы дзы иронмæ стæлмац кодтой нæ зынгæ поэттæ: Хъодалаты Герсан, Миндиашвили Серго, Плиты Феликс æмæ Гобозты Валери.

Æрдхæрæн уыд йæхæдæг дæр тæлмац кæнынмæ, фылдæр йæ тыхтæ радта Есенин Сергеймæ, фæлæ йын нæ бантыст йæ бæллицц сæххæст кæнын.

Ацы бонты Агуыбейы райгуырдыл æххæст кæны 100 азы. Революцийы фæдисон Плиты Ароны фырт Агуыбе мысинаг у махæн, цæмæй йæ зоной йæ фæстагæттæ, цæмæй йæ хатой, уый дæр нæртон зиууон кæй у Плиты мыггаджы фысджыты ‘хсæн.

 

 ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл

                                                премийы лауреат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.